Хуссар Ирыстоны Президент Гаглойты Алан къуырисæры адæм æмæ Парламентмæ Ныстуаны Экономикон райрæзты министрадæн бахæс кодта туризмы райрæзты фæдыл Агентад саразын. Президент туризм банымадта экономикæйы перспективондæр къабазтæй иуыл.

Æхсæнадон архайæг æмæ зынгæ гид Бететы Юри куыд зæгъы, афтæмæй йын  апрелы мæйы уыцы фарсты фæдыл уыд фембæлд бæстæйы разамонæгимæ. Дзырд цыд туристон объекттæ æмбæлон уагмæ æркæныныл. Культурон бынæттæй æвзæрст æрцыд дæс. Иууылдæр сты популярон бынæттæ æмæ хъæуы бафснайын. Куыстытæ сæххæст кæнынæн æхцайы фæрæзтæ рахицæн  кодта Гаглойты Алан. Фыццаг уал æмбæлон уагмæ æркодтой Ирыхъæуы кувæндон æмæ мæсыг. Ныр та хæрзарæзт цæуы Дменисы фидар. Æфснайæн куыстыты хайад райстой Дменисы иумæйагахуырадон скъолайы сывæллæттæ дæр. Президенты фæндонмæ гæсгæ, историон цыртдзæвæнтæ фæстæдæр лæвæрд æрцæудзысты ног агентадмæ, цæмæй объектты уавæрмæ æдзухон каст уа.

Дменисы мæсыг

Чысыл Леуахийы рахиз фарс Дменисы къуылдымæй дардмæ фæлгæсы æнусон гæнах. Ацы историон цыртдзæвæны ма хонынц Уанаты мæсыг дæр. Нымад цæуы туристты уарзондæр бынатыл. Фидары рæбын æмæ донбылгæрæтты сæрдыгон бонты улæфджытæй вæййы йедзаг. Гæнахмæ ссæуæн фæндаг у æнцонвадат. Историон иртасджытæ куыд зæгъынц, афтæмæй ацы арæзтад хауы XVI-XVII-æм æнусы цыртдзæвæнтæм. Архивон документтæ куыд амонынц, афтæмæй уыд Ерыстау æлдæртты сусæг къуым.

Хуссар Ирыстоны иууыл зынгæдæр гид Карсанты Гурам та зæгъы: «Фидæрттæ нæ республикæйы территорийыл ис сæдæйæ фылдæр. Фылдæрбæрцæй сты мыггæгты фидæрттæ. Фæлæ ахæм гæнахтæ мæ туристон картайы ис æрмæст дæс. Монастер æмæ Дзагъинайы дæр ис ахæм мæсгуытæ. Туристтæ тынг цымыдис кæнынц мæсгуытæм. Уыдонимæ раныхæсты фенцой кæнын ахуыргонд Дзиццойты Юрийы иртасæн куыстытыл. Цæгат Ирыстоны нæй ахæм гæнахтæ. Дзиццойты Юри зæгъы, зæгъгæ, ам ерыстау æлдæрттæн уыд сæ гарнизон. Бадгæ та дзы кодтой Батиатæ, фæстæдæр ацы мыггаг фæлыгъдысты Гуырдзыстонмæ æмæ уым Батиашвилитæ систы», – зæгъы туристон фирмæ «Карсан-тур»-ы хицау.

Зонад-иртасæн институты истори æмæ этнологийы хайады зонадон кусæг Мæргъиты Ирбег куыд амоны, уымæ гæсгæ ацы мæсыджы истори тынг цымыдис кæны адæмы. «Фат æмæ æрдыны дуг куы уыд, уæды арæзт нæу ацы мæсыг. Зынгæхсæг хæцæн-гарзы фæзынды агъоммæ цы фидæрттæ арæзт цыд, уыдон иууылдæр ныппырх сты XIV-XVI æнусты. Кавказы та зынгæхсгæ хæцæнгарз фæзынд XVI æнусы. Уайтагъд фидæрттæ аразынмæ кæцæй бавнæлдтаиккой? Уымæ гæсгæ зæгъæн ис æмæ ацы фидар арæзт у XVI æнусы кæрон, науæд та XVII æнусы райдайæны», – зæгъы уый.

Мæсыгмæ чи бахизы, уый бацымыдис кæны, мидæгæй дзы цы сусæг фæндаг цæуы лæгæтмæ, уымæ. Ис дзы сæрмагонд къуым арæзт, кæцы нырма иртæст не ‘рцыд, фæлæ ахуыргæндты хъуыдымæ гæсгæ, гæнæн ис, ам дардтой уацайрæгты. Ацы мæсыг йе скондмæ гæсгæ нымад цæуы феодалоныл. Дменисы хъæубæсты цæрджытæ цы таурæгъ дзурынц, уымæ гæсгæ фидар уыд Ерыстау æлдæртты фыдæлтæ Сидамонты. Арæзт цыд Чысыл Леуахийы дурæй. Адæм, дам, рæхыс лæуд кодтой Леуахийæ суанг къуылдыммæ, æмæ кæрæдзимæ лæвæрдтой дуртæ, афтæмæй цыд арæзтад.

Зындгонд историк (дзæнæттаг) Гаглойты Юрийы иртасæн куыстыты Дменисы мæсыджы тыххæй цы зонæнтæ ис, уыдонæй бæрæг у, мæсыг тынг кæй бахъыгдард лекъæгты æрбабырсты рæстæджы. Историон зонæнтæм гæсгæ Лекъæгтæ Цхинвалмæ æрбабырстой XVII æнусы æмæ йыл арт бафтыдтой. Æвæццæгæн, дам, ацы гæнах дæр уыцы рæстæджы æрцыд пырх. Науæд та Гуырдзыстоны паддзахады æрдыгæй Уæрæсейы паддзахы æфсады æфхæрæн экс-педициты рæстæджы. Ахæм уыд йæ хъуыды Гаглойты Юрийæн.

УАЗÆГТЫ Марфæ

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.