Сылгоймæгты дунеон бон у иууыл рæсугъддæр бæрæгбонтæй иу. Ацы диссаджы бон хъусдарды бын вæййынц адæймагады рæсугъддæр æмбисы минæвæрттæ – мад, хо, цардæмбал, чызг, æмбал…

Ацы ирд æмæ рæсугъд уалдзыгон бæрæгбон уæлдай хатт зæрдыл æрлæууын кæны  æхсæнады сылгоймаджы нысаниуæг. Æрдз сылгоймагæн слæвар кодта адæймагады мыггаг дарддæр кæнын, сфæлдыста йæ зынтæн уæлдай фæразондæрæй.

Æхсæнады сылгоймаджы нысаниуæгыл дзургæйæ, хъæуы бахынцын, зæгъгæ, ууыл баст у рæзгæ фæлтæры физикон æмæ моралон æнæниздзинад, ома, нацийы фидæн. Номхуындæй,  сылгоймаг хъахъхъæны бинонты артдзæст. Сылгоймагыл бирæ баст у бинонты размæцыды хъуыддаг.

Сæ бинонты тыххæй бæрндзинад æмæ аудындзинадмæ цæттæдзинад хуссарирыстойнаг сылгоймæгтæ равдыстой 90-æм азты. Уæд æхсæнады политикон системæимæ   цасдæр­бæрцæй фæивта æхсæнады сылгоймаджы статус дæр. Фыццаг ног статусы сæхи чи равдыстой, уыдон уыдысты   сылгоймæгтæ-амалиуæггæнджытæ. Уыцы уæззау рæстæджыты æмæ, æгæрыстæмæй, абон дæр сылгоймæгтæй бирæтæ дардтой æмæ дарынц сæ бинонты. Æнахуыр хъайтардзинад равдыстой Хуссар Ирыстоны сылгоймæгтæ хæстон архайдтыты рæстæджы, Фыдыбæстæ хъахъхъæнджытæн æрмæст сæ уæвынадæй дæр æххуыс кæнгæйæ. 90-æм азты республикæйæн уæззау рæстæджыты уыдон æрмæст æххуыс нæ кодтой национ-сæрибаргæнæн змæлдæн, фæлæ хайад истой æвзонг паддзахады арæзтады. Организаци кодтой алыгъуызон æхсæнадон змæлдтæ, уагътой алыгъуызон мадзæлттæ.

Гуырдзиаг агрессийы рæстæджы се ‘ввахс хиуæтты чи фесæфтой, уыцы мæдтæ æмæ цардæмбæлттæ, сæ рысты сæрты хизгæйæ арæзтой митингтæ, фыстой куырдиæттæ æмæ сид­тытæ уæлдæр инстанцитæм тугкалд æруромыны тыххæй. Æххуысмæ сидæг æмæ фæмардуæвджыты сæ фæстаг фæндагыл афæндараст кæныны фыдохы митингты, æхсæнадон архайджытæ, ахуыргæнджытæ Битарты Зойæ, Джиоты Аллæ, Уалыты Розæ, Бибылты Оля æмæ æндæрты зæрдæмæхъаргæ ныхæстæ абоны онг дæр мæ хъустыл уайынц. Ирон сылго­ймæгтæн сæ къухты бафтыд, цæмæй нæ адæмы рыст фехъусой æмбæлон инстанциты. Цас тыхтæ æмæ хъарутæ хъуамæ уыдаид сæртæг сылгоймагмæ, цæмæй Мæскуымæ сорганизаци кæна саударæг мæдты балц æмæ Уæрæсейы разамынады хъусдард хуссарирыстойнаг проблемæмæ аздахын кæна. Сылгоймæгты уырныдта æвзонг республикæйы æнтыстджын фидæн. Уымæн æмæ рæстдзинад алыхатт дæр фæуæлахиз вæййы. Фыдбон æмæ фыдлæгæн бирæ цæрæнбон нæ вæййы.

Хуссарирыстойнаг адæмæн се ‘нусон бæллиц – сæ хæдбардзинад сæ къухты кæй бафтыд, уым стыр нысаниуæг ис сылгоймæгтæн. Гуырдзиаг-ирон хæсты уæззау рæстæджыты хæстон лæппуты фарсмæ кæй балæууыдысты æмæ сын удуæлдай æххуыс кæй кодтой, уыцы хъуыддаг æнæ хъусдардæй нæ баззад Хуссар Ирыстоны разамынадæй дæр. Æртæ сылгоймагæн – Плиты Мадинæ, Цоциты Зарæ æмæ Деканоидзе Шоренайæн саккаг кодтой республикæйы уæлдæр паддзахадон хорзæх – «Уацамонгæ»-йы орден. Ис нæм Кады Ордены бирæнымæц кавалертæ-сылгоймæгтæ.

2008 азы августы тугуарæн хæсты æнахуыр хъайтардзинад равдыстой Цхинвалы психикон рынчындоны кусджытæ Бибылты Ирæ æмæ Хъуылымбегты Светæ.  Уыдон тыхджын æхстыты бын сæ пациентты бакодтой магазин «Фарн»-ы ныккæндмæ æмæ цалынмæ знаджы атардтой, уæдмæ сæ нæ ныууагътой. Уый стыр сгуыхтдзинад у!

Актуалон у ахæм фарст – цахæм нысаниуæг ис сылгоймагæн нырыккон æхсæнады? Хуымæтæджы хъуыддаг ссис кæцыфæнды нырыккон  сылгоймагæн дæр карьерæ саразын, царды бæрзæндтæм схизын. Уыимæ, абон сылгоймæгтæ æххæст кæнынц бирæнымæц æрвылбонон хæстæ, кæцытæ уайтагъд нæ разынынц. Зæгъæм, сылгоймæгтæ сæ сывæллæтты кæнынц скъолатæм, сабидæттæм, æфснайынц, æхсынц, цæттæ кæнынц хæринæгтæ, аудынц бинонтыл. Ахæм бирæнымæц лыстæг хъуыддæгтæ æххæст кæнгæйæ, ссарынц рæстæг æмæ æнæ хъусдардæй нæ уадзынц сæ цардæмбæлтты, хæлæртты, коллегæты.

Абон нæлгоймæгты æмрæнхъ нæ сылгоймæгтæ фæллой кæнынц практикон æгъдауæй æхсæнады царды æппæт фадгуыты дæр, уыимæ баззайынц артдзæсты æнувыд хъахъхъæнджытæй. Æнтыст къухты бафтын кæныны тыххæй зын фæндагыл цæугæйæ æмæ алыгъуызон ныхдурты сæрты хизгæйæ, сылгоймагæн йæ бон свæййы цыфæнды къабазы дæр карьерæ саразын, царды бæрзæндтæм схизын.

Кæй зæгъын æй хъæуы, иумæйагæй царды принциптæм гæсгæ, сылгоймæгтæ дих кæнынц дыууæ категорийыл: иутæ хуыздæрыл нымайынц æмæ фыццаг бынаты æвæрынц сæ нæлгоймæгтыл, бинонтыл аудын, иннæтæ та  аргъ кæнынц хæдбар уæвыны принциптæн. Афтæ уыд æмæ афтæ уыдзæн алыхатт дæр. Фæлæ уæддæр ацы уалдзыгон рæсугъд бæрæгбоны алы сылгоймаг дæр фенхъæлмæ кæсы арфæтæм, комплименттæм æмæ, кæй зæгъын æй хъæуы, дидинджытæм. Æхсызгон кæмæн нæ уыдзæн дидинджыты егъау баст дын куы балæвар кæной.

Хæстæфхæрд Хуссар Ирыстоны сылгоймæгтæн нæ зæрдæ зæгъы царды æппæт хæрзиуджытæ. Уадз, нæ кæстæртæ хъомыл кæнæт сабыр арвы бын æмæ афтæмæй царды бæрзæндтæм хизæт. Уый алы сылгоймагæн дæр уыдзæн йæ иууыл стырдæр амонд.

ДЖИОТЫ Екатеринæ

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.