Хуссар Ирыстоны майы бæрæгбонтæм байгом туристон сезон. Кæд цыдæр бæстæты туроператортæ æрвылсезон кусынц, æхгæд сезон сæм никуы вæййы, фæлæ мах æрдзон уавæртæ бар нæ дæттынц афæдзы алы афон дæр туристтæ исынæн. Махмæ сезон байгом вæййы майы мæйы æмæ йæ сæхгæнынц октябры мæйы.

Фарон Хуссар Ирыстоны уыдис фондз мин туристы бæрц. Уыдон нæ республикæмæ æрцæуынц алыгъуызон туроператорты фæрцы. Ацы бонты нæм чи æрцыд. Уыдон дыууæ бонмæ æрзылдысты Ирыстоны химæлвасæг, фенддаг бынæттыл. Семæ уыд цæгатирыстойнаг туристон фирмæ Eхploring Alania-йы сæргълæууæг Гасситы Михаил дæр. Семæ æркодтой зынгæ шеф-повар Илья Лазерсоны дæр. Æнгæс тур ма арæзт æрцыд ивгъуыд азы дæр. Йæ нысан у Ирыстоны  иу культурæ æмæ иу традицитæ кæй ис, уый æмбарын кæнын.

Туризм райтынг кæныны фæдыл нæ республикæйы разамынадæн ис йæхи пълæнттæ, фæлæ уал абон уыцы фадыджы уадиссаг ницы арæзт цæуы. Нæ республикæйы территорийыл цы туристон маршруттæ ис, уыдон популяризаци кæныныл кусынц хицæн адæймæгтæ. Уыдонæй зындгонддæртæ сты Бететы Юри æмæ Карсанты Гурам. Ацы дыууæ нæлгоймагæн сæ хъуыды у ахæм: Хуссар Ирыстонмæ æрбахизæны хъæуы сæвæрын арт-объекттæ национ атрибутикæимæ. Арт-объекттæ сæвæрын хъæуы сæйраг  туристон маршруттыл дæр, цы фæндæгтæ сæм цæуы, уыдон та хъæуы бадзæбæхтæ кæнын. Афтæ ма фенддагдæр бынæтты саразын хъæуы фæлгæсæн  фæзуæттæ.

Карсанты Гурам куыд загъта, афтæмæй ацы куыст кæны 2016 азæй фæстæмæ: «Афтæ зæгъæн ис, æмæ æрзылдтæн нæ бæстæйы æппæт къуымты дæр. Нæ зæххыл цас историон цыртдзæвæнтæ ис, уыйас иу бæстæйы дæр нæй. Нæ территорийыл ис алайнаг дуджы арæзт уникалон фидæрттæ. Уыдонмæ хъæуы фæндæгтæ аразын. Ахæмтæ сты Монастер, Хеит, Дзагъина, Циркол, Морæх, Къуайсайы комы лæгæттæ, Цхинвалæн цæгаты ‘рдыгæй цы алайнаг фидар ис, уый æмæ   ма ноджы æндæр нысаниуæгджын бынæттæ.

Бететы Юри та зæгъы, зæгъгæ, Транскам, Знауыр, Дзау, Къуайса æмæ Ленингормæ фæндæгтыл хъæуы æхсæнадон санитарон бынæттæ саразын. Стæй ма хъæуы информацион æмæ культурон объектты амонæнтæ сæвæрын,  фæндаггæрон хæрæндæттæ æмæ чысыл уазæгдæттæ байгом кæнын, цæмæй туристтæн фадат уа æрлæууын æмæ аулæфынæн. Нæ горæты ис цалдæр уазæгдоны. Уыдон фаг не сты, стыр масштабтæй туристтæ исынæн. Уымæ гæсгæ сцалцæг кæнын хъæуы уазæгдон «Алан» дæр. Стæй ма хорз уаид æрбайгом кæнын хостелтæ. Чеселт, Ерман, Борджнис æмæ Къозы хъæуты æрбакæнын чысыл уазæгдæттæ.

Нæ республикæмæ туристты æрцыд абон дæр æвзæр фæстиуæг нæ дæтты æмæ ацы къабаз цас тынгдæр популярон кæнæм, уыйбæрц хуыздæр уыдзæн, фылдæр уазджытæ нæм цæудзæн. Нæ бæстæйы тыххæй объективон информаци парахат кæнынæн уый фадат дæтдзæн æмæ нын нæ истори ничиуал зыгъуыммæ кæндзæн.

Ацы куыстытæ фыццаградон æгъдауæй куы нæ бакæнæм, афæдзæй-афæдзмæ куы æргъæвæм хъуыддаг, уæд фæсте баззайдзыстæм логистикæйæ, туристты цымыдисдзинад дæр цадæггай æрмынæг уыдзæн.

Профессионалон кадртæ – экскурсоводтæ бæргæ бацæттæ кодта ХИПУ, лæвæрд сын æрцыд сертификаттæ дæр, фæлæ уыдон дæр бæрзонд – хæххон маршруттæм куы цæуой, уæд сын хъæудзæн, кæм баулæфой, ахæм бынæттæ.

Мидæггагон туризмыл куы дзурæм, уæд уым дæр ис проблемæтæ: адæм уæлæнгай цæстæй кæсынц æрдзмæ, чъизи кæнынц суадæттæ, фенддаг бынæтты æмæ æндæр объектты территоритæ дæр. Бакæнын хъæуы Хуссар Ирыстоны тыххæй сæрмагонд сайт, цæмæй дзы æппынæдзух æвдисой химæлвасæг бынæттæ. Ацы æмæ æндæр фарстатыл бакусын Президент Гаглойты Алан бахæс кодта Экономикон рæзты министрадæн, фæлæ абон дæр размæцыд нæй.

УАЗÆГТЫ Марфа

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.