Адæймаджы æнæниздзинад цæмæй кæнгæ у, уыдонæй сæ иу у дон. Нæ республикæйы цæрджытæ йæ исынц куыд централизацион, афтæ æнæцентрализацион æгъдауæй, ома пайда кæнынц суадæтты æмæ цъаты дæттæй дæр. Уыдон та сæ санитарон-химион, микробиологион  æмæ паразиталогион бæрæггæнæнтæм гæсгæ кæрæдзийæ хицæн кæнынц, стæй ивынц се сконд дæр æмæ сын рæстæгæй рæстæгмæ аразынц лабораторон иртасæнтæ. Ныртæккæ цахæм уавæры сты, уымæ сæ хъус дарынц Хуссар Ирыстоны фæлхасадон хъусдарды комитеты специалисттæ æмæ сын рæстæгæй рæстæгмæ аразынц лабораторон иртасæнтæ. Цæвиттон, ивгъуыд аз æмæ ацы азæй рацæугæ дыууæ мæйы дæргъы санитарон-гигиенон бæрæггæнæнтæ райсыны фæдыл ауагътой æндæр æмæ æндæр дæттæй 262 иртасæны, санитарон-бактериалон иртасæнты нымæц та уыд 266. Ивгъуыд азы комитет фыццаг хатт иртасæнтæ ауагъта нуазыны доны уæззау згъæртæ рабæрæг кæныны фæдыл.

Хуссар Ирыстоны фæлхасадон комитеты сæрдар Коцты Маринæ куыд зæгъы, афтæмæй фæкъаддæр сты стандартон домæнтæн дзуапп чи нæ дæттынц, ахæм иртасæнтæ Цхинвалы.

Контролон, афтæ ма  сфæлхатгонд мадзæлттæ уагъд æрцыд паддзахадон унитарон куыстуат “Водоканал”-ы, афтæ ма Уанат-Цхинвалы донæмбырдгæнæн арæзтадты. Басгæрстыты фæстиуæгæн цы цухдзинæдтæ рабæрæг, уыдоны фæдыл сын бацамындæуыд, цæмæй сæ бæлвырд æмгъуыдмæ аиуварс кæной. “Водоканал”-мæ  ахасты райст æрцыдысты административон мадзæлттæ.

Нуазыны доны гъæд бæрæг цыди Знауыр æмæ Ленингоры райцентрты . Уыдоны цæрджытæ нуазыны дон  исынц централизацигонд æгъдауæй.

Дзауы райцентры  та йæ цæрджытæ нуазыны дон исынц комкоммæ донуадзæн Едыс-Цхинвалæй. Ацы донæй  пайда кæнынц донуадзæнмæ хæстæг цæрæг хъæууон цæрджытæ дæр. Афтæ ма бæрæг цыдысты, республикæйы районты донæй ифтонг чи цæуынц, уыцы объекттæ дæр. Басгæрстыты фæстиуæгæн куыд рабæрæг, афтæмæй нуазыны донæй пайда цæуы, санитарон нормæтæ æмæ фæткойтæ нæ хъахъхъæнгæйæ. Бæлвырддæрæй та хæрззылд не  сты суадæттæ æмæ донуадзæнты алыварс территоритæ æмæ дзуапп нæ дæттынц санитарон нормæтæн. Нуазыны дон цæрджытæм цæуы, æмбæлон уагыл æй нæ бацæттæ кæнгæйæ. Районты хæдзариуæггæнæг субъекттæ лабораторон контроль нæ кæнынц нуазыны доныл. Æппæт уыдæттæ мæгуырауæрдæм æндавынц районы цæрджытæ цы нуазыны дон исынц, уый гъæдыл. Афтæ кæй у, уымæ гæсгæ бактериологон бæрæггæнæнты стандартон домæнтæн дзуапп чи нæ дæттынц, уыцы нуазыны дæтты æмвæзад у бæрзонд – 60 процентæй 79 процентмæ.

Коцты Маринæ куыд зæгъы, афтæмæй сфидаргонд графикмæ гæсгæ бæрæг цыдысты суадæтты дæттæ дæр. Сæ гъæды тыххæй комитеты специалисттæ рæстæгæй рæстæгмæ фехъусын кæнынц республикæйы цæрджытæн. Бæрæг цæуынц централизацигонд æгъдауæй цы нуазыны дæттæ ист цæуынц, уыдоны гъæд дæр. Дыууæ мæйы дæргъы уал анализтæ 23 хатты арæзт æрцыд горæт цы дон исы, уымæн. Горæтæн цæгатыæрдыгæй цы районтæ ис, уыдонмæ цæуæг донæй æх­сæз анализы дзуапп нæ лæвæрдтой æм­бæлон домæнтæн. Ацы районты цæрджытæ дон исынц комкоммæ донуадзæнæй, развæлгъау æй нæ бацæттæ кæнгæйæ.

Лабораторон иртасæнтæ ауагъд æрцыдысты Цхинвалы районы Рустау,  Зар, Дампъалет, Къостайыхъæу, Тъбет, Ногхъæу, Хелцуа, Дменис, Сатихъар, Ирыхъæу, Прис æмæ Къохаты хъæуты суадæтты фæдыл. Уыдонæй санитарон-бактериалон бæрæггæнæнтæн дзуапп дæттынц æрмæстдæр дыууæ суадоны – Сатихъар æмæ Иры хъæуы. Знауыры посе­лочы централизацигонд донифтонгадæй цы æртæ иртасæны арæзт æрцыд, уыдонæй иу дæр дзуапп нæ дæтты санитарон-бактериологон æмæ санитарон гигиенон бæ­рæг­гæнæнтæн. Дзауы поселочы та нуазыны доны æртæ лабораторон иртасæнæй дыууæ дзуапп нæ лæвæрдтой санитарон бактериалон бæрæггæнæнтæн.

“Республикæйы цæрджыты гъæдджын донæй ифтонг кæныны проблемæ бирæ азты дæргъы у актуалон.  Нуазыны дон хъуамæ уа æдас эпидемиологон æмæ радиацион æгъдауæй. Йæ химикон скондмæ гæсгæ зиан ма хæсса адæймаджы скондæн. Афтæ кæй у, уымæ гæсгæ æмбæлон ведомствотæ хъуамæ мадзæлттæ исой республикæйы цæрджыты гъæдджын нуазыны донæй ифтонг кæныны фæдыл.  Куыд зонæм, афтæмæй нуазыны дон иу æмæ дыууæ хатты не ссис республикæйы эпидемиологион уавæр  фæвазыгджындæр  уæвыны аххоссаг,” – загъта Коцты чызг.

    Бестауты Валя

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.