13-æм февралы Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент Гаглойты Алан æмæ Хицауады Сæрдар Джуссойты Константин хайад райстой нæ бæстæйы Культурæйы министрады коллегийы хыгъдон æмбырды, цыран хатдзæгтæ сарæзтой министрады дæлбаруæвæг ведомствотæ сæ бакæнгæ куыстæн 2023-æм азы, афтæ ма дзырд цыдис дарддæр та сæ разы цы хæстæ æвæрынц æмæ сын аразинаг цы ис, уыдæттыл.

Йæ хыгъдон доклады министрады сæргълæууæг Зæгъойты Рада фыццаджыдæр, банысан кодта, йæ дæлбаруæвæг министрады куыст æмæ архайды сæйрагдæр приоритетон фæдыздæхт кæй у национ культурæйы æмвæзадыл схæцыны хъуыддаг. Ивгъуыд аз Культурæйы министрадæн бантыст сорганизаци кæнын 80 мадзалæй фылдæры бæрц. Хæрзаудæн культурон мадзæлттæ, цы æхцайы фæрæзтæ-иу æрæмбырд кодтам, уыдон-иу æххуысы хуызы арвыстам сæрмагонд æфсæддон операцийы хайадисæг ирон хæстонтæн, афтæ ма Сирийы зæххæнкъуысты фæстæ гуманитарон æххуыс арвыстам сириаг сабитæн», – загъта уый.

2023 аз ивгъуыд азтимæ абаргæйæ нæ республикæйы культурон цард уыд бирæ мидисджындæр æмæ цымыдисондæр, уымæн æмæ æцæгдæр хъæздыг уыд алыгъуызон бæрæгбонон, тематикон, концертон, юбилейон æмæ æндæр ахæм мадзæлттæ æмæ цаутæй. Æнтыстджын ма уыдысты нæ республикæйы сфæлдыстадон коллективтæ. Гастролон балцыты-иу уыдон æвдыстой сæ дæсныйад арæх Уæрæсейы Федерацийы регионты, алыгъуызон фестивалты, конкурсты, лæвæрдтой солон концерттæ æмæ иууыл сæйрагдæр та – æрæздæхтысты-иу хорзæхтимæ. Афтæ национ культурæ парахат кодтой æндæр адæмты æхсæн.

Иумæйагæй сисгæйæ ивгъуыд азы Культурæйы министрадæн уыд фæстиуæгджын, бантыстис сын, сæ разы цы хæстæ æвæрдтой, уыдон. Нæ республикæйы Культурæйы министрад æмгуыстад кодта Уæрæсейы Федерацийы Культурæйы министрадимæ æмæ уый уæлдай бахахх кæнинаг хъуыддаг у. Уымæн æмæ æхсæнведомствойон сразыдзинады фæлгæтты реализацигонд æрцыд æрвылазон программæ «Обменные культурные мероприятия между Российской Федерацией и Республикой Южная Осетия». Ацы программæйы бындурыл Культурæйы министрад «Росконцертимæ» иумæ ансамбль «Симд»-æн сорганизаци кодта горæт Ростов-на-Донуйы концерт. «Культурон бастдзинæдтæ æнгомдæр æмæ уæрæхдæр кæнынц Уæрæсейы Федерацийы æндæр æмæ æндæр регионтимæ. 2023 азы нын культурон бастдзинæдтæ саразын бантыст Цæцæн, Дагъыстан, Хъæрæсе-Черкесси æмæ Кæсæг-Балхъары республикæтимæ. Ивгъуыд аз Хуссар Ирыстоны фыццаг хатт ацыдысты Цæцæны культурæйы бонтæ, афтæ ма Абхазы республикæ æмæ Ульяновскы областы культурæты бонтæ дæр», – банысан кодта министр.

Хуссар Ирыстоны культурæйы бонтæ Цæцæны республикæйы куы ацыдысты, уæдæй фæстæмæ нæ республикæты æхсæн ахастытæ ноджы хъармдæр æмæ хæларадон дæр систы. Уымæн æвдисæн – 10-æм февралы Цæцæны республикæйы официалон делегацийы æрцыд Национ политикæ, æддагон бастдзинæдты, мыхуыр æмæ информацийы министр Ахмед Дудаевы сæргълæудæй. Уыдон Рамзан Кадыровы бахæсмæ гæсгæ нæ республикæмæ лæварæн æркодтой 10 хæдтулæджы æмæ ма нын бакодтой финансон æххуыс дæр. Ацы хæларадон хъуыддаджы бындур у культурон интеграци æмæ хуымæтæджы нæ фæзæгъынц, зæгъгæ, культурæ адæмты иугæнæг у.

Зæгъойты Рада йæ хыгъдон доклады банысан кодта нæ республикæйы Культурæйы министрад хайад кæй райста Санкт-Петербургы IX-æм дунеон культурон форумы. Ацы кусæгон балц банымайæн ис стыр культурон цауыл, уымæн æмæ Зæгъойты Рада æмæ Уæрæсейы Федерацийы Культурæйы министр Ольга Любимова официалонæй сæ къухтæ бафыстой 2024-2026 азтæн æмгуыстады программæйыл. Уый стыр ахъаз уыдзæн нæ республикæйы культурæйы райрæзтæн.

Министр ма зæрдыл æрлæууын кодта, фыццаг хатт Санкт-Петербурджы Чехойты Асланы ног музейы Хуссар Ирыстоны æрыгон нывгæнджыты сфæлдыстадон равдыстæн уырыссаг аивадуарзджытæ цы стыр аргъ скодтой, уый. Æрыгон нывгæнджытæн уый уыдис иттæг хорз фæлтæрддзинад се сфæлдыстадон куысты, сæ зæрдæты ныууагъта æнæферохкæнинаг тæлмæнтæ. Нæ нывгæнджытæ культурæйы къабазы ахсынц егъау бынат æмæ уыдонæн дæр афæдзы дæргъы хайад райсынц æндæр æмæ æндæр равдыстыты.

Докладгæнæг хицæнæй æрдзырдта йæ Культурæйы министрады дæлбар ведомствоты куыст æмæ архайды тыххæй. Зæгъойты Рада банысан кодта, зæгъгæ, æппæт зындзинæдтæм нæкæсгæйæ, ведомствотæ ныртæккæйы рæстæджы дарддæр дæр интенсивон куыст кæнынц, цæмæй реализацигонд цæуой сæ куысты приоритетон фарстатæ. Сæрмагонд программæтæ кæй хъæуы аразын культурæйы размæцыды хъуыддагæн, уый бафиппайдта министр. «Уымæн æмæ кæцыфæнды нацийæн йæ удварны рæзтæн сæйраг ахъазгæнæг у культурæйы æмвæзад. Культурæ у нацийы сæрыстырдзинад æмæ исбон. Не сфæлдыстадон коллективтæ, уыдон нымæцы сывæллæтты æмæ паддзахадон ансамблтæ гастролты куы ацæуынц, уæд алкуы дæр æмæ алыхатт дæр цæстæвæрæнæн баззайынц», – загъта Зæгъойты Рада. Уый ма банысан кодта, зæгъгæ, национ культурæйы рæзт æмæ йæ бахъахъхъæныныл чи кусы, уыдон сты адæймæгтæ æмæ арфæйы ныхæстæ загъта йæ кусджытæн сæ куысты тыххæй. Министр фехъусын кодта æхсызгон хабар, зæгъгæ, «Симд» концерт радтдзæнис горæт Мæскуыйы Чайковскийы номыл залы.

Историон цыртдзæвæнты иумæйаг уавæрмæ министрад дары бæрнон хъусдард. Республикæйы территорийыл ис 1200 цыртдзæвæны бæрц æмæ министр куыд банысан кодта, афтæмæй сæ фылдæры хъæуы тагъд рæстæджы среставраци кæнын. Ахæм куыстыты тыххæй та хъæуынц æхцайы фæрæзтæ. Уый ма зæрдыл æрлæууын кодта ивгъуыд аз Гаглойты Аланы бахæсмæ гæсгæ бæрæг куыстытæ кæй æрцыд цыртдзæвæнты алыварс бынæттæ æмбæлон уагмæ æркæныны тыххæй. Уым активонæй сæхи равдыстой РХИ-йы Президенты Администрацийы кусджытæ, Парламент, Мидхъуыддæгты министрад æмæ Уæлвæткон уавæртæ æмæ æрдзон æнамонддзинæдтæ аиуварс кæныны фæдыл министрад.

Хыгъдон æмбырды нæ бæстæйы сæргълæууæг Гаглойты Алан дæр банысан кодта ведомствойы кусæг адæмы иузæрдион архайд æмæ сын раарфæ кодта. «Культурæйы министрад ахадгæ куыст бакодта. Æз-иу мæхæдæг уыдтæн бацæттæгонд культурон мадзæлтты æмæ-иу федтон сценæмæкæсджытæ куыд зæрдиагæй æмæ æхсызгонæй æмбæлдысты артисттыл», – загъта Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент Гаглойты Алан. Йæ зæрдæмæ уæлдай тынгдæр паддзахадон ансамбль «Симд»-ы юбилейон концерт кæй фæцыд, уый нæ басусæг кодта æмæ арфæ ракодта ансамблы коллективæн. Гаглойты Алан ма йæ ныхасмæ бафтыдта, зæгъгæ, республикæйы разамынад кæддæриддæр балæудзæн сæ фарсмæ æмæ-иу сын баххуыс кæндзæн сæ проблемон фарстаты.

ЦХУЫРБАТЫ Ларисæ

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.