Фæстаг дзæнгæрæджы бæрæгбоны цытæн æгас республикæйы рауагъдонтæн æртыццæджы изæрæй Театралон фæзуаты организацигонд æрцыд традицион концерт. Ардæм æрцыдысты районты скъолатæй дæр. Бæрæгбонон концерт бацæттæ кодта Цхинвалы администраци.

Уыцы бон уарыд къæвда, фæ-лæ хъæлдзæг фæсивæдæн сæ фæсоны ‘рхæджы дæр нæ уыд, цин кодтой се ‘взонгады цытджын бæрæгбоныл æмæ арфæ кодтой сæ кæрæдзийæн скъола каст фæуыны сæраппонд. Рауагъдонтæ сæ скъолайон уæлæдарæсы, афтæмæй тезгъо кодтой горæты централон фæзуаты æмæ зæрдылдарынæн истой сæ къамтæ дæр. Рагæй фæстæмæ баззад рауагъдонты ахæм хъæлдзæг традици – скъола каст куы фæвæййынц, уæд зæрдылдарынæн се скъолайон формæйыл ныффыссын кæнынц арфæйы æмæ хъæлдзæг ныхæстæ. Уыцы рæстæджы бирæтæ бауæндынц куыд сæ ахуыргæнджытæм, афтæ чиновниктæм дæр. Æвзонг чызджыты æмæ лæппуты бæллиц кæддæриддæр вæййы уый, цæмæй сæ ахуыргæнæн формæйыл фыст æрцæуой алыгъуызон фæндиæгтæ. Бирæ-тæн бантыст Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент Гаглойты Аланмæ сæ формæтæ бахæссын, цæмæй-иу ын йæ къухфыстæй арфæтæ райстаиккой. Ныр-иу уыдон сæрыстырæй æрхъуыды кæндзысты ацы рæстæг.

Бæрæгбонон концерт – рауагъдонты номыл

Концерты рауагъдонтæн сæ зарджытæ балæвар кодтой нæ республикæйы популярон зарæггæнджытæ Тасойты Игорь, Саппиаты Залинæ, Харебаты Вадим, Икъаты Миленæ, вокалон проект «Зарæг»-ы хайадисджытæ, афтæ ма сценæйыл сæ арæхстдзинад равдыстой хореографион къорд «Ирон» æмæ æндæртæ.

Фæстаг дзæнгæрæджы боны цытæн рауагъдонтæн раарфæ кодта Президент Гаглойты Алан дæр. Уый банысан кодта, ацы бæрæгбон фæсивæдæн кæй у ахсджиаг æмæ йæ алчидæр бирæ азты дæргъы йæ зæрдыл кæй дардзæнис, уый. «Абон мæн фæнды сымахæн уæ царды ахсджиаг цауы тыххæй хорз фæндиæгтимæ раарфæ кæнын. Сымах нырæй фæстæмæ ныллæудзыстут уæ царды ног фæндæгтыл, алчидæр уæ равзардзæнис йæхи фæндаг æмæ уын мæ зæрдæ зæгъы, цы царды фæндæгтæ равзарат, уыдоныл цæмæй æнтыстджынæй цæуат размæ сæрбæрзондæй. Уæ разы кæддæриддæр æвæрут ног хæстæ æмæ сæм тырнут сæ сæххæст кæнынмæ. Фæнды мæ, цæмæй сымахæн абонау уæ цард цæуа хъæлдзæг æмæ райдзастæй. Уæ дарддæр ахуыры уын уа æнтыстытæ æмæ Ирыстоны кад хæссат бæрзонд», – загъта бæстæйы сæргълæууæг.

Концертон программæйы фæстæ ма рауагъдонтæн организацигонд æрцыд дискотекæ дæр, архайдта дзы диджей Æлборты Ацæмæз.

ЦХУЫРБАТЫ Ларисæ

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.