Аххосджынты бандоныл бадынц Хуыга­ты Марат, Годжыцаты Зауыр, Бибылты Джумбер, Наниты Ацæмæз, Сланты Ир­бег, Багаты Алан, Къозонты Сергей æмæ Джиоты Андрей.

Наниты Ацæмæз, Багаты Алан æмæ Го­­­джы­­цаты Зауыр та республикæйы арæн­­­­тæй кæй нæ ахиздзысты, уый тыххæй сæ къухтæ кæй æрфыстой, уымæ гæсгæ ахст не сты.

Уæлдæр банысангонд адæймæгты ма аххосджын кæнынц Цхуырбаты Никъала æмæ Хъуылымбегты Герсаны фæнæ­мыны хъуыддаджы дæр.

Ацы хатт та фарстой Сæрмагонд ныса­ни­уæджы милицийы къорды, Хуссар Ирыс­тоны Паддзахадон æдасдзинады коми­теты Арæнхъахъхъæнæг управленийы, Мид­хъуыд­дæгты министрады горæтон хайады æмæ Генералон прокуратурæйы минæ-вæрттæй аст æвдисæны – Куымæридтаты Нарикы, Къораты Георгийы, Джи­оты Сæр­мæты, Мæргъиты Уырыз­мæ­джы, Пли­ты Эдуарды, Бибылты Ро­ланды, Ел­зарты Нодары æмæ Гæззаты Сосланы.

Адвокат бахатыд тæрхонгæнæгмæ, цæ­мæй æфхæрд баййафджытæ Цхуырбаты Никъала æмæ Хъуылымбегты Герсан сæхæдæг радтой æвдисæн дзырдтæ, ома, сæ хайадист æнæмæнг хъæуы. Уымæн æмæ развæлгъау æвдисæн дзырдтæ куы радтой, уæдæй фæстæмæ сæ хонынц  тæрхондонмæ, фæлæ нæ цæуынц.

Адвокат Бæззайы фырт банысан кодта, зæгъгæ, 2024 азы  17 æмæ 22 январы  рабадтыты рæстæджы прокуратурæйы минæвæртты фæндыд æфхæрд баййафæг Хъуылымбегты Герсан æмæ Цхуырбаты Никъалайы фæсарæйнаг æмбæстæгтыл банымайын, цæмæй ма æрцыдаиккой тæрхондонмæ, уый нысанæн. Фæндыд сæ сæ развæлгъау æвдисæн дзырдты сын æргомæй бакæсын, ома уыдонæй спайда кæнын.

«РХИ-йы æмбæстагдзинады при­н­цп­­тæ æмæ РХИ-йы æмбæстагдзинады фар­статæ æрбæстон кæныны фæткойты тыххæй» Конституцион закъонмæ гæс­гæ, хуссарирыстойнаг æмбæстаг фæ­сарæнты куы цæра, уæддæр РХИ-йы æмбæстаг у», – бахахх кодта адвокат.

Тæхонгæнæг Кокойты Оксанæ æрдомдта, цæмæй  Цхуырбаты Никъала æмæ Хъуылымбегты Герсан фæсарæйнаг æм­бæс­тæгтæ кæй сты æмæ се ‘рцыд тæрхондонмæ æнæмæнгхъæуæг кæй нæу, уый сбæлвырд кæныны тыххæй тæрхондонмæ æрбавдисой нотариалонæй сбæлвырдгонд гæххæттытæ.

Дарддæр бамбарын кодта, тæрхондонон-медицинон эксперт Зæгъойты Зари­нæйы цæй тыххæй нæ фæхуыдтой, уый æмæ  фехъусын кодта, тæрхондон Генпро­ку­ратурæмæ цы куырдиат арвыста, æмæ цы дзуапп райста, уый.

Генпрокуратурæйы уынаффæйы нысан уыд, зæгъгæ, 2021 азы 5 июны Зæгъойты Зари­нæйыл бакондæуыд уголовон хъуыд­даг, Дзабиты Иналы амæлæты хъуыдда­джы йæ профессионалон архайды рæстæ­джы мæнг документтæ кæй сарæзта, уый тых­хæй. Прокуратурæйы минæвары ны­хæс­тæм гæсгæ, ацы хъуыддаджы фæдыл фæдысгарæн мадзæлттæ нырма нæ фес­ты.

Тæрхонгæнæг банысан кодта, 2024 азы 19 февралы Уæрæсейы Федерацийы æмæ Республикæ Хуссар Ирыстоны Мидхъуыддæгты министрадты  информацион-ко­орди­национ центрæй кæй райста Дзæ-гъи­аты Заринæйы квалификаци бæл-вырдгæнæны тыххæй  дзуаппы халдих. Документы фыст ис Уæрæсейы Мидхъуыд­дæгты министрад   нырма дæр фæдысгарæн мадзæлттæ кæй уадзы ахуырадон уагдон «Хорс-Групп»-ы, сæ куырдиат сын сæххæст кæныны фæдыл æмæ прокуратурæйы минæварæн бахæс кодта, цæмæй  сæм Дзæгъиаты чызджы профессионалон квалификацийы тыххæй цы официалон информаци ис, уый тæрхондонмæ æрбав-дисой. Фехъусын ма кодта, зæгъгæ, Дзаби­ты Иналы амæлæты факты фæдыл ца­лын­мæ Дзæгъиаты Заринæйы процес­суалон статусы тыххæй æмбæлон уынаф­фæ нæ райса тæрхонгæнæг, уæдмæ Зари­нæйæн  æвдисæны хуызы бафæрсæн нæй.

Дарддæр фарстой æвдисæнты.

Куыд раздæры рабадтыты, афтæ ныр дæр фыдракæнды кæуыл дызæрдыг кæнынц, уыдон дæр фарстатæ лæвæрдтой æвдисæнтæм. Сæ сæйраг фарст та уыд:

«Дзабиты Иналимæ  мæ федтай ны­хас­гæнгæ, кæнæ йæм æввахс бацæугæ­йæ, кæнæ махæй искæй федтай, Инал кæм уыд, уыцы территоримæ æв­вахс?»

Æвдисæнтæ иууылдæр иугъуызон дзу­апп лæвæрдтой, зæгъгæ, уæ никæй фед­-тон.

Генпрокуратурæйы экспертон-клиникон хайады сæргълæууæг Бибылты Роланд куыд радзырдта, афтæмæй 2020 азы 28 августы иу суткæ радгæс уæвгæйæ сæм Дыгъуызты Михаилимæ фæсидтысты рын­чын­доны моргмæ.

«Уым басгæрстам Дзабиты Иналы мард буар.  Æз фотоаппаратæй систон буары цъæхтæ æмæ цъæррæмыхстытæ, фæлæ мæ компетенцимæ цæфтæ рæстæг сбæл­вырд кæнын кæй нæ хауы, уый тыххæй сæ не сбæрæг кодтон»,  банысан кодта Ро­ланд.

Паддзахадон æдасдзинады комитеты арæнхъахъхъæнæг управленийы кусæг Плиты Эдуард 23 августы иу суткæ радгæс куы уыд,  уæд сæм æрбакодтой ахст адæймаджы. Бафæдзæхстой сæ, ахст адæймагæн сæ куыстмæ кæй ницы ахаст ис æмæ йæм бацæуой, уый бар сын кæй нæй.

Эдуард йæ хæдзармæ куы фæцæйцыд, уæд ахст адæймаг цы хатæны уыд, уырды-гæй фехъуыста: «Кæм ис хæцæн­гарз?» æмæ дзуапп «Æз ницы зонын»

Йæ рады Мидхъуыддæгты министрады Агурæн управленийы хистæр Мæргъиты Уырызмæг дæр банысан кодта, зæгъгæ, «24 августы Мидхъуыддæгты управленимæ æрбакодтой Цхуырбаты Никъалайы, фæ­лæ йæ чысыл фæстæдæр фæстæмæ акодтой. Изæры та Дзабиты Иналы æр­бакодтой, цæмæй йæ басгæрстаиккой æмæ йæ наркотикон буарадты æвæрыны тых­хæй тæрхондонмæ арвыстаиккой. Дыккаг райсом Иналы акодтой тæрхондонмæ.  Дыууæ боны дæргъы домдтам се ‘рцахсты cуагъæ, фæлæ нын æй нæ радтой, прокура­турæ­йы фæдысгарæг, дам, уæм æй бахæс­дзæн. 27 августы мидхъуыддæгты минис­трæн уавæры тыххæй куы  фехъусын код­тон, уæд нæм изæры фæдысгарæг Тъехты  Олег документ æрбахаста æмæ нæм бахатыд, цæмæй йын рахицæн код­таик­кам æрфарсты тыххæй хатæн. Уыцы хатæны фарста Дзабийы фырты дæр. 28 августы Иналы акодтой Цырд фердæхты сæрмагонд къорды бæстыхаймæ», – дзыр-дта Мæргъийы фырт.

Мидхъуыддæгты министрады кусæг Джиоты Сæрмæт куыд радзырдта, афтæ­мæй уыцы азы августы улæфты уыд, фæ­лæ йæм куыстмæ фæсидтысты басгæрст уадзыны тыххæй.

«Хайад истон Цхуырбаты Никъалайы хæдзары сгарæн мадзалы æмæ  мид­хъуыд­­дæгты министр Наниты Игоры ама­рын­мæ бахъавды тыххæй Никъалайы   ба-фар­сты, фæлæ уый нæ саст фыдракæнды хайадистыл. Æндæр  ницы  хæслæ­вæрдтæ лæвæрдтон нæ кусджытæн, уымæн æмæ улæф­ты уыдтæн», – банысан кодта Сæр­мæт.

Милицийы сæрмагонд нысаниуæджы къорды ротæйы командир Елдзарты Нодар куыд дзырдта, афтæмæй зонгæ уыд Цхуырбаты Никъалаимæ. Банысан кодта, зæгъгæ,  23 августы наряды уыд æмæ хайад иста Цхуырбайы фырты æрцахсты æмæ йын йæ хæдзары басгæрсты.

«23 августы æрцахстам Цхуырбайы фырты æмæ йæ Мидхъуыддæгты горæтон хайадмæ æрбакодтам. Уым æй фарстой. Никъалайы рагæй кæй зыдтон, уый тых­хæй-иу бахызтæн, æрфарст цы хатæны уагътой, уырдæм», – дзырдта уый æмæ баны­­сан кодта, зæгъгæ, нæ федта 23 авгус­ты Никъалайы ныхмæ исты тыхбахаст.

Мидхъуыддæгты горæтон хайады хис­тæр оперативон радгæс Къораты Георги 2020 азы 26 августы уыд суткæйон радгæс.

«Куыстмæ куы æрбацыдтæн, уæд сæ бафарстон: исчи нæм ахст ис æви – нæ. Загътой мын,  Дзабиты Иналы кæй æрцахстой. Уый фæстæ та сæ бафарстон, къухдариуæгад зоны уыцы хабар. Æмæ та мын сдзуапп кодтой, «ойы», зæгъгæ. Уый фæстæ бахызтæн Иналмæ, йемæ зонгæ кæй уыдтæн, уый тыххæй, йемæ аныхас кодтон. Цалдæр хатты та йæ къахæвæ­рæнмæ ракодтон, фæлæ йыл физикон тыхбахасты фæдтæ нæ рахатыдтæн.

Мидхъуыддæгты горæтон хайады хис­тæр оперативон радгæс Куымæридтаты Нарик радзырдта, зæгъгæ, радгæс куы уыд, уыцы рæстæджы Дзабийы фырты ничи фæнадта, уый йæхи хорз хатыд.

Гæззаты Сосланы æвдисæн дзырдтæ дæр уабæрæг ницæмæй хицæн кодтой иннæ æвдисæнты дзырдтæй.

Тæрхондоны радон рабадт уыдзæн 11 мартъийы.

ОСИАТЫ Индирæ

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.