23 февралы мах мысæм бæстæйы арæнтæ æмæ  сабырдзинад хъахъхъæныныл   чи архайы, æрмæст уыдон нæ, фæлæ сæрыстырæй чи фæслужбæ кодта, уыцы кадджын ветеранты. Кад кæнæм, Фыдыбæстæйыл иузæрдиондзинады тыххæй цытджын ард чи бахордта, чи йæ хъахъхъæдта, хъахъхъæны æмæ йæ дарддæр чи хъахъхъæндзæн, æппæт уыдоны.  

Æхсар, намыс, хъæбатырдзинад æмæ лæгдзинад – уыдон сты алы Фыдыбæстæ хъахъхъæнæджы сæйраг æууæлтæ. Уыдонæй кæдфæндыдæр æххæст уыд ирон хæстон – тохы быдыры дæр æмæ сабыр цардарæзтады дæр. Æндæр адæмтау, мах дæр хорз зонгæ стæм Фыдыбæстæ хъахъхъæнæджы кадджын традицитæ æмæ æууæлтимæ, уымæн æмæ уыдон сæрыстырæй хъахъхъæнынц Райгуырæн зæхх æмæ бæстæйы националон интерестæ.

Фыдыбæстæ хъахъхъæнæджы бон æмæ Хъахъхъæнынады министрады сырæзтыл 31 азы сæххæсты цытæн цытджын æмбырд знон уыдис Паддзахадон драмон театры бæстыхайы.

Бæрæгбонон мадзалы хайад райстой бæстæйы разамынад Президент Гаглойты Аланы сæргълæудæй, Хицауад æмæ парламенты уæнгтæ, тыхон структурæты минæвæрттæ, Гарзджын тыхты ветерантæ æмæ æхсæнады минæвæрттæ.

Цытджын æмбырды хайадисджыты рæгъмæ хаст æрцыд Хъахъхъæнынады министрады  пресс-службæйы бацæттæгонд документалон киноныв, Фыдыбæстæ хъахъхъæнджыты хъæбатырдзинад æмæ Хъахъхъæнынады   министрады сырæзтыл 31 азы кæй сæххæст, уый фæдыл.

Цытджын караул залмæ æрбахастой Паддзахадон æмæ Гарзджын тыхты тырысатæ. Азæлыдис гимны мелоди. Бæстæйы сæргълæууæг Гаглойты Алан арфæ ракодта  ахсджиаг бæрæгбоны фæдыл æмæ æрдзырдта  нысаниуæгджын боны тыххæй.

 

Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент Гаглойты Аланы арфæ Фыдыбæстæ хъахъхъæнæджы боны цытæн

Фыдыбæстæйы цытджын хъахъхъæнджытæ, Гарзджын тыхты ветерантæ, хæстонтæ-интернационалисттæ! Зынаргъ хæлæрттæ!

Арфæ уын кæнын Фыдыбæстæ хъахъхъæнæджы боны цытæн. Ацы æппæтадæмон бæрæгбон у, Фыдыбæстæйæн чи лæггад кодта æмæ æппæт йæ историйы дæргъы йæ бæстæ чи хъахъхъæдта, уыдоны хъайтардзинад æмæ кад кæныны, Райгуырæн зæхх хъахъхъæнджыты æппæт фæлтæрты æнæфæцудгæ бастдзинады бон.

Ирыстон сæрыстыр у, Райгуырæн зæххы сæрибардзинад æмæ хæдбардзинады сæраппонд æхсарджынæй цы лæппутæ тох кодтой, уыдоны сгуыхтдзинад æмæ хъайтардзинадæй. Абон мах бузныг зæгъæм, йæ цардыл æнæауæрдгæйæ йæ райгуырæн зæхх, йæ адæмы сæраппонд знаджы ныхмæ чи тох кодта, æппæт уыдонæн.

Кадджынæй службæ кæнын Ирыстоны нымад цæуы æхсарджын æмæ аккаг адæймæгты хъуыддагыл. Патриотизм, Фыдыбæстæйы интерестæ хъахъхъæнынмæ цæттæдзинад æнæфæхицæнгæнгæ баст сты æфсæддон хæс æмæ бæрзонд æмбæстагдзинады æнкъарæнтимæ. Хæстон æмхæлардзинады æмбарынад та алыхатт уыд æмæ уыдзæн Фыдыбæстæ хъахъхъæнæджы хæстон кады кодексы æнæфæхицæнгæнгæ хай.

Ацы бон Ирыстон кад кæны, нæ Фыдыбæстæйы сæрибардзинад æмæ хæдбардзинад хъахъхъæныны тыххæй хæцæнгарзимæ чи слæууыд, уыцы æмбæстæгтæн. Бæстæ бузныг у, кадимæ чи æххæст кодта йæ æфсæддон ардбахæрд, уыдонæй. Йæ сæрæй ныллæг кувы Стыр Фыдыбæстæйон хæсты хъайтарты рухс нæмтты раз. Кад кæны, Афганистаны хæсты, Донбассы æмæ Ног Уæрæсейы цæрджыты хъахъхъæныны хайад чи исы, хъæбатырæй чи тох кæны  неонацизмы тыхты ныхмæ, уыдонæн.

Фидæны фæлтæры уаз хæс у, Райгуырæн зæххы сæрибардзинад æмæ хæдбардзинады сæраппонд сæ цард чи снывонд кодта, уыдоны рухс нæмттæ хъахъхъæнын æмæ зæрдыл дарын. Æнусон кад нæ хъайтартæн.

Зынаргъ хæлæрттæ!

Нæ адæмы æмæ нæ бæстæйы иу æмæ дыууæ хатты нæ бахъуыд фæлварæнты ныхмæ фæлæууын, хæцæнгарз райсын, цæмæй Райгуырæн зæхх знагæй бахъахъхъæнæм. Абон æй мах хорз зонæм, сабыр цард æмæ нын фидар фидæн нæ уыдаид, Райгуырæн зæхх хъахъхъæнынмæ цæттæ куы нæ уыдаиккам, уæд.

Абон мах нысан кæнæм ноджы иу ахсджиаг бæрæгбон – республикæйы Хъаххъæнынады министрады сырæзтыл 32 азы сæххæсты бон. Нæ Гарзджын тыхты æппæт историйы дæргъы хæстонтæ æхсарджынæй хъахъхъæдтой Фыдыбæстæ, лæууыдысты сæ зæххыл сабырад бахъахъхъæныны сæ-раппонд.

Мах дæр  æппæт нæ тыхтæ ратдзыстæм Гарзджын тыхтæ хуыздæр кæнынмæ. Ныры реалитæм гæсгæ сæ ифтонг æмæ цæттæ кæндзыстæм, раззагдæр хаххы æцæг хæстон фæлтæрддзинадыл бындуриуæг кæнгæйæ. Фидар кæндзыстæм нæ хъахъхъæнынад, нæ стратегион партнер – Уæрæсейы Федерациимæ хæстон æмгуыстадмæ серьезон хъусдард здахгæйæ.

Уыцы-иу рæстæджы нæ тыхтæ уæрæх кæндзыстæм фидар сабырад æмæ стабилондзинад ифтонг кæныны фæдыл.  Архайдзыстæм æппæт хъæугæ фæрæзтæй, цæмæй нын уа æдасдзинады гарантитæ, æнæ уымæй уæвæн нæй фæдфæдылон рæзтæн.

Адæм æууæндынц нæ Фыдыбæстæ хъахъхъæнджытыл, æууæндынц уæ æхсардзинад, уæ хæсыл, æнувыддзинадыл. Адæм æмæ Гарзджын тыхтæ алыхатт дæр уыдысты æнгом! Уый у æнæфæхицæнгæнгæ иудзинад – нæ уæлахизы бындур.

Цытджын хæлæрттæ!

Мæ цæст уын уарзы фидар æнæниздзинад æмæ æнтыстытæ Фыдыбæстæйæн лæггад кæныны хъуыддаджы, фæрныгад уæ бинонтæн æмæ æввахс хиуæттæн. Цавæрфæнды фыдбылызтæ дæр уæ царды иувæрсты цæуæнт.

Бæрæгбоны хорзæх уæ уæнт, зынаргъ хæлæрттæ! Фыдыбæстæ хъахъхъæнæджы боны хорзæх уæ уæнт!

Гаглойты Алан уæлдай банысан кодта Фыдыбæстæ хъахъхъæнджыты удуæлдай тох, уыдон, зæгъгæ, фæлæууыдысты знаджы ныхмæ æмæ лæбурæг сырдон тыхтæй бахъахъхъæдтой сæ адæмы.

«Абон не ‘хсæн ис лæппутæ, кæцытæ 2004 азы, уый фæстæ 2008 азы знаджы тыхты ныхмæ лæууыдысты хъаруджынæй уæлахизы онг æмæ нæ Райгуырæн бæстæйы фесафын нæ бауагътой. Абон нæ хъæбатыр лæппутæ ногæй слæууыдысты уыцы знаджы ныхмæ æмæ хъахъхъæнынц сабырдзинад Донбассы зæххыл», – дзырдта Президент.

Бæстæйы сæргълæууæг бузныг загъта Фыдыбæстæйы алы хъахъхъæнæгæн дæр æмæ йæ цæст бауарзта, цæмæй знаг нæ уæзæгыл йæ къах дæр макуыуал æрæвæра.

Ирыстоны ног историйыл нæ цæст куы ахæссæм, уæд нæ нæ хъуыдытæ фылдæр ахæссынц хæстон архæйдтытæм, нæ бæстæ, нæ фыдæлты зæхх цыфыддæр знагæй куыд хъахъхъæдтдæгтæм. Æхсæвæй-бонæй, хурбонты æмæ карз зымæгон æхсæвты нæ фæндвидар æмæ хъаруджын лæппутæ нæ фæцудыдтой. Сæрибардзинадмæ фæндæгтыл цæугæйæ, Фыдыбæстæ хъахъхъæнджытæ хызтысты дуг æмæ рæстæджы карз фыдæвзарæнты сæрты. Уыцы сæрибардзинады сæрыл бирæ ирон туг ныккалд… бирæ фæлтæртæ баисты знаджы нæмыджы амæттаг. Бæрæг уыд иу хъуыддаг – Фыдыбæстæйы сæрыл тох кæнын кæм хъуыд, уым сæ цардыл дæр нæ хъуыды кодтой æмæ нæ ауæрстой.

Бæрæгбонон цытджын æмбырды фæстæ мадзалы хайадисджыты рæгъмæ хаст æрцыд бæстæйы культурæйы министрады бацæттæгонд концерт.

КЪÆБУЛТЫ Маринæ

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.