Аивад. Куыд зынаргъ у æппæт хуызты дæр, æцæг уарзтæй йæ чи бауарзы æмæ йæм стыр уарзты базыртыл чи æртæхы, йæ цард ын æдæппæтæй чи снывонд кæны, уыцы адæймагæн.

Нæ республикæйы драмон театры актертæ се ‘ппæт дæр стыр хайбавæрд хæссынц театралон аивады райрæзт æмæ йæ дунейы æхсæнады размæ хуыздæр хуызы рахæссынмæ. Кæй зæгъын æй хъæуы, ам фылдæр рæстæджы чи фæллой кæнынц, уыдон ацы хъуыддагмæ бахастой фылдæр хайбавæрд. Ацы табуйаг хæрзиуæг аразджытæй сæ иу у Цæгат Ирыстоны сгуыхт артисткæ, Хуссар Ирыстоны адæмон артисткæ, бирæ ролтæ æххæстгæнæг Къуезерты Фатимæ.

Йæ сабибонтæй фæстæмæ Фатимæ уыд тæлтæг, æппæтмæ æвзыгъд æмæ æнæзивæг саби. Хæрзчысылæй  райдыдта æвдисын  цавæрдæр пародитæ æмæ-иу ын рауадысты зæрдæмæдзæугæ. Скъолайы кары куы бацыдис, уæд та райдыдта сценаритæ мысын, кæнæ ирон литературæйы чиныджы цы пьесæтæ уыдис, уыдонмæ гæсгæ-иу сывæрдта  спектаклтæ æмæ-иу сæ скъолайы изæрты йе ‘мбæлттимæ æвдыстой. Афтæмæй Фа­ти­мæйæн йæ туджы актерон курдиат кæй ис, уый фæбæрæг хæрзсабийæ.  Йæ ныййарджытæ йæ арæх хуыдтой «артист чызг», фæлæ уæд уыдон æнхъæл нæ уыдысты, уыцы ном йæ фидæнмæ фæндагамонæг кæй суыдзæнис.

Астæуккаг скъола каст фæуыны фæстæ Фатимæйы йæ фидæны дæсныйад равзарыныл бирæ хъуыды кæнын нæ хъуыдис, йæхи цæттæ кодта театралон аивадыл сахуыр кæнынмæ. Уый тыххæй йæ хъуыд гъæдджын актерон ныхасыл хи бацæттæ кæнын. Йæ мад Бесаты Наташæ йæ бакодта Галуанты Людæмæ. Уый уайтагъд рахатыдис чызджы курдиат æмæ йын бацæттæ кæнынмæ радта зындæр хæслæвæрдтæ. Уыдонæй сæ иу уыд Хетæгкаты Къостайы æмдзæвгæ «Сидзæргæс».

«Уæд мæм афтæ фæкастис, цыма мын фыдæнæн афтæ бакодта. Се ‘ппæт дæр зын уыдысты, фæлæ уæлдай фылдæр тыхтæ бахардз кодтон «Сидзæргæс»-ыл æмæ-иу мæхимидæг Людæмæ мæсты кодтон», – худгæйæ æрымысы Фатимæ.

Фидæны актрисæ уыцы аз ссис Тбилисы Шота Руставелийы номыл Театралон институты студенткæ. Уым Фатимæйæн фæзынд фылдæр фадат йæ курдиат раргом кæнынæн. Цымыдисон цаутæй хъæздыг уыд Фатимæйы студентон цард. Фæлæ æппæты ирддæрæй йæ зæрдыл æрлæууы, ахуыргæнæндоны сценарион ныхасы лектор Эсфира Шерма æмæ зынгæ аивадон архайæг Четиты Рубенмæ фæлварæны рæстæджы «Сидзæргæс» куы бакаст æмæ бирæ æппæлæн ныхæстимæ иттæг хорз бæрæггæнæн куы райста, уый. Уæд Фатимæ бамбæрста, Галуанты Людæ йын ахæм зын хæслæвæрдтæ цæмæн радта, уый.

Ахуыргæнæндоны алы нацийы студенттæн дæр уыдис сæхи къордтæ, афтæ – ирон къорд дæр. Фæткмæ гæсгæ рауагъдон къордтæ алы аз дæр æвдыстой конкурсы бындурыл спектаклтæ, уæлахиздзауты та-иу арвыстой Киевмæ. Фатимæ рауагъдон куы уыд, уæд ирон къорд равдыста Хуыгаты Георы пьесæ «Ды мæ куы уарзай»-мæ гæсгæ спектакль æмæ систы  уæлахиздзау. Ацы  спектаклы Фатимæ нырыонг дæр æххæст кæны зæронд ус Ларинкæйы роль. Ларинкæ нæу спектаклы сæйраг архайæг, фæлæ Фатимæ йæ хъайтары зæрдæйы уаг æмæ миддуне афтæ равдыста æмæ сценæмæкæсджытæн ссис уарзондæр хъайтартæй сæ иу. Уацмысы хъайтар æмæ сценæйы актерæн ис цавæрдæр иудзинад, кæцы сценæмæкæсæджы зæрдæйы æвзæрын кæны позитивон æнкъарæнтæ. Æмæ кæд Фатимæ йæ сабибонты карæй тынг раджы рахызтис, уæддæр у уадау цырд æмæ уæнгрог.

Кæй зæгъын æй хъæуы, драматургы зæрдæ æмæ зонды активон куысты руаджы райгуыры уацмыс, сце­нари, фæлæ йæ адæмы зæрдæтæм фæхæццæ кæнын, уыдонæн æй бауарзын кæныны вазыгджын хæс та æвæрд у актеры гъæдджын куыстыл. Сæйраджыдæр актеры курдиатджын куысты руаджы фыссæгæн йæ уацмыс ссары æхсæнады зынгæ бынат. Æмæ цæмæй уа æнтыст, уый тыххæй актеры йæ курдиаты æмрæнхъ хъæуы бирæ тых, хъару, фæразондзинад æмæ куыстуарзондзинад. Уыдон сты сценæйы æнтысты сæйраг рахæцæнтæ дæр æмæ се ‘ппæтæй дæр Фатимæ хайджын у æххæстбæрцæй. Уымæн æвдисæн, Фатимæйы рахызтыл сценæмæкæсæг къухæмдзæгъдимæ кæй сæмбæлы, уый.

Нæ республикæйы драмон театры  Фатимæ кусы 40 азæй фылдæр. Ахъазыд фæндзайæ фылдæр ролты алы æмæ алы жанрты. Йæхæдæг куыд зæгъы, афтæмæй йын æппæты зындæр уыд режиссер Джелдыты Хъазыбеджы æвæрд спектакль «Сау нымæт»-ы Тæрхъусы роль æмæ Уырыймæгты Езетханы пьесæ  «Сæниат»-ы Меретханы ролтæ сæххæст кæнын.

«Сау нымæт»-ы пьесæйы сюжетмæ гæсгæ фыццаг архайды йæ роль у юмористон, дыккаг архайды та æнæнхъæлæджы хизы трагедионмæ. Жанрты æвиппайды фæивд Фатимæйæн тынг зын вæййы, фæлæ  уæддæр йæ хъайтарты миддуне афтæ ирдæй равдисы æмæ дыууæ хайы, сценæмæкæсджытæн банкъарын  кæны йæ хъайтары цин æмæ хъыг дæр.

Спектакль «Сæниат»-ы сæйраг, Сæниаты роль, æххæст кодта Гасситы Рая. Æрыгон æххуырст чызг Меретхан æмæ Сæниаты фырты ‘хсæн ссудзынц уарзондзинады цæхæртæ. Чызгыл æрцыдис рæдыд,  уый Сæниатмæ  худинаг æркаст. Нæ йæ фæндыдис, йæ иунæг фыртæн æххуырст чызгимæ исты иудзинад уыдаид. Уыцы худинаджы бæсты чызгæн аскъуыддзаг кодта мæлæт æмæ йын бадары марг. Уæдмæ æнæнхъæлæджы æрбайхъуысы лæппуйы мæлæты хабар. Сæниат куы бамбæрста, йæ фырты фæдыл ма  бындарæн  æрмæстдæр мады гуыбыны цы чысыл саби ис, уый кæй баззайдзæнис, уæд ма архайдта Меретханы фервæзын кæныныл, фæлæ марг йæ кæнон бакодта. Меретхан æнхъæлцауæй амæлы сылгоймаджы къухты.

Аивады стъалыйау куы ссудзай…

Къуезерты чызгæн æрдзæй лæвæрд кæй у актрисæйы курдиат,  уый ма ирдæй разыны, цыфæнды жанрты дæр æнцонтæй кæй сæххæст кæны йæ ролтæ, уымæй.  Фæлæ уымæ нæ кæсгæйæ ацы дыууæ ролы уый банкъардта зындзинад. «Сылгоймагæн йæ тых йæ лæмæгъ­дзинады ис. Ацы ролты та мæн бахъæуы бирæ тыхтæ, цæмæй мæ хъайтарты миддуне æххæстæй радæттон, сценæмæкæсæг сын банкъара сæ зæрдæйы уаг», – зæгъы актрисæ. Уыцы æнтыст Фатимæйы къухты бафты кæддæриддæр.

Фатимæйы репертуары цы спекталтæ ис, уыдонæн сæ фылдæр бацыдысты ирон сценикон культурæйы сыгъзæрин æвæрæнтæм, сты театруарзджыты уарзондæр спектаклтæ. Уыдоны руаджы Фатимæ ссардта аивадæн аргъгæнджыты зæрдæты сæрмагонд бынат, ссис сценæйы цæхæркалгæ стъалытæй сæ иу. Тетралон аивадмæ йæ зæрдæйы уыйбæрц уарзондзинад разындис  æмæ ма йын фадат куы уаид цард ногæй  рацæрынæн, уæддæр артисты професси  равзарид. Ис æм цавæрдæр æнæуынгæ миниуæг, кæцыйы руаджы йæ архайд сценæйыл æмæ æхсæнады дæр у зæрдæисгæ. У театралон аивады дæсны, алыхуызон жанрты архайæг. «Кæркгæсы чызг», «Усгур Гæци», «Нæ усгур алыгъд», «Æнахуыр миссис Сэвидж», «Пигмалион», «Хæрзæгъдау Панидульский», афтæ Остъаты Аланы сценаримæ гæсгæ Дзуццаты Тамерланы трагеди «Фæстаг æвдисæн» æмæ бирæ æндæртæ сты Фатимæйы сценарион цард. Цалдæр хатты афæлвæрдта кинонывты ахъазын дæр, фæлæ, хъыгагæн, уыдонæй иу дæр экранмæ нæ рацыд.

Адæймаг цы дæсныйадæн йæ цард снывонд кæна, уый сусæгдзинæдтæ æнæмæнгæй хъуамæ æргом кæна йæ фæдонтæн æмæ йæ фæдыл уадза цæхæркалгæ фæд. Фатимæ ацы хъуыддаджы тыххæй цалдæр азы куыста драм­къорды хъомылгæнæгæй, йæ зонындзинæдтæ рæдауæй хæлар кодта рæзгæ фæлтæрæн.

Сценæйы цардæй дарддæр Фатимæ иттæг хорз арæхсы дизайнерон куыстытæм, хуыйынмæ, бийынмæ, фыссы æмдзæвгæтæ æмæ æрæджы та ныффыста цалдæр пьесæйы, кæцыты куыд зæгъы, афтæмæй, фæнд кæны йæ уарзон аивады дæсныты рæгъмæ рахæссынмæ.

…Цы ма уа уымæй стырдæр амонд,

Ды аивады стъалыйау куы ссудзай!

Цы ма уа уымæй стырдæр амонд,

Куы тауай уарзт дæ адæмæн рæсугъдæй!.. –  фыссы Фатимæ йе ‘мдзæвгæтæй иуы.

27 мартъи,  Театры бон,  у Къуезерты чызджы райгуырæн бон дæр. Æцæгдæр стыр Хуыцау Фатимæйы а-зæхмæ Театрæн радта!

Фатимæйы иу æмæ дыууæ хатты нæ хуыдтой республикæйæн æддейæ стыр театрты сценæтæм, фæлæ уый нæхи чысыл сценæйыл йæ зæрдæ никуы сивта, æмæ йыл абоны онг дæр кусы зæрдиагæй, йæ хъазтæй хæссы æхцондзинад йæ уарзон ирон адæмæн.

Нæ зæрдæ йын зæгъы ноджы бирæ азты æвидигæ тыхтæ æмæ стыр æнтыстытæ.

ХУЫГАТЫ Миленæ

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.