Цхинвалы 6-æм астæуккаг скъолайы цы 8357-æм æвзарæн фадыг уыд, уым æртæ боны дæргъы æнкъардæуыд бæрæгбонон зæрдæйы равг. Скъолайы фойейы стъолтыл æвæрд уыдысты ахуыргæнинæгтæ «Урсыкъуыри»-йы сæраппонд цы лауызтæ сфыхтой, уыдон æмæ арфæйы ныхæстимæ  æвзарджыты уазæг кодтой лауызтæ, алыгъуызон фыхтæгтæ æмæ хъарм цайæ.  Афтæ  ма иннæ стъолы фарсмæ та лæууыдысты дыууæ ахуыргæнинаджы, чызджытæй иуыл конд уыд ирон дарæс æмæ иннæ чызгыл та – уырыссаг уæлæдарæс. Афтæ зынд, цыма уымæй дыууæ хæларадон бæстæ – Ирыстон æмæ Уæрæсейы адæмтæ ноджы æрбангомдæр сты.

Уымæй дарддæр ма скъолайы дирекци Гæззаты Юринæйы сæргълæудæй «Масленица» æмæ Уæрæсейы президентон æвзæрстыты цытæн сорганизаци кодтой концертон программæ. Хайад дзы райстой 7, 8, 9, 10-æм кълæсты ахуыргæнинæгтæ. Сабаты, æвзæрстыты дыккаг бон æвзæр боныгъæдмæ нæ кæсгæйæ, уыдон скъолайы кæрты сæххæст кодтой ирон кæфтытæ, азарыдысты зарджытæ. Скъоладзаутæ ма акафыдысты кафт Ирыстон æмæ Уæрæсейы национ уæлæдарæсы, куыд дыууæ адæмты символ, афтæ. Æмæ афтæмæй хъæлдзæг кодтой æвзарджыты.

«Куы нын фехъусын кодтой, зæгъгæ, не скъолайы æвзарæн фадыг уыдзæн, уæд аскъуыддзаг кодтам æвзарджытæн бæрæгбонон зæрдæйы уаг æвзæрын кæнын. Скъоладзаутæ дæр стыр разæнгардæй рахæцыдысты ацы хъæппæрисы фарс. Мах сорганизаци кодтам концертон программæ ирон кæфтытæ æмæ зарджытимæ не скъолайы коллективты хайадистæй. Уæрæсе у нæ республикæйы сабырдзинад æмæ стабилондзинады гарант. Уæрæсе у тыхджын паддзахад æмæ нæ фæнды, цæмæй суа ноджы тыхджындæр. Уæд нæ хæствæллад Хуссар Ирыстоны алцыдæр уыдзæн хорз. Ацы æвзæрстытæ махæн дæр тынг ахсджиаг сты», – банысан кодта Гæззаты Юринæ.

Не ‘мбæстæгтæ хъæлæс кæнынмæ цыдысты активонæй. Æвзарæн фадыджы сæрдар Алексей Попов куыд банысан кодта, афтæмæй сæм ницы бархалынады цаутæ уыд. Æвзарджытæ, зæгъ, хъæлæс кæнынмæ цæуынц райзæрдæйæ. «Йе ‘нæниздзинадмæ гæсгæ йæ бон æвзарæн фадыгмæ æрбацæуын кæмæн нæу, уыдонмæ та къамисы уæнгтæ цæуынц хæдзæрттæм æмæ афтæмæй хъæлæс кодтой», – загъта уый.

Банысан кæнын хъæуы уый дæр, æмæ æвзарæн фадгуытæм не ‘мбæстæгтæй бирæтæ кæй цыдысты æнæхъæн бинонтæй, афтæ организацитæ æмæ куыстуæттæ дæр. Фыццаг хатт хъæлæс радта ХИПУ-йы уырыссаг филологийы факультеты 2-æм курсы студенткæ Тедеты Аннæ дæр. «Тынг æхсызгон мын у, Уæрæсейы президентон æвзæрстыты хайад кæй райстон, уый», – загъта æвзонг чызг.

ДЖИОТЫ Екатеринæ

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.