Æрвылаз дæр хæстонтæ-интернационалистты бон традицион æгъдауæй  банысан кæнынц Хуссар Ирыстоны дæр. Советон Цæдисы 650 мин æфсæддон службæгæнджыты нымæцы Хуссар Ирыстоны 200 фылдæр минæвары хæцыдысты æцæгæлон Афганистаны зæххыл. Уыдонæй бирæтæн сæ хъайтардзинады тыххæй саккаг кодтой паддзахадон хорзæхтæ.

Хуссарирыстойнаг æфсæддон службæгæнджытæ стыр хайбавæрд бахастой афгайнаг хæстмæ.  Уыдон  рацыдысты уæззау фæлварæнтыл.  Ацы тæссаг хæсты хъæбатырдзинад чи равдыстой, уыдонæй иу у нæ уацы хъайтар, запасы дæлбулкъон, Сырх Стъалыйы ордены кавалер Наниты Отар.

Уый райгуырд Дзауы поселочы. 1977 азы Дзауы астæуккаг скъола каст фæуыны фæстæ бацыд Бакуйы уæлдæр иумиагæфсæддон ахуыргæнæндонмæ. Æнтыстджынæй йæ каст фæцис 1981 азы æмæ æрвыст æрцыд Новочеркасскы цур Цæгат Кавказы æфсæддон зылды æфсæддон хаймæ. Уым баслужбæ кодта 1983 азы апрелы онг. 20-æм апрелы йæм полчы командир фæдзырдта: «Цæй цы. Нанийы фырт цæттæ дæ?». Дзырд цæуыл цыд, уый  æмбаргæ дæр нæ бакодта, афтæмæй сдзуапп кодта – цæттæ дæн. «Ды йæ зоныс кæдæм? Фæнды мæ дæ «бахъæлдзæг» кæнын, ацæудзынæ Афганистанмæ», – загъта йын командир. Наниийы фырт сдзуапп кодта: «Афганистан, уæд Афганистан».

Ахæм «амонд» ма кæмæ æрхауд, уыдонимæ райсомæй ацыд Ростовмæ æмæ уыцы изæр атахт Ташкентмæ, Туркестайнаг æфсæддон зылды штабмæ. Уым сын бакодтой визæтæ æмæ сæ арвыстой Кабулмæ. «Æз æнхъæлдтон, зæгъын, уым фендзынæн  бæрзонд хæдзæрттæ… Фæлæ уынын: нæ алыварс æрмæстдæр къæстæ. Æртахтæн 20-æм æнусæй 14-æм æнусмæ – бынæттон азнымадмæ гæсгæ 1362 азмæ. Уыимæ æрмæст рæстæгимæ хицæндзинад нæ уыд, иууылдæр сарыхъты (чалма), хæрджытыл. Стыр хицæндзинад уыд климаты дæр. Апрелы мæйы махмæ нырма уазал вæййы. Æмæ Афганистаны та – 50-60 градусы тæвд», – загъта Наниты Отар.

 

Афганистан: сæйраг хæстæ

Наниты Отар службæ кодта хæххон-æхсæг батальоны развæдсгарæн взводы командиры бынаты. «Мах лæууыдыстæм хæхты. Цыдыстæм растадонты бандитон къордтæ скуынæг кæныны операцитæм, хъахъхъæдтам, Кабулмæ цы æртагуадзæн хæтæл  цыд, уый. Бонæй-иу сæвæрдтам постытæ æмæ йæ æхсæвы та хъахъхъæдтой æфсæддон хъахъхъæнджыты цæугæ къордтæ», – загъта уый.

Хæстон операциты тыххæй Нанийы фырт æфсæрмгæнгæйæ, дзырдта иумиагæй, зæгъгæ, дам-иу сын информаци радтой растадонты бандитон къордты бынаты тыххæй, уыдон-иу æрхъула кодтой хъæуыл æмæ сæ афтæмæй сыгъдæг кодтой. Растадонты къордтæ сæхи хорз бацæттæ кодтой Пакистаны, хорз хæцыдысты æмæ рæстдзæвин æхст кодтой. Бæстæйы бынæттæ зонынæн та уыд стыр нысаниуæг тохты рæстæджы. «Зындæр уыд хæхты хæцын, уыдон уæлийæ,  ды та дæлийæ æмæ дæ комкоммæ æхсынц. Уæлæмæ бырыс æнахуыр тынг тæвды æмæ дæ хъæуы 35 килограммы хæссын – гилдзытæ, хæстон æрмæджытæ, бронежилетæн йæхи уæз та уыд 16 килограммы», – бамбарын кодта Нанийы фырт.

Афганистаны алкæмæндæр зын уыдис, фæлæ афицертæн та уæлдай зындæр уыд. Отарыл цыд 24 азы, æмæ афтæ æвзонгæй бæрндзинад хаста 28 адæймаджы тыххæй. «Командиры фыццаг хæс уыд хæстон хæслæвæрд сæххæст кæнын, дыккаг та  – адæмы бахъахъхъæнын. Фæлæ мæнæн мæ фыццаг хæс уыд адæмы бахъахъхъæнын, цæмæй фидæны мæ цæсгом сыгъдæг уыдаид. Ома, нæ бахъахъхъæдтон, йæ мад афтæ тынг кæмæ æнхъæлмæ каст, уыцы салдаты. Хæхты-иу тохтæ куы цыдысты, уæд мын нæ уыд алы салдатыл контроль кæныны уавæр, уымæн æмæ лæууыдысты алы рæтты. Бахъуыдис-иу мæ лидзын, сæ бæрæг кæнын. Мæ дæлбар взводы ничи фæмард», – загъта уый.

Нанийы фырт куыд нымайы, афтæмæй уды зиæнттæ къаддæр уыдаиккой, салдаттæ афицерты бардзырдтæ куы æххæст кодтаиккой, уæд. Фæлæ бирæтæн уыд принцип – мæныл ницы æрцæудзæн, зæгъгæ. Уый загъта ахæм цæвиттон: «Иу хатт фондз хæстоны фехæлдтой бардзырд, гарнизонæй ма ацæуыны тыххæй æмæ сæ мардæй ссардтой сыхаг дыргъдоны. Отары ныхæстæм гæсгæ, æвзонг фæлтæры уайтагъд тохтæм нæ кодтам, уымæн æмæ дзы бирæтæ, æгæрыстæмæй, æхсын дæр нæ зыдтой. Æрмæстдæр-иу сæ 2-3 мæйы фæстæ акодтам немæ. Бирæ адæм мард тиф æмæ гепатитæй. Рынчынтæ уыд не взводы дæр, фæлæ тырныдтам санитарон мадзæлттæ хъахъхъæнынмæ æмæ махмæ рынчынтæ къаддæр уыд».

Афгайнæгтæ уазæгуарзон æмæ хæларзæрдæ адæм сты, фæлæ…

Наниты Отары ныхæстæм гæсгæ, бынæттон адæм уазæгуарзон æмæ зæрдæхæлар уыдысты, фæлæ сыл уæддæр кæронмæ æууæндæн нæ уыд. «9-æм майы нæ сыстын кодтой фæдисмæ гæсгæ. Батальоны командир нæ æрæмбырд кодта хæслæвæрдмæ. Хъуамæ баххуыс кодтаиккам, æмгуыстады тыххæй сын сусæг бадзырд кæимæ уыд, уыцы бандæйæн, цæмæй ныппырх кодтаиккой иннæ бандæйы. Бауагътой нæ коммæ æмæ бахаудтам æрхъулайы дыууæ бандæйы ‘хсæн. Фæмард сты æртæ хæстонæй, басыгътой дыууæ БТР. Гъе, уый дын хæларадон бандæ», – банысан кодта уый.

 Афганистанæй рацыдтæ, фæлæ йæ нæ рох кæныс…

«О, ды рахызтæ Афганистанæй, фæлæ Афганистан дæуæй нæ хизы. Иу хатт мын афгайнаг инæлар загъта: «Зоныс, Отар, æз алкæцы советон салдатæн дæр цырт сæвæрин æмæ йын радтин хъайтары ном, Афганистаны территорийыл кæй сты æмæ ахæм уавæрты кæй службæ кæнынц æмæ хæцынц, уый тыххæй. Сæ интервьюты, æгæрыстæмæй, басмачтæ дæр советон салдаты тыххæй дзырдтой кадимæ. Æмæ дæу тыххæй ныхмæлæууæг кадимæ куы дзура, уæд уый бирæ цæуылдæрты дзурæг у. Душмантæй ма иу афтæ загъта: «Сымах уыдыстут не знæгтæ, фæлæ знæгтæн дæр хъуамæ кад кæнай. Уырыссæгтæн уыд намыс, фæлæ америкæйæгтæн намыс бынтондæр нæй». Уый банысан кодта, зæгъгæ, Афганистаны салдаттæй фарста ничи дæтта, уым цы аразынц æмæ кæй хъахъхъæнынц, уый тыххæй. «Мах æххæст кодтам нæ интернационалон хæс».

Амондджын ирвæзт акодта

Иу хатт нæ хъайтар дæр амондджын ирвæзт акодта. Радон хæстон операцийы Отар развæдсгарæн взводы адих кодта дыууæ къордыл. Уыд сабыр  талынг æхсæв. Уый хъуамæ бабæрæг кодтаид сæйраг къорды. Куыддæр рахызт комæй, афтæ уымæй 15 метры æддæдæр лæууыд знаджы къорд. Уыдон æрбацыдысты кæцæй йæм не ‘нхъæл-мæ кастысты, уыцырдыгæй. «Афгайнаг æфсады развæдсгарæг нын раст информаци нæ радта. Уыдон мæ æхсын райдыдтой. Абоны онг дæр æй не ‘мбарын, нæмыг мыл куыд нæ сæмбæлдис, уый. Взводимæ дæр не схæцыдысты, æндæра ныл æрцыдаид бирæ уды зиæнттæ, мах цъус уыдыстæм», – загъта уый.

Отары зæрдыл æрлæууыд иууыл фылдæр уды зиæнттæ кæм уыд, уыцы тох. Уыдон бахаудтой æрхъулайы – фæмард фондз адæймаджы, басыгътой æртæ БТР. Æмæ сын ам дæр бынæттон уынаффæгæнæг раст информаци нæ радта. «Æнæ развæдсгæрстæй тохмæ цæуæн нæй, мах баууæндыдыстæм уынаффæгæнæгыл. Иууыл уæззаудæр зæрдæйæн у хæстон æмбæлтты сафын. Адæймаг уыд дæ фарсмæ æмæ цалдæр сахаты фæстæ дæ цуры нал ис, фæмард. Æмæ лæппутыл та цыд æрмæстдæр 18-22 азтæ. Ахæм æвзонгæй баззадысты мæ мысынады дæр», – æнкъардæй йæ зæрдыл æрлæу-уыдысты Афганистаны  тæссаг цаутæ.

Афгайнаг хæст ирон хæстоны царды

Ирæттæ Афганистаны хæсты

Наниты Отаримæ ирæттæй ничи службæ кодта, фæлæ-иу дзы кæуылдæрты амбæлд. Кундузы вертолетон полчы службæ кодта Уахтъанайы хъæуккаг, лейтенант, тæхæг Плиты Важа. Отар йæ вертолет МИ-6-ыл тахт командировкæйæ. «Кабулы куы уыдтæн, уæд ирæттæн мæ хатæн ссис уазæгдоны хуызæн. Мах-иу æрæмбырд стæм Ног азы кæнæ та ноябры – банысан-иу кодтам Джиуæргуыбайы бæрæгбон. Æмбæстагон персоналæй бирæ уыд ирон сылгоймæгтæ, медицинон æмæ штабы кусджытæ, æмæ афтæ дарддæр. Æгæрыстæмæй-иу, ирон чызджытæй иу сурвых фыдæй (тушенка) скодта фыдджынтæ дæр», – бахудт Отар.

Хъайтардзинады тыххæй

1984 азы 29-æм февралы хистæр лейтенант Наниты Отар развæдсгарæн взводы сæргъ лæугæйæ, хайад райста Синджитакы кишлакы растадонты бандæйы скуынæг кæныны тыххæй хæстон операцийы. Операцийы бынаты уыдон æрæхгæдтой хъæумæ бацæуæнтæ æмæ æрæвнæлдтой бандæйы фæсурынмæ. Уыцы рæстæджы 20 растадоны скондæй бандитон къорд бафæлвæрдта æрхъулайы районæй раирвæзынмæ. Арæхстджынæй æмæ афоныл уавæрæн саргъ кæнгæйæ, Наниты Отар æхсын райдыдта къорды æмæ растадонты бахъуыд зæххыл æрхуыссын. Бандиттæ тохы рæстæджы гранатæхсæнæй фехстой æмæ хъыгдард баййæфта БТР. Отар æнæрлæугæ тыхджын æхстыты бын балыгъд æмæ сэвакуаци кодта хæстон машинæйы. Тох цыд дæс сахаты бæрц. Ацы æнтыстджын операцийы фæстæ Наниты Отарæн саккаг кодтой «Сырх Стъалы»-йы орден.

1985 азы Нанийы фырт æрæздæхт Афганистанæй æмæ йе службæ адарддæр кодта Ростовы цур Цæгат Кавказы æфсæддон зылды. Куыста Кæсæг-Балхъары æфсæддон къамисариаты. Дыууæ хатты – 1995 æмæ 2002 азты командировкæйы уыд Цæцæны. 2004 азæй 2006 азмæ уыд горæт Грознæйы Ленины районы æфсæддон къамисар. Хистæр лейтенант ссис газет «Красная звезда»-йы журналист  Валерий Суходольскийы чиныг – афгайнаг фотобоныг «Пароль – революция»-йы хъайтартæй сæ иу. Мыхуыры рацыд 1986 азы. Нанийы фырт стыр нысаниуæг дæтты кæстæр фæлтæры патриотон хъомыладæн. Уый арæх ветерантимæ ауадзы хъайтардзинады уроктæ æмæ сывæллæттæн радзуры Афганистаны тыххæй: «Нырыккон фæсивæды патриотон хъомылад у бындурты бындур, уымæн æмæ дæ ивгъуыд куынæ зонай, уæд дæ фидæн нæ сараздзынæ», – фæзæгъы уый.

Ныхасы рæстæджы Отары зæрдыл æрлæууыдысты йе ‘дзард хæлæрттæ – Мулдарты Зелим æмæ Чилæхсаты Сергей.

Лейтенант Чилæхсаты Сергей уыд ротæйы командиры хæдивæг. Райгуырд Цхинвалы. Службæ кодта хицæн развæдсгарæн батальоны. Уый фæмард 1986 азы 5 апрелы. Сæ къорд бахаудта æрхъулайы, уæззау цæф фæцис æмæ йыл йæ дуне баталынг тохы быдыры. Хорзæхджын у «Сырх Тырыса» æмæ «Сырх Стъалы»-йы ордентæй, афтæ ма æндæр  хорзæхтæй дæр.

Хистæр лейтенант Чилæхсаты Зелим та уыд «Сырх Стъалы»-йы дыууæ ордены кавалер. Дыууæ дæр службæ кодтой Афганистаны.  Дыууæ дæр иу курс фæстæдæр ахуыр кодтой Нанийы фыртимæ Бакуйы уæлдæр æфсæддон ахуыргæнæндоны. Æмæ уæдæй фæстæмæ  цардысты тынг хæларæй, фæлæ…

Наниты Отары риуæй æрттивынц бирæнымæц паддзахадон хорзæхтæ. Уыдон ын лæвæрд æрцыдысты йæ  хъæбатыр службæйы тыххæй.

Æнæ скойгæнгæ мын нæй Отары фырт Наниты Сосланы тыххæй. Уый дыууæ азæй фылдæр бакуыста РХИ-йы Æнæниздзинад æмæ социалон рæзты министрæй æмæ хорз фæд ныууагъта адæмы зæрдæты йæ хорз куысты тыххæй. Абон та кусы Санкт-Петербургы æфсæддон медицинон академийы. Адæм куыд дзурынц, афтæмæй уый цæстуарзон æххуыс кæны ирон адæмæй йæм чи бахауы, уыдонæн. Æххуыс кæны сæрмагонд æфсæддон операцийы чи фæцæф вæййы, уыцы ирон хæстонты госпитализаци æмæ хос кæнынæн дæр.

Абон, 15 февралы у афгайнæгты бæрæгбон. Наниты Отарæн нæ зæрдæ зæгъы фидар æнæниздзинад æмæ царды æппæт хæрзиуджытæ.

ДЖИОТЫ Екатеринæ

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.