Адæймаг йæ царды бахауы ахæм уавæры æмæ йæ бæстонæй нал фæзоны, дарддæр цахæм фæндаг равзара. æнæмæнгæй хауы професси равзарыны хъуыддаг дæр. Скъола фæуыны фæстæ бирæ рауагъдонтæ хъуыдыты аныгъуылынц, дарддæр цахæм фæндагыл ныллæууой, зæгъгæ. Мæ ацы очеркы кæй кой кæнын, уый професси равзарыны фарст фидарæй аскъуыддзаг кодта йæ ахуыргæнджыты фæрцы. Гæбæраты Мария ахæм фæлмæн æмæ уарзон адæймаг уыд скъоладзаутæн, æмæ æвзонг чызджы дæр хистæр кълæсты бафæндыд ахуыр­гæнæг суæвын. Йæ хъуыдытæ-иу æй ахастой фидæнмæ, ома æз дæр сомбон кæд Марияйы хуызæн кадджын ахуыргæнæг суон, уæд ма мæ æндæр цы хъæуы.

Гасситы Майæ Тотыры чызг райгуырд 1968 азы Знауыры районы Бехъмары хъæуы. Йæ мад æмæ йæ фыд уыдысты хуымæтæг хъæууон цæрджытæ, фæлæ сæ фæндыд, цæмæй сæ сывæллæттæ ахуыргæндтæ рацыдаиккой. Майæйы хиуæттæй ахуыргæнæджы професси никæмæ уыд. Раст зæгъгæйæ, йæ фыды ‘фсымæр Гасситы Иван Хъасболы фырт уыд историон зонæдты доктор æмæ бирæ азты дæргъы фæцард æмæ фæфæллой кодта Бакуйы. Майæ та скъолайы ахуыргæнæг суæвынмæ бæллыд.

Ахыуырмæ æвзыгъд чызг Бехъмары астæуккаг скъола каст фæуыны фæстæ æнцонтæй фæлварæнтæ радта Хуссар Ирыстоны Паддзахадон педагогон институтмæ ирон æвзаг, литературæ æмæ фæсарæйнаг æвзаджы факультетмæ. Йæ студенты бонтæ мысгæйæ Майя фæзæгъы, зæгъгæ нырма дæр Битарты Зоя æмæ Плиты Гацыры уæздан сныхас йæ хъустыл ауайы. Институты куырыхон лекторты фæрцы, дам, уыйбæрц зонындзинæдтæ райстон, ирон уæздандзинад æмæ йæм æгъдау афтæ бахъарын кодтой, æмæ цалдæр азы фæстæ уæлдæр ахуыргæнæндонæй рахызт бынтон æндæр адæймагæй.

Цыппæрæм курсы куы ахуыр кодта, уæд райдыдтой змæстытæ, гуырдзиаг лæгсырдтæ лæбурдтой Хуссар Ирыстонмæ. Студенттæ æхсæнады процессты раззаг хаххы уыдысты. Майæ дæр-иу йе мкурсон чызджытимæ ацыдис ТЭК-æй æрхизæнмæ æмæ-иу уым иннæ адæмимæ бамбал сты. Кæд-иу сæ фæстæмæ æрвыстой, ома дзы уе ‘ххуысы сæр нæ хъæуы, зæгъгæ, уæддæр-иу сæ сæ къах нæ хаста, мæт кодтой сæ адæмы хъысмæтыл, Ирыстоны сомбоныл.

Ахæм уæззау дуджы, (1991 азы) Гасситы чызг каст фæцис институт. Йæ бæллиц сæххæст – райста ахуыргæнæджы професси. Уыцы аз райдыдта кусын Цъорбисы æнæххæст астæуккаг скъолайы ахуыргæнæгæй. Фæстæдæр ма йæм фæсидтысты Хъорнисы æнæххæст астæуккаг скъоламæ дæр æмæ куыста дыууæ раны. Йæ цард баиу кодта Знауыры районы Сихиаты хъæуы цæрæг Цхуырбаты Вильямимæ æмæ схъомыл кодтой дыууæ фырты. Хистæр лæппу Инал райста аразæджы дæсныйад – каст фæцис Дзæуджыхъæуы Хæххон-металлургон институт. Хъомыл кæны цыппар сывæллоны. Кæстæр лæппу Алан та ацыд барадхъахъхъæнæджы профессийы фæндагыл – бацыд Стъараполы мидхъуыддæгты министрады университетмæ æмæ ныридæгæн кусы горæт Дзæуджыхъæуы мидхъуыддæгты органты.

90-æм азты Хуссар Ирыстоны царды уавæртæ мæгуырау уыдысты æмæ Майæйы бахъуыд Цæгат Ирыстонмæ ацæуын хуыздæр цардагур. Ам дæр йæ профессийыл куыст ссардта Архонкæйы 1-æм астæуккаг скъолайы æмæ дзы фæкуыста суанг 2017 азмæ. Ацы скъолайы кусгæйæ райста егъау фæлтæрддзинад. Скъоладзауты бæрæг хай уыдысты уырыссæгтæ, фæлæ Майя куыд зæгъы, афтæмæй стыр цымыдисимæ ахуыр кодтой ирон æвзаг æмæ ма-иу дзы кæцыдæртæ олимпиадæты дæр хайад райстой. Иу цау арæх æрымысы – урокыл æм æмдзæвгæ иттæг хорз радзырдта иу скъоладзау. Майæ йæм хъуыста æмæ дисы ныххаудта, ацы лæппу цалдæр азы дæргъы йе ‘мдзæвгæ рæстмæ куы никуы сахуыр кодта, уæд ныр уыйбæрц куплеттæ æнæрхæцгæйæ куыд радзырдта. Скъоладзау дзырд куы фæци, уæд ын Майæ зæгъы, зæгъгæ фыццаг куплет ма мын иу хатт радзур æмæ дын фондз æвæрын. Фæлæ йæ бон нал бацис, ферох дзы ис чысыл раздæр æнæрлæу­гæйæ кæй радзырдта, уыцы æмдзæвгæ. Куыд рабæрæг, афтæмæй сывæллонæн йæ    хъусы конд уыд хъусæн фæрæз æмæ æмдзæвгæ та йæ телефоны фыст уыд аудиойы хуызы.

Цæгат Ирыстон ын не ссис йæ райгуырæн уæзæджы хуызæн адджын æмæ 2017 азы фæстæмæ æрæздæхт йæ райгуырæн къуыммæ. Уыцы аз æй снысан кодтой Балтайы астæуккаг скъолайы директорæй æмæ дзы абоны онг цæсгомджынæй кусы. Балтайы скъолайы ис 28 ахуырдзауы, уыдонæй 14 сты уæрæсейаг æфсæддонты сывæллæттæ. Фæлæ уыдон дæр зæрдæргъæвдæй ахуыр кæнынц ирон æвзаг. Цæгат Ирыстонмæ абаргæйæ махмæйы сывæллæтты галиу схонæн дæр нæй, семæ кусын бирæ æнцондæр у. Майæйы сæргълæудæй Балтайы скъола фæархайы æппæт республикон мадзæлтты æмæ дзы йæ ахуырдзаутæ бацахсынц призон бынæттæ. Стыр активондзинад кæй æвдисынц алыгъуызон мадзæлтты, уый фæдыл æрæджы Ахуырад æмæ зонады министр Лолаты Аслан арфæйы фыстæг арвыста скъолайы педагогон коллективмæ.

Дæ куыстуатæй дæ зæрдæ куы рухс кæна, уæд дзы фæллад дæр нæ зоныс. Майæ тынг райгонд у йæ коллегæтæй дæр æмæ ахуырдзаутæй дæр. Улæфтытæ цалдæр боны бæрц куы ахæссынц, уæд йæхицæн бынат нал фæары, фæфæнды йæ, цæмæй тагъддæр фæуой æмæ ахиза йæ уарзон куыстмæ. Ам æхцондзинад исы йæ коллективимæ, ахуыры процессæй,  сывæл­лæттимæ архайгæйæ дзы айрох вæййынц царды æппæт зындзинæдтæ. Йæ хъуыдымæ гæсгæ ныры сывæллæттæ бирæ æвзыгъддæр сты ахуырмæ, фæлæ сыл зивæг бафтыд телефонтæ æмæ гаджетты аххосæй. Сывæллæтты сæхимæ афтæ æлвасынц æмæ сæ алцыдæр æрбайрох вæййы. Смартфонæй æгæр бирæ архайынæй иуæй сæ цæстытæ халынц, иннæмæй та сын сæ рæстæг иууылдæр исынц, æмæ сæ нал дæр сæ уроктæм равдæлы, нал дæр сын хъазыны рæстæг сфаг вæййы. Ахæм уавæрты ахуыргæн­джытæ æдых сты. Майæйы хъуыдымæ гæсгæ, ныййарджытæ фылдæр хъусдард куы нæ раздахой сæ сывæллæттæм æмæ сæ куы нæ иппæрд кæной гаджеттæй, уæд проблемæ аскъуыддзаг кæнын тынг зын уыдзæн.

8-æм Марты бæрæгбонмæ Майæйы зæрдиаг арфæйы ныхæстæ зæгъын фæнды йæ уарзон коллективæн æмæ уыдоны номæй та æппæт Ирыстоны сылгоймæгтæн. Сæ аккаг ныхæстæ ссарын, зæгъгæ, мæ бон никуы бауыдзæн, фæлæ сæ алкæмæндæр мæ зæрдæ зæгъы хорз æнтыстытæ æмæ æнæмаст цард.

ДЖИОТЫ Алыксандр

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.