Уæззау уавæры бахауæг адæмæн баххуыс кæнын у хæрзиуæгон хъуыддаг. Чысыл чызг Саккаты Миайы низæн схос кæнынæн хъæуы финансон фæрæзтæ. Уыдон æрæмбырд кæныны тыххæй æппæт Ирыстоны уагъд цæуынц алыгъуызон хæрзаудæн акцитæ.

Цыппараздзыд Миа йæ ныййарджытæ куыд зæгъынц, афтæмæй æнæнизæй нæ райгуырд.  Астæумагъзы низ чысыл чызджы цард зындон фестын кодта. Хъæуы йын æвæстиатæй хирургион операци скæнын. Ахæм операци та кæнынц Америкæйы Иугонд Штатты. Дохтыр Миайы медицинон гæххæттытæ куы федта, уæд ныфс бавæрдта схос кæнынæй. Ахæм операцийæн дохтыр æрдомдта æртæ милуан сомы æмæ бинонтæм та ахæм æхцайы фæрæзтæ нæй. Баххуыс кæнын сын кæй хъæуы, ууыл дзырд дæр нæ цæуы. Бирæтæ архайынц сæ фарсмæ балæууыныл.

Не ‘мбæстæгтæ дæр æмбаргæдзинад равдыстой ацы чысыл чызджы æнамонддзинадмæ. Æрæджы уыдис спортивон ерыстæ скъолаты ‘хсæн футболæй. Уæлахиздзау командæ уым призы хуызы цы 15 мин сомы райстой, уыдон ахынцыдта рынчын чызджы хыгъдмæ. Суанг ма йын Сæрмагонд æфсæддон операцийы батальон «Сæрмæт»-ы хæстонтæ дæр 75 мин сомы æрæвыстой.

19-æм февралы та киноконцертон зал «Чермен»-ы ацæудзæн хæрзаудæн концерт. Мадзалы организатор Бететы Алим загъта, билеттæ иууылдæр ауæй сты, зæгъгæ.

Концерты хайад исынц Цæгат æиæ Хуссар Ирыстоны зынгæ зарæггæнджытæ. Чысыл чызджы бинонты фарсмæ æрбалæууыны сæраппонд ничи базивæг кодта. Операци скæнын хъæуы æвæстиатæй. Йæ бинонтæ цы æхцайы фæрæзтæ æрæмбырд кодтой, уыдон фаг не сты æмæ уымæ гæсгæ æрбахатыдысты махмæ. Чысыл чызг кæд Цæгат Ирыстон-Аланийы цæры, уæддæр мах стæм иу адæм, кæрæдзийы фарсмæ арæх балæууæм. Æххуысмæ цæттæ сты нæ республикæйы разамынад, парламенты депутаттæ æмæ хицæн адæймæгтæ дæр. Саккаты Миайы хъысмæт йæ зæрдæмæ æввахс чи райста æмæ финансон æххуыс чи бакодта, стæй концертæй дæр цы фæрæзтæ райсæм, уыдон иууылдæр æрвыст æрцæудзысты рынчын чызджы ныййарджыты бангон картамæ», – загъта Бететы Алим.

Æмæ ма йæ ныхæстæм бафтыдта, дарддæр дæр кæй архайдзæн ахæм хæрзаудæн акцитæ уадзыныл. Уымæн æмæ, дам, уый стыр æххуыс у рынчынæн, бинонтæ та, дам, фæныфсджындæр вæййынц. «Уадз, æмæ иу рынчынæн  фæахъаз уæд ахæм акцитæ.  Нæ адæммæ та алы хатт дæр уæд æмбаргæдзинад, иудзинад æмæ кæрæдзиуарзондзинад», – загъта концерты организатор Бететы Алим.

УАЗÆГТЫ Марфа

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.