«Спутник Хуссар Ирыстон»-ы пресс-центры Фæлхасадон хъусдарды фæдыл комитеты сæрдар Коцты Маринæ æрдзырдта хæцгæ низ фадынæджы профилактикон мадзæлттыл.

«Куыд зонæм, афтæмæй ныртæккæ Уæрæсейы регионты тынг апарахат ацы хæцгæ низ. Уыцы низæй фæрынчыны цаутæ ис Цæгат Ирыстон-Аланийы. Махмæ та регистраци æрцыд æртæ ахæм цауы. Рынчынтæ сдзæбæх сты æмæ ныртæккæ сты сæ хæдзæртты. Фадынæг у бæрзонд контагиозон инфекцион вирус. Æнæниз адæймагыл бахæцы рынчын адæймагæй. Рынчынæн йæ тæвд схизы 40 градусы онг, уæллаг улæфæн органтæ срæсийынц, сур хуыфт фæкæны адæймаг. 2-3 боны фæстæ буарыл фæзыны сырх тæппытæ. Фадынæджы инкубацион рæстæг у 10-14 боны. Иууыл тынгдæр тæссаг у рынчынтæн 8 боны фæстæ. Ацы низы ныхмæ нырма ницы спецификон хос ис. Æнæуи, фылдæр нымад цæуы сывæллæтты инфекцийыл, фæлæ дзы хистæр кары адæймæгтæ куы фæрынчын вæййынц, уæд æй бирæ зындæрæй сфæразынц», – радзырдта Коцты Маринæ.

Сæйраг санитарон дохтыр фæдзæхста фадынæг тæссаг кæй у æндæр уæззау низтæ расайынæн – пневмони, бронхит, гепатит, цæстыты низ. Фæхъыгдард вæййы нуæртты системæ дæр. Ацы тæссаг инфекцийæ хи æдас кæныны иунæг эффективон фæрæз у сывæллæттæн æмæ хистæр кары адæймæгтæн  фадынæджы ныхмæ вакцинæ скæнын. Вакцинæ организмæн фадат дæтты иммунитет бакусынæн. Цæрджыты 95 проценты бæрц вакцинацигонд куы æрцæуой, уæд æхсæнадмæ фæзындзæн коллективон иммунитет. Фæлхасадон хъусдарды фæдыл комитет æмæ Æнæниздзинад æмæ социалон райрæзты фæдыл министрад æмкуыст бакодтой ацы фарстыл. Тагъд вакцинæ æрхæццæ уыдзæн нæ республикæмæ.

Коцты Маринæ сиды нæ республикæйы цæрджытæм, цæмæй фадынæгæй фæрынчын уæвгæйæ, кæнæ рынчынимæ контакты бацæугæйæ æнæмæнг фехъусын кæной дохтырæн. Дохтыр рынчыны куы басгара æмæ анализтæ куы æрæмбырд кæна, уæд æнæрæдыдæй сæвæрдзæн диагноз. Рынчынæн æнæмæнг хъæуы симптоматикон æгъдауæй схос кæнын. Йемæ  контакты чи уыдис, уый та максималон æгъдауæй хъæуы изоляци скæнын. Нæй йæм гæнæн цæуын, йемæ æмбæлын. «Курæг уæ дæн, ма базивæг кæнут æмæ алчи дæр саразæд экстренон æгъдауæй вакцинæ», – загъта сæйраг санитарон дохтыр.

Уый ма лæмбынæг радзырдта цы амæлттæй тох кæнын хъæуы джыбыты хуызты ныхмæ. «Джыбыйы хуызтæ бирæ сты. Тæссаг сты фосæн дæр æмæ адæймагæн дæр. Бæрæг активондæр сты июнæй суанг октябры мæйтæм. Уымæн æмæ уыдонæн уæлдæфы температурæ 20 градусы хæрзвадат у. Ацы паразитæн йæ бон у апарахат кæнын бирæ низтæ. Низтæ та уайтагъд бахъыгдарынц нуæрттæ, зæрдæ, царм æмæ стджыты дæр. Мæлæтмæ æркæны цадæггай, тынг бандавы адæймаджы царды гъæдыл. Вæййы дзы амæлыны цаутæ дæр. Хъыгагæн, фæстаг азты горæты сарæх сты джыбытæ. Мах æрхуыдтам Ставрополы емынæйы ныхмæ институты цалдæр специалисты. Уыдон ныртæккæ сты фæндагыл. Мах амындмæ гæсгæ уыдон сбæлвырд кæндзысты Хуссар Ирыстоны джыбыты хуызтæ. Джыбыты хуызтæй иууыл тæссагдæр у энцефалитон. Кæд æмæ мах уæвæрты уыцы джыбы разына, уæд хъæудзæн профилактикон мадзæлттæ ауадзын», – загъта Коцты Маринæ.

Адæм се ‘нæниздзинадмæ хъуамæ хуыздæр дарой сæ хъус. Гом зæнгæй æрдзмæ æмæ бæрзонд кæрдæг кæм зайы, уырдæм нæ хъæуы цæуын. Джыбы фæагуры адæймаджы цармы æппæты тæнæгдæр бынæттæ æмæ уым бæстон ныххæцы. Хи хъæппæрисæй йæ сисынæн нæ хъæуы пайда кæнын никæцы методтæй. Гæнæн ис, джыбыйæн схауа йæ сæр æмæ уæд буары тынгдæр ауадзы йæ хъæстæ. Иууыл тæссагдæр у джыбы куы фæхæца хъæдгом бынаты. Цармы бын бауадзы рыстуромæн буарад æмæ нал фæриссы. Джыбыйы хæсты фыццаг симптомтæ райдайынц 2-14 бонмæ. Адæймаг ихæн кæнын райдайы, йæ тæвд цадæггай схизы 40 градусмæ. Кæд æмæ рынчын афоныл æрбацæуа дохтырмæ, уæд ын баххуыс кæнынц.

Коцты Маринæ ма дзырдта дзæгъæл куыйтæ æмæ инфекцион низ ковиды тыххæй дæр. «Уыцы фарстатæ махæн боны фæткы лæууынц æппынæдзух æмæ нæ бон куыд цæуы, нæ уавæртæ куыд сты, афтæ семæ тох кæнæм».

УАЗÆГТЫ Марфæ

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.