Ирон адæмæн сæ цардыуаг æндæр у, фылдæр сты сæ хæстæ. Мах хуызæн никуы нымайынц мыггаг, сыхаг, суанг дард хион, къабæзты дæр. Нæ хæстæ дæр уымæн бирæ сты. Ирон адæмы тынг бадомдта цæрæнбонты æгъдау кæнын, фæлæ нæ традицитæ куы ферох кæнæм, нæ национ хиæмбарынад нæм куынæуал уа, не ʻвзаг, нæ истори куынæ уал нымайæм, уæд мах иннæ адæмтæй ницæмæй уал хицæн кæндзыстæм, æмæ нæ армыдзаг адæм дунейы стыр тыгъдады фесæфдзысты.

Ирыстоны иууыл стырдæр æмæ кадджындæр мыггæгтæй сты Хуыгаты – Сланты мыггæгтæ. Кæй зæгъын æй хъæуы, æз мæхимæ нæ исын кæйдæр мыггаджы равзæрдыл дзурыны хæс, фæлæ бæрæг куыд у, афтæмæй бирæ æнустæ æмæ цæлхдурты сæрты рахызтысты Хуыгатæ – Слантæ дæр. Йæ равзæрдæн та, алы мыггæгтау, ис цалдæр варианты.

Таурæгътæ нæм се ʻппæт дæр æрхæццæ сты æнусты сæрты фæлтæрæй-фæлтæрмæ æмæ алцæмæй бынтон раст уой, уымæн уæвæн нæй. Мæнæ цы фыста Джусойты Нафи уый тыххæй 1996 азы газет «Рæстдзинад»-ы 76 номыры:

«Таурæгътæ хъуыддаг алы хуызы кæй æвдисынц, уый ууыл дзуры, æмæ иу бæлвырд историон рæстдзинад не ʻвдисынц æмæ не сты. Мæ хъуыды у ахæм: мыггагон таурæгътæ фольклоры информацион жанры уацмыстæ сты æмæ сын нæй историон факттыл нымайæн. Ис сæм историон рæстдзинады комулæфт, фæлæ истори не сты. Мæ нымадæй, ахæм цæстæй кæсын хъæуы мыггаджы таурæгътæм се ʻппæтмæ дæр».

Нафийы ныхас, мæнмæ гæсгæ, раст у. Иунæг таурæгъы дæр бынтон бæлвырд фактыл банымайæн нæй.

Фæлæ, ныртæккæ кæй кой кæнæм, уыцы мыггаджы кæцыфæнды варианты дæр Хуыга æмæ Слан уыдысты æфсымæртæ æмæ абон сæ цот нымад сты бынтон æввахс æрвадæлтыл. Ацы фæрнджын мыггаг иу къухы æнгуылдзтау куыд æрбатымбыл сты æмæ Ирыстоны цардуаджы алы къабазмæ дæр стыр бавæрæн куыд бахастой, уый алкæй къухы не ʻфты. Ацы мыггæгтæй уыййас зындгонд адæм рацыд, æмæ нæ чысыл æрмæджы се ‘ппæтыл дзурыны фадат нæй. Æрмæст нæ лæппутæ Хуыгаты Валери æмæ Сланты æртæ æфсымæры Вячеслав, Валери æмæ Валодя цы хъæбатырдзинæдтæ равдыстой, уымæй æнæмæлгæ кад скодтой канд сæ мыггæгтæн нæ, фæлæ æнæхъæн Ирыстонæн дæр. Ныр дæр Украинæйы сæрмагонд операцийы, Фыдыбæстæйы сæрвæлтау, сæ цард радтой аст лæппуйы Хуыгатæй, æртæ – Слантæй. Иннæтæ дарддæр тох кæнынц знаджы ныхмæ. Адонæй иу цалдæрæй хорзæхджын æрцыдысты паддзахадон хæрзиуджытæй, бирæтæ – сæ мæлæты фæстæ.

Фыдыбæстæйы Стыр хæсты рæстæджы дæр дыууæ æрвадæл мыггаджы минæвæрттæ хъæбатырæй тох кодтой знаджы ныхмæ æмæ сæ фылдæр æнустæм баззадысты хæсты быдыры.

Фæлæ, цæмæй ме ʻрмæг æгæр ма ныддæргъвæтин уа, уый тыххæй уал абон мæ ныхасы сæр у æрмæст Хуыгатыл. Ацы мыггаджы уыййас нымад адæм ис, уыййас хæрзты бацыдысты Ирыстонæн æмæ сæ алкæуыл дæр хицæнæй чиныг ныффыссæн ис. Нæй фадат се ʻппæты кой ракæнынæн, фæлæ дзы цалдæры тыххæй зæгъдзынæн: Ногиры бындурæвæрджытæй иу Доменти, зынгæ фысджытæ Хуыгаты Сергей, Уасил, Артур, фыссæг, филологон зонæдты доктор Ирлан, Хуссар Ирыстоны Хицауады раздæры сæрдар Герасим (Резо), Самарæйы арæзтадон компанийы бындурæвæрджытæ Ростислав æмæ Ирбег, Уæрæсейы адæмон артист, зынгæ режиссер Геор, æхсæнадон архайæг Хаджумар, РЦИ-Аланийы адæмон артисттæ Сурен, Анатоли, оперон зарæггæнджытæ Аркадий, Ибрагим æмæ бирæ æндæртæ. Ацы мыггаг стыр æвæрæн бахаста спорты, æхсæнады, медицинæйы, сæудæджерады, аивады, культурæйы æмæ бирæ æндæр къабæзтæм. Хуыгатæм æрмæст олимпаг æмæ параолимпиаг чемпионтæ ис фондз.

Ирыстоны æрмæст цалдæр мыггагæн ис Ныхастæ. Ам дæр та Хуыгатæ – Сланты мыггæгтæ цæвиттойнаг сты æндæртæн. Сæ Ныхас «Слан-Хуыга» стыр куыст кæны канд мыггаджы иудзинады тыххæй нæ, фæлæ Ирыстоны хæрзæбонæн. Хуыгаты мыггаджы советæн разамынд дæтты Хуыгаты Батрадз, Слантæн – Сланты Олег. Дыууæ мыггаджы иумæйаг Ныхасæн та – Хуыгаты Спартак. Уый, Ныхасы уæнгтæн сæ фылдæрæй кæд кæстæр у, уæддæр куыст бæрзонд æмвæзадмæ систа. Фыццаджыдæр, скодтой фонд æмæ йæм æдзух се ʻххуысы хай хæссынц мыггаджы амалхъомтæ. Уыцы фæрæзтæ цæуынц мыггаджы рынчын, сидзæр, æххуысхъуаг адæймæгтæн æххуысæн. Цалдæр хатты гуманитарон æххуыс арвыстой Украинæйы сæрмагонд операцийы архайджытæн. Уырдæм æдзух стыр æххуыс æрвиты йæхи æмæ мыггаджы номæй самарæйаг амалхъом, меценат, ирон диаспорæйы сæрдар Хуыгаты Ростислав. Уый ахадгæ æххуыс æрвиты мыггаджы иумæйаг фондмæ дæр æмæ дзы стыр бузныг сты йе ‘рвадæлтæ. Тыхст адæймагæн æххуыс куы бахъæуы, уæд Спартак фæсиды мыггагмæ, цæмæй иумæйаг фондмæ кæмæн йæ бон цы у, уыцы æххуыс бахæссой.

Украинæйы сæрмагонд операцийы чи фæхъуыд, уыдонæн сæ ном сæнусон кæнынæн аразынц æппæт мадзæлттæ. Сæ хъæппæрисæй æрæджы, Тарскæйы кæм цард, уыцы хæдзары къулыл мемориалон фæйнæг æвæрд æрцыд, хъæбатырæй чи фæмард, уыцы æрыгон лæп­пу Хуыгаты Асланæн. Сæвæрынмæ цæттæ сты Хуыгаты Хаджумар æмæ Сурены мемориалон фæйнæджытæ. Æрвылаз дæр Уæлахизы бæрæгбоны мыггаджы минæвæрттæ «Æнæмæлгæ полкъ»-ы транспарант «Слан-Хуыга»-имæ рахæссынц Фыдыбæстæйы Стыр хæсты ветеранты портреттæ. Ныр ма сæм бафтыдысты Украинæйы сæрмагонд операцийы архайджыты портреттæ дæр. Уыдон арæх конд æрцæуынц горæты уынгты баннертыл дæр.

Хъæппæрисджын къорд æмæ активисттæ æрвылаз дæр базилынц, Алханчурты сын цы кувæндон ис, уыцы Чъырын-дзуармæ. Дзуары алфамбылай сæ хъæбатырты номыл ныссагътой талатæ. Уыцы кувæндон, зæгъæн ис, кæстæртæн у хъомылады скъола. Уым хистæртæ фæсивæдимæ зæрдæйæ-зæрдæмæ фæныхас кæнынц. Бацамонынц сын, алы уавæрты сæхи куыд хъуамæ дарой, хорз æмæ æвзæр цы сты, чи рæдийы, уымæн йæ ных бакъуырынц æмæ бирæ æндæртæ. Фæсивæдæн ма арæх саразынц спортивон ерыстæ, «Зилахар», зæгъгæ, ахæм номимæ. Ирон æгъдау æмæ хи дарыны амынддзинæдтимæ Стыр Ныхасы рауагътой брошюрæ «Фæдзæхст – ирон кады номыл», – зæгъгæ. Уæдæ арæзт цæуы мыггаджы чиныг дæр, кусы йыл Хуыгаты Ирлан. Мыггаджы минæвæрттæ стыр кад скодтой сæ кадджын хистæр Хуыгаты Сергейæн йæ 90 азы юбилейы рæстæджы. Йæ ном ын ссардтой зынаргъ лæвæрттæй æмæ йын скуывтой æртæ чъирийæ.

Мыггаджы Ныхасы уæнгтæ бацæттæ кодтой сидт Паддзахадон Думæмæ, цæмæй дыууæ Ирыстоны баиу кæнынæн баххуыс кæной.

Мыггаджы активисттæ цас сарæзтой æмæ аразынц, уыдон нымайынæн бирæ рæстæг хъæуы. Сæ алы архайдæн дæр йæ нысан здæхт у мыггаджы иудзинад сфидар кæнынмæ æмæ Ирыстоны хæрзæбонæн исты ахъаз фæуынмæ.

Мыггаджы иудзинад аразгæ у иу адæймагæй дæр. Куы дæ феной, зæрдиагæй архайыс, уæд, æнæмæнг, дæ фарсмæ исчи æрбалæудзæн.

«Ирон лæг фыццаджыдæр хъуамæ уарза йæхи мыггаг æмæ архайа ууыл, цæмæй йæ ма фæхудинаг кæна. Æндæр мыггæгтæ, махмæ амонгæйæ, хъуамæ дзурой, куыд хорз, æнгом сты, зæгъгæ. Иу михыл кау ничи бийы. Æз иунæгæй ницы саразин, мæ фарсмæ æххуысгæнджытæ куынæ уаид, уæд. Кæддæриддæр Ныхасы активисттимæ архайæм æмвæндæй. Кæмæн йæ бон цæмæй у, уымæй йе ʻххуы­сы хай хæссы иумæйаг куыстмæ», – дзуры мын Ныхасы сæрдар Хуыгаты Спартак.

Спартак æрмæст дзургæ нæ кæны, фæлæ йæ уарзт йæ мыггагмæ æвдисы хъуыддагæй. Комунистты раздзог уæвгæйæ, ссары рæстæг кусынæн. Уыцы стыр мыггаджы æрбангом кæнынæн стыр хъару хъæуы. Уæдæ сæм фæндтæ дæр бирæ ис. Зæгъæм, мыггаджы ивгъуыд æмæ абон чи ʻвдисдзæн, ахæм журнал уадзын; саразын мыггаджы бæлас æмæ йæ чиныгмæ бахæссын; сæ мыггаджы къона Къуайсайы стыр куывд скæнын æмæ йæм алы рæттæй  ирæтты фæхонын; ирон адæмы съезды фæсидын, цæмæй алчидæр мыггаджы Ныхастæ сараза æмæ бирæ æндæр фæндтæ.

Мыггаг йæ хорз лæгтæй кадджын у, хорз мыггæгтæ та Ирыстоны бындур сты. Ирон уæвгæйæ йæ фыдыбæстæ, йæ истори, йе ʻвзаг, йæ дин, йæ мыггаджы чи нæ уарзы, уый ирон лæг нæу. Ахæмæн нæй мард, дзуар, ивгъуыд, фидæн… Уæлдай арфæйагдæр у уыцы адæймаг, уыцы уарзт Ирыстоны фарн æмæ фидæнимæ чи бæтты. Кæцыфæнды мыггаджы дæр Хуыгаты Спартакы хуызæн кæстæртæ куы уа, уæд сын тас нæу. Кæддæриддæр сæм уыдзæн æнгомдзинад. Хуыгаты Ирлан уымæн загъта: «Махæн ахæм Спартак ис, æмæ алкæйы дæр куыстыл бафтыдта». Уый йæхицæн ницы агуры, архайы, цæмæй мыггаг æнгом æмæ фæрнджын уа.

Ирон адæймагæн йæ мыггаг йæ туг, йе стæг у, йæ фарн та æнустæм амайгæ мæсыг у, æмæ дзы иу дур дæр чи бавæра, уый арфæйаг хъуыддаг аразы…

                                                            ДЖУСОЙТЫ  Нинæ

 

АБАЙТЫ Эдуард

«ФÆЛÆ ИРЫСТОН ДÆР МАХÆН У ИУ»

1992 азы Карцайы клубы хъулгъайы Фыдгæнджытæ ирон

     амынæты æхсын куы райдыдтой, уæд ногираг Хуыгаты

     Валери йæ риуæй бамбæрзта æрыгон лæппуйы, æз

     дæуæй хистæр дæн æмæ ды аирвæзай, зæгъгæ, нæмыг

     йæхимæ райста.

 

Хойы зæрдæ, дам, фæзæгъынц – æфсымæрмæ,

Иунæг лæппу, дам, дæ, хъахъхъæн дæхи.

Иунæджытæ, дам, Ирыстоны бирæ ис,

Фæлæ Ирыстон дæр махæн у иу.

 

Стæй мын мæхи зæххыл, мæ хо, цæмæй тæрсыс,

Хицау нын чи у нæхи зæххыл та?

Ацы тыхст рæстæг, фæныкгуызау, фæныкæй

Къусбæрттæ кæнын йæ зæрдæ куымдта?

 

Сагфисынтыл амад сагартæн саглæгау

Цæхæрмæ хаста æдзухдæр йæ риу.

Иунæджытæ, дам, Ирыстоны бирæ ис,

Фæлæ Ирыстон дæр махæн у иу.

 

Сау æмбисондхæссæн фæуой дæ фыдгултæ,

ʻМбисонд дыл ахæм кæй тыххæй æрцыд!

Туг æмæ рондзæй фæкалой нæ дзæбæхтæ!

Ма ракæн хорз, мæ, дам, ма ссарай фыд…

 

 

Уарзтай кæстæриуæг æмæ, дам, алыхатт

Дæ азтæй æппаргæ куы кодтай, мæ цард…

Фæлæ сæм бахъуыди ацы хатт бафтауын,

Хистæриуæг дæм фыццаг хатт æрхауд.

 

Балуæрстай де знæгты нæмгуыты знæт цæхæр,

Бецау, дæ риуы сыхырнайæ ды.

Иу нæ фæдисы хъæргæнæг уæддæр фæуа,

Гъе ʻндæр мæлæтыл нæ кодтай хъуыды.

 

Нʻ ахъуыды кодтай дæ хойы ныхæстыл дæр,

Иунæг лæппу, дам, дæ, хъахъхъæн дæхи.

Иунæджытæ, дам, Ирыстоны бирæ ис,

Фæлæ Ирыстон дæр махæн у иу…

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.