Алы хъуыддаг дæр, уæлдайдæр та сфæлдыстадон кусæгæн, цæмæй зæрдæйы фæндиаг размæ цæуа, уымæн бирæ гæнæнтæ ис. Фæлæ хатт уыцы авналæнтæ куы фæкъуындæг уой, уæд та цæлхдурты хъæуы сæттын, аиуварс кæнын. Ахæм  хъуыдыйыл хæст у Тугъанты Махарбеджы номыл Цхинвалы нывгæнæн ахуыргæнæндоны директор Зассеты Сæрмæт дæр. Æвзыгъд нывгæнæг æмæ разамонæгæн йæ курдиат райхæлд нæхимæ – ахуыр кодта сывæллæтты нывгæнæн скъолайы æмæ уый фæстæ та нывгæнæн ахуыргæнæндоны. Фæлæ райсгæ зонындзинæдтæ фагыл нæ банымадта æмæ фæстæдæр йæ ахуыр адарддæр кодта Цæгат Ирыстоны университеты нывгæнæн факультеты.

Ахуыр каст фæуыны фæстæ æрыздæхт йæ уарзон Хуссар Ирыстонмæ æмæ 2017 азæй фæстæмæ кусы ацы ахуыргæнæндоны директорæй. Коллективимæ иумæ сæ тыхтæ здæхт сты, нывкæнынады аивадмæ æмхиц чи сты, уыцы æвзонг фæлтæрæн аккаг зонындзинæдтæ раттынмæ. Куыд радзырдта, афтæмæй йæ фæнды æмæ архайгæ дæр зæрдиагæй кæны, цæмæй та ацы ахуыргæнæндон дуджы уæззау рæстæджыты фæстæ суа йæ раздæры ном æмæ кады аккаг. Уыцы хъуыддагыл æппæт коллектив дæр архайы зæрдиагæй æмæ зæгъæн ис, азæй азмæ сæ къухты æнтыст кæй æфты. Зæгъæм, фароны 11 рауагъдонæй 9 бахаудысты Уæрæсейы уæлдæр ахуыргæнæндæттæм. Мæскуыйы Суриковы академийы цур нывгæнæн институты студенттæ систы Мæлдзыгаты Миланæ æмæ Зассеты Эдуард, æндæртæ та дарддæр сæ ахуыр дарддæр кæнынц Цæгат Ирыстон æмæ Воронежы нывгæнæн ахуыргæнæндæтты. Уый тынг хорз фæстиуæг у æмæ сын нæ зæрдæтæ зæгъынц  дарддæры æнтыстытæ.

Бæрæг куыд у, афтæмæй ацы ахуыргæнæндоны ис дыууæ хайады æмæ дзы æвзонг курдиæтты нывкæнынады аивады раст фæндагыл цайдагъ кæнынц фæлтæрд æмæ сæ хъуыддагыл иузæрдион нывгæнджытæ Козаты Æхсар, Æлборты Æхсæртæг, Сабанты Анжелæ, Бигъуылаты Рудик, Тедеты Ритæ, Плиты Джульеттæ, Пухаты Инал, Абайты Нодар, Ефименко, Куымæридтаты Аркади æмæ æндæртæ. Уыимæ ма уагдоны сæргълæууæджы зæрдиагæй фæнды, цæмæй дзы ногæй баконд æрцæуой раздæры хайадтæ – керамикæ, моделтæ аразын æмæ театралон декораци. Уый тыххæй йæ фæндон бамбарын кодта республикæйы разамынадæн æмæ йæ ныфс ис, фарст æвæрццагæй скъуыддзаг кæй æрцæудзæн. Уыдон стыр ахъаз фæуаиккой, ацы дæсныйæдтæм чи цымыдис кæны, уыцы æрыгон фæлтæры дарддæры хæрзиуæгон архайдæн.

Ахуыргæнæндоны коллектив кæддæриддæр æнувыдæй архайдта кæстæрты хуызфыссынады аивадыл цайдагъ кæнынмæ. Ахæм хъуыдыйыл хæст сты абоны ахуыргæнджытæ дæр æмæ сын ноджыдæр уæнт æнтыстытæ.

                                                         ХУЫБИАТЫ Никъала

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.