Президент Гаглойты Алан раарфæ кодта Æппæтдунеон æхсæнадон змæлд «Иры Стыр Ныхас»-ы сæрдары хæстæ æххæстгæнæг Еналдыты Хъазбегæн «Иры Стыр Ныхас»-ы 30 азон юбилейы цытæн.

Арфæйы фыстæджы дзырдæуы:

«Цытджын Еналдыты Хъазбег!

Зæрдæбынæй уын арфæ кæнын Стыр Ныхасы юбилейы цытæн!

Ацы организаци сырӕзт дыууæ Иры номдзыд æмбæстæгты удуæлдай архайды руаджы. Йæ сæйраг нысæнттæй иу у Хуссар æмæ Цæгат Ирыстоны адæмы æрбаиу кæнын, цæмæй иумæ аразæм нæ сомбон æмæ скъуыддзаг кæнæм не ‘хсæнады проблемæтæ.

Стыр Ныхас йӕ сырӕзтӕй фӕстӕмӕ архайы фӕсивӕды раст фӕндагыл бафтауыныл, ирон ӕгъдӕуттӕ ӕмӕ традицитӕн сӕ раздӕры кад ӕмӕ нысаниуӕг раздахыныл, районты, сыхты ӕмӕ мыггӕгты Ныхастӕ аразыныл.

Ӕмӕ афтӕ хъуамӕ уа нырӕй фӕстӕмӕ дӕр. Махӕн нӕй уазал цӕстӕй кӕсыны бар Ирыстон ӕмӕ ирон адӕмы раз лӕууӕг проблемӕтӕм.

Махӕн ис кӕстӕртӕ, уыдон сты нӕ царды сӕйраг нысан, нӕ фидæны ныфс. Мах хъуамӕ уыной кусгӕ, архайгӕ. Ӕрмӕстдӕр сӕ афтӕмӕй бауырндзӕн, сӕ хъысмӕт нын кӕй у ӕппӕтӕй ахсджиагдӕр. Ӕрмӕстдӕр сӕм ахӕм хуызы раздахдзыстӕм ирондзинад дӕр ӕмӕ сомбоныл ӕууӕндындзинад дӕр. Ӕмӕ хистӕрӕй кӕстӕрмӕ та нӕ иууыл бӕрзонддӕр ӕмӕ табуйагдӕр хӕс хъуамӕ уа ирон адӕмы ‘хсӕн иудзинад ӕмӕ ӕфсымӕрдзинад тауын.

Мæ зæрдæ уын зæгъы амонд, фидар æнæниздзинад æмæ дарддæры æнтыстытæ нæ уарзон Ирыстоны хæрзæбонæн!»

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.