«Уыцы бон 31 азы размӕ райсомæй 33 бӕлццоны тохгæнæг Цхинвалæй сӕ фӕндаг дардтой Ирыстоны цӕгат хаймӕ. Алчидӕр сӕ йӕ мидзӕрдӕйы нывӕзта цардбӕллон фӕндиӕгтӕ. Ныфс сӕ уыд, рӕхджы сабырад кӕй ӕрбалӕудзӕн, фӕстӕмӕ кæй ӕрыздӕхдзысты сӕ мӕгуыр хӕдзӕрттӕм ӕмӕ дарддæр сæ царды амӕлттӕ кæй кӕндзысты. Куыддӕр ацы фӕзилӕнмӕ схӕццӕ сты, афтӕ сыл сӕ бон баталынг, ӕмӕ ӕваст…

Зары хъӕдӕй райхъуыст хъарӕг

Дымгӕ туджы тӕф хӕссы.

Уӕлӕ уӕлбылӕй лӕгмарӕг

Тугмондаг, бынмӕ ӕхсы,

Удхӕссӕджы зӕрдӕ райы,

Ахӕм у сырдӕн йӕ конд, 

Уӕлдӕфы сӕ хъӕрахст хъуысы

 Маргӕ – саби у, зӕронд!

Ахӕм ныхӕстимӕ мадзаламонӕг Плиты Серго байгом кодта трагедийы амӕттӕгты номыл мысӕн митинг.

Ардæм æрбацыдысты бæстæйы къухдариуæгад Президент Гаглойты Аланы сæргълæудæй, бӕстӕйы раздӕры сӕргълӕууӕг Тыбылты Леонид, министрадтæ æмæ уагдæтты минæвæрттæ, Хуссар Ирыстоны Уæрæсейы Федерацийы Æххæстбарджын минæвар Марат Кулахметов, трагедийы амæттæгты хиуæттæ.

Фыдохы мадзалы рæстæджы мадзаламонӕг каст, 31 азы размæ ацы бынаты цы сабырцæрæг æмбæстæгты ныццагътой, уыдон нæмттæ…

Мысæн митинг – трагедийы бынаты

Зӕлыд траурон музыкӕ, трагедийы амӕттӕгты номыл мемориалы размӕ бӕстӕйы къухдариуӕгад ӕмӕ мадзалы хайадисджытӕ номарынӕн хастой веноктӕ ӕмӕ дидинджытӕ.

Мысæн митинг – трагедийы бынаты

Бӕстӕйы сӕргълӕууӕг Гаглойты Алан фыдохы митинджы йӕ ныхасы банысан кодта, ацы бынаты 31 азы размӕ адӕймагады ныхмӕ цы ӕбуалгъ фыдракӕнд арӕзт ӕрцыд, уый нӕ зӕрдæты кæй баззад, чи нӕ дзӕбӕх кӕны, ахӕм хъӕдгомӕй. Ныр цалдӕр азы, зӕгъгӕ, ацы бынатмӕ цӕуӕм, цӕмӕй сӕ иумиаг цырты раз мысӕм сӕ рухс нӕмттӕ.

 «Гуырдзыйы агрессийы фӕстиуӕгӕн нӕ адӕм бирӕ зиӕнттӕ баййӕфтой. Мах ма хъуамӕ рох кӕнӕм 1992 азы 30 майы ацы бынаты цы трагеди ӕрцыд, уый. Нӕ истори нын бирӕ трагедитæ фенын кодта, кӕцытӕн нӕй ферохгӕнӕн, цӕмӕй нӕ фидӕны не ‘взонг фӕлтӕрыл ахӕм хъуыддӕгтӕ мауал ӕрцӕуой» – банысан кодта  Президент.

Гаглойты Алан зӕрдыл ӕрлӕууын кодта, ныртӕккӕ дӕр истори кæй фӕлхатт кӕны ӕмӕ нӕ хъӕбатыр лӕппутӕ Украинӕйы зӕххыл кæй тох кӕнынц неофашистты ныхмӕ. Бӕстӕйы сӕргълӕууӕг ӕрсидт кӕрӕдзи фарсмӕ ӕрбалӕууынмӕ, цӕмӕй не ‘взонг фӕлтӕр, нӕ кӕстӕртӕн райдзаст сомбон аразӕм. Уыимӕ иумӕ, зӕгъгӕ, хӕсджын стӕм, цы адӕм фесӕфтам, уыдоны  рухс нӕмттӕ ма рох кӕнӕм.

Абоны уӕззау трагедийы бон мысӕм ӕмӕ нӕ зӕрдыл дарӕм 1920 аз, Згъудеры уӕлмӕрды 13 Коммунары, 1992 азы 20 май, Ереды трагедийы 12 амӕттаджы, Беслӕны скъолайы 333 амӕттаджы, Стыр Фыдыбӕстӕйон хӕсты ӕмӕ Уӕрӕсейы Федераци Украинӕйы зӕххыл цы сӕрмагонд ӕфсӕддон операци цæуы, уым чи бабын, уыдоны. Сæ рухс нӕмттӕ сын ссарыны тыххӕй мадзалы хайадисджытӕ лӕууыдысты ӕрхуым ӕмӕ сӕркъулӕй.

Ацы уӕззау бон Хуссар Ирыстоны адӕмимӕ иумӕ дих кӕнынц ӕфсымӕрон Цӕгат Ирыстоны адæм дӕр. Фыдохы мадзалы хайад райстой ӕхсӕнадон змӕлд «Ирӕтты Уӕлдӕр совет»-ы сӕрдар Еналдыты Хъазбег ӕмӕ Цӕгат Ирыстоны Ветеранты советы сӕрдар, Хуссар Ирыстоны зӕххыл фидыдад бахъахъхъӕныны фӕдыл Æмхӕццӕ фидауынгӕнӕг тыхты ирон баталоны раздӕры командӕгӕнӕг Фриты Хъазбег.

Цӕгат Ирыстоны-Аланийы сæргълæууæг Сергей Меняйлойы мӕсӕллӕйы ныхӕстӕ ацы боны фӕдыл ракодта Еналдыты Хъазбег ӕмӕ банысан кодта, Ирыстоны хуссар ӕмӕ цӕгат хайӕн сæ цин дæр æмæ сæ хъыг дæр иу кæй у. Ныр 31 азы мах иу кӕны нӕ иумæйаг рыст, уал азы цӕуӕм ацы бынатмӕ нӕ хуссайраг ӕфсымӕртимӕ иумӕ. Мах, зӕгъгӕ, никуы ферох кӕндзыс-тӕм ацы трагедийы ӕнӕаххос амӕттӕгты нӕмттӕ. Уыдон баззайдзысты Ирыстоны историйы азфысты.

Уый æрсидт Ирыстоны дыууӕ хайы адӕммӕ, нӕ фидӕн, нӕ хъысмӕт нӕхи къухы кӕй ис, ӕмӕ йыл нæхæдæг кӕй хъуамӕ хъуыды кӕнӕм. Уый тыххӕй хъуамӕ уӕм ӕнгом, кӕрӕдзийы фарсмӕ ӕмӕ гӕнӕн уӕвгӕйӕ саразӕм ӕппӕтдӕр нӕ адӕмы райдзаст фидӕны сæраппонд.

«Трагедийы амӕттӕгты ном цӕрдзӕн, цалынмӕ мах кадимӕ цӕрӕм, цалынмӕ сын сӕ ном хъуыды кӕнӕм ӕмӕ уыцы куы-рыхон ӕгъдау макуы ахауӕт нӕ къухтӕй», – банысан кодта ныхасгӕнӕг.

Зары трагедийы амӕттӕгты хиуӕтты номӕй мадзалы раныхас кодта республикæйы сӕйраг санитарон дохтыр Коцты Маринӕ. Уый бузныджы ныхӕстӕ загъта бӕстӕйы разамынадӕн ӕмӕ ӕрвылаз ацы бынатмӕ чи ӕрбацӕуы ӕмӕ ацы бынаты чи фӕмард, уыдоны нӕмттӕ мысынӕн хъӕуӕг ныхӕстӕ чи ссары, уыдонӕн.

«31 азы размӕ ацы бынаты рацыд ирон туджы зӕй. Нӕ хуссайраг сыхӕгтӕн фаг нӕ уыд, уӕды онг цы ӕнӕаххос туг ныккалдтой, уый, ӕмӕ ацы фӕзилӕны бабадтысты хӕстон горӕтӕй цы лигъдӕттӕ лыгъд, уыдон размӕ. Иу уысммӕ мах фесӕфтам не ‘ввахс хиуӕтты – нӕ хоты, ӕфсымӕрты, фыдтӕ ӕмӕ мӕдты. Нӕ бацауӕрстой чысыл сывӕллӕттыл дӕр.

Цасфӕнды рӕстӕг ма рацӕуа, уӕддӕр ацы хъӕдгом никуы байгас уыдзӕн нӕ зӕрдӕты», – дзырдта уый.

Мысӕн мадзалы трагедийы амӕттӕгты номыл фыст зӕрдӕмӕхъаргӕ ӕмдзӕвгӕтӕ бакастысты: поэтессæ Чехойты Ольгӕ, Гаглойы Виктория, медицинон хо Нартыхты Анжелӕ ӕмӕ паддзахадон университеты студенткӕ Гасситы Аннӕ.

Къæбулты Марина

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.