Президент Гаглойты Алан йæхимæ райста уæгъдибар хъæбысхæстæй Европæйы чемпионаты бронзæйон призер Джиоты Арсены.

Фембæлды хайад райста спортсмены фыццаг тренер, РХИ-йы сгуыхт тренер Коцты Тамерлан.

Гаглойты Алан банысан кодта богалы стыр спортивон æнтыстытæ æмæ загъта, зæгъгæ, йе ‘нтыстытæ сты нæ паддзахадæн ахсджиаг æмæ нысаниуæгджын.

«Ды кад кæныс ирон адæмæн, дæ Райгуырæн бæстæйæн. Мах иумæ цин кæнæм де ‘нтыстытыл. Мæ цæст дын уарзы дарддæры æнтыстытæ æмæ уæлахизтæ», – загъта Президент.

Паддзахады сæргълæууæг бузныг загъта спортсмены æппæт тренерон скондæн, уæлдайдæр та Джиоты Арсены фыццаг тренер, Коцты Тамерланæн.

«Ды стыр хайбавæрд хæссыс аккаг рæзгæ фæлтæр хъомыл кæныны хъуыддагмæ. Дæ хъомылгæнинæгтæ, кæддæриддæр, бацахсынц призон бынæттæ, Ирыстонæн кад кæнгæйæ», – банысан кодта Гаглойты Алан.

Зынгæ спортивон æнтыстыты æмæ уæгъдибар хъæбысхæстæй   Европæйы чемпионаты æнтыстджын ралæуды тыххæй Джиоты Арсен хорзæхджын æрцыд Республикæ Хуссар Ирыстоны Кады грамотæйæ.

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.