Ивгъуыд аз ноябры мæйы кæрон Президенты Администраци расидт конкурс Сывæл-лæтты барты фæдыл Президенты цур æххæстбарджыны вакантон бынат бацахсыны тыххæй. Равзæрст æрцыдысты хуыздæр куыстытæ, уыдонæй фондз лидеры ’хсæн уыд Козаты Гульнарайы кандидатурæ дæр.

— Æрæджы Президент Тыбылты Леонид дæу снысан кодта Сывæллæтты барты фæдыл Республикæйы Президенты цур æххæстбарджынæй. Дæ хъуыдымæ гæсгæ, ацы ахсджиаг бæрнон бынат цæмæн æрцыд конд, йæ нысан цы уыд?

— Сусæггаг нæу, Президент фæсивæд æмæ сабиты æнæниздзинадмæ сæрмагонд хъусдард кæй дары. Уый йæ сæйраг хæсыл нымайы республикæйæн фидæны æнæниз фæсивæд схъомыл кæнын. Йæ архайдæй амоны æмæ домы алкæмæйдæр, цæмæй æппæт тыхтæй дæр тырной цæмæй рæзгæ фæлтæры ’хсæн цæуа хъомыладон куыст, сæйра-джыдæр та сæ хъус дарой се ’нæниздзинадмæ. Хъыгагæн, хатт хæлд æрцæуынц сабиты бартæ. Кæд нæ паддзахады ахæм фæзындтæн уадиссаг арæх бынат никуы вæййы, уæддæр бирæ æндæр вазыгджын фарстатæ ис, цæмæй сабитæн æмбæлонæй сæ бартæ хъахъхъæд цæуой. Ацы бæрнон бынат уыдзæнис нæ республикæйы сабиты бартыл чи куыста, уыцы системæ ноджы сфидар кæнынæн.

— Дæ фыццаг къахдзæфтæ кæцæй райдыдтай аразын ацы бæрнон бынаты?

— Уæлдæр куыд банысан кодтам, афтæмæй ацы бынат ног у, нæ республикæйы. Фыццаг рады саразын хъæуы барадон-нормативон нормæтæн базæ. Уый руаджы мах стыр ныфс æвæрæм, Уæрæсейы Федерацийы нын цы коллегæтæ ис, уыдонæй. Мæн ныфс ис, уыдон комкоммæ ахаст æмæ лæмбынæг хъусдарды руаджы нæ куыст тагъд йæ гаччы кæй сбаддзæн. Бирæ фарстаты æмæ нын фæдыздæхтыты баххуыс кæндзæн УФ. Æз мæхæдæг мæ куыст райдайын хъавын, куыд горæты администраци, афтæ районты админис-трацитæй, мидхъуыддæгты министрады æнахъомты хайады кусджытимæ иумæ. Уымæн æмæ уыдонмæ стыр фæлтæрддзинад ис зынхъомылгæнæн сабитимæ кусыны фадыджы.

— Дæ куыстæн йæ сæйраг фæдыздæхтытæ цавæртæ сты?

— Фыццаг рады — сывæллæтты бартæ хъахъхъæнын. Уыдон рафæлгъауын хъæудзæнис райдианæй, уæлдай нæу, сывæллоны бартæ кæм хæлынц бинонты ’хсæн æви æхсæнады. Уый тыххæй хъæудзæн проблемæ лæмбынæг сахуыр кæнын, анализ ын скæнын, æп-пæтварсонæй йæм бавналын æмæ уый фæстæ хатдзæгтæ саразын. Уæлдæр куыд загътон, афтæмæй уыцы хъуыддаджы нæ фарсмæ балæудзысты Уæрæсейы субъекттæ. Уыдонмæ ис стыр фæлтæрддзинад ацы хъуыддаджы бирæ азты кусынц æмæ зонынц, куыд тох кæнын хъæуы сабийы бартæ халджытимæ.

Нæ бæстæйы сæргълæууæг мæ Сывæллæтты барты фæдыл республикæйы Президенты цур æххæстбарджыны бынатмæ куы снысан кодта, уæд загъта: «Ды бирæ рæстæджы куыстай ахуырады къабазы, хъомыл кæныс сывæллæтты. Уый у ахсджиаг хъуыддаг. Республикæйы разамынад иттæг серьезон ахаст дары рæзгæ фæлтæрмæ, фæсивæдимæ баст проблемæтæ æмæ фарстатæм. Кæй зæгъын æй хъæуы, ацы къабазы бирæ саразын хъæуы. Мæн ныфс ис, уыцы фæлтæрддзинад æмæ практикæйæ пайда кæй æрцæудзæнис нæ иумæйаг куысты», — дзырдта мын Тыбылыты Леонид. Æз арф райстон мæ зæрдæмæ уыцы ныхæстæ æмæ ныфс бавæрдтон цы стыр бæрндзинад мыл ис, Президент мыл йе ууæнк кæм бафтыдта, уыцы куыстмæ æппæт мæ хъарутæ кæй аздахдзы-нæн, цæмæй сывæллоны бартæ хъахъхъæныны институт рæза нæ республикæйы.

«Фидæн абонæй аразгæ у!» — фæзæгъынц куырыхон адæм. Цас æнæниз, куыстхъомдæр æмæ амондджындæр сабитæ рæза æхсæнады уыйбæрц рæсугъддæр уыдзæнис нæ фидæн. Æрæджы бынæттон телеуынынады алæвæрдты федтам æнæгъдау бинонты сывæллæтты тыххæй сюжет. Хъыгагæн, уый стыр маст æрхаста не ’мбæстæгтæн, уымæн æмæ дзы хæлд æрцыд сывæллоны бартæ. Уæд РХИ-йы Президент ауагъта æнæрадон æмбырд, цыран бæрнон куысджытæн сæ разы æрæвæрдта конкретон хæстæ. Ныр махмæ дæр ис ахæм системæ, кæцы кусдзæн сывæллоны бартæ хъахъхъæныны, йе ’нæниздзинады, ахуырады, сæрибардзинады æмæ æндæр ахæмты фæдыл.

Уавæрæй пайдагæнгæйæ, арфæ кæнын Ирыстоны сабитæн. Цæрут цъæх арвы бын æнæнизæй! Фæнды мæ, цæмæй сæххæст уой уæ царды фæндтæ æмæ рацæуат аккаг фæдонтæ.

Уазæгты Марфа

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.