СÆ НЫМÆЦ КÆНЫ ФЫЛДÆР

3-æм декабры æнæхъæн дуне нысан кæны Инвалидты дунеон бон. Къæлиндары ацы бон зæрдыл лæууын кæны æнæниздзинады арæнгонд адæймæгты тыххæй æмæ æхсæнадæн фадат дæтты ацы адæймæгтæм æххуысы къух фæдаргъ кæнынæн дæр. Бирæ азты дæргъы инвалидтæм ахасты политикæ ивд цыд, арæзт æрцыдысты инвалидты, сæ бинонты уæнгты æмæ волонтерон змæлды иугæнæг организацитæ. Уыдон архайынц æххуысхъуаг адæмы цардуагон уавæртæ фæхуыздæр кæныныл æмæ сын кæнынц алыгъуызон æххуыс. Инвалидты проблемæтæм хъус æрдарын кæнын æмæ сын сæ бартæ бахъахъхъæнын сæ хæсыл нымайынц.

Инвалидты дунеон боны уагъдцæуæг алыгъуызон мадзæлтты фæрцы кæстæр фæлтæр ахуыр кæнынц инвалидтæм кады ахаст дарыныл, транспорты сын бынат радтыныл, сæ хызынтæ ахæссынæн сын баххуыс кæнын æмæ афтæ дарддæр. Æнæмæнгæй сæм хъæуы хъарм ахаст дарын. Алы адæймагæн дæр йæ бон у иумæйаг хъуыддагмæ йæ хайбавæрд бахæссын æмæ ацы адæмæн баххуыс кæнын. Алчидæр иу чысыл йе ‘ххуысы къух куы фæдаргъ кæна сахъатджын адæймæгтæм, уæд сын уымæй æнцондæр кæндзæн сæ цард. Хъуамæ алы адæймаг дæр æмбара, нæ фарсмæ кæй ис ахæм адæймæгтæ, кæцыты хъæуы не ‘ххуыс.

1989-2008 азты РХИ-йы территорийыл хæстон архайдтыты рæстæджы инвалидтæ æмæ фæцæфуæвджытæн æххуысы фонды сæргъ лæууы Плиты Мадинæ. Уæздан æмæ уыимæ хъаруджын сылгоймаг йæхæдæг дæр активон хайад иста гуырдзиаг агрессийы ныхмæ тохты æмæ уымæ гæсгæ хорз зоны инвалидты проблемæтæ. Абон фонды номхыгъды ис 210  адæймаджы, уыдонæй 25 сты уæззау цæфтимæ æмæ 10 адæймаджы та – алыгъуызон протезтимæ. Плиты Мадинæ арфæ кæны инвалидтæм иу чысыл дæр йе ‘ххуысы къух чи фæдаргъ кæны, уыцы адæймæгтæн.

Хъыгагæн, абон хæстон архайдтыты фæстиуæгæн инвалидты нымæц дунейы кæны фылдæрæй-фылдæр. 2015 азы донецкаг Ваня Вороновы трагедийы цау æнæхъæн дунейыл айхъуыстис. Чысыл Ваня йæ фондзаздзыд æфсымæримæ хъазыдысты сæ хæдзары кæрты æмæ … Йе ‘фсымæр æмæ йæ дыккаг фыд фæмард сты. Ваняйæн къæхтæ æмæ иу къух нал ис, нал уыдта цæстæй.  Стыр æхсызгонæн, уæрæсейаг дохтыртæн бантыст Ваняйы цæстытæн схос кæнын æмæ абон кæд æххæстæй нæ, уæддæр суыдта æмæ цæры. Цæрæнбонтæм инвалидæй баззад. Æмæ цал æмæ цал ахæм цауы æрцыд, уыдон чи фæнымайдзæнис.

Нацистон Украинæ Донецк æмæ Луганскы Адæмон Республикæты ныхмæ хæст куы расидт, уæдæй фæстæ-мæ ацы республикæты инвалидты, уыцы нымæцы сы-вæллон-инвалидты  нымæц  дæр  бæрæг  фæфылдæр.

2022 азы 22-æм февралы сæрмагонд æфсæддон операци райдайынæй фæстæмæ уæрæсейаг хæстонты ‘хсæн фæзынд бирæ инвалидтæ. Бирæтæн кæмæн йæ къух, кæмæн та йæ къах лыгкæнинаг фесты, чи та йæ цæстырухс фесæфта æмæ афтæмæй цæрæнбонтæм баззадысты инвалидтæй. Уæрæсейы Федерацийы Фæллойы æмæ социалон хъахъхъæныны министры хæдивæг Алексей Вовченко куыд хъусын кæны, афтæмæй цæф хæстонтæн сæ 80 процентæн сампутаци кодтой сæ къæхтæ æмæ 20 процентæн та – сæ къухтæ.

Абон сектор Газы цы æбуалгъы хæстон архайдтытæ цæуынц, уый фæстиуæгæн уым дæр фæзынд бирæ инвалидтæ. Уыцы  хæстон архайдтытæн искуы кæрон куы æрцæуа, уæд инвалидты номхыгъдыл цал адæймаджы бафтыд, уый бæлвырдæй базондзæн дуне….

Нæ уацх.

 

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.