1989-2008 азты РХИ-йы территорийыл хæстон архайдтыты рæстæджы инвалидтæ æмæ фæцæфуæвджыты æххуысы фонд рахæцыд уæрæсейаг паддзахады архайæг сæргълæууæг Владимир Путины æвварс УФ-йы президенты æвзæрстыты кандидаты хуызы.

«Хуссар Ирыстоны адæм сæхиуыл бавзæрстой сæ хуссайраг сыхæгты ‘рдыгæй агрессийы уæззаудзинæдтæ 1920 азæй райдайгæйæ 2008 азы онг. Уæрæсейы Федерацийы фæрцы махæн нæ бон ссис национ суверенитет бахъахъхъæнын æмæ нæ цæрджытæн сабыр цард сифтонг кæнын. Мах бузныг стæм Уæрæсейы Федерацийæ Владимир Путины сæргълæудæй республикæйæн иууыл уæззаудæр рæстæджыты бакæнгæ æххуысы тыххæй. Путин у стыр адæймаг æмæ лидер, дунеон политикæйы йе ‘ндæвдадæн зын саргъгæнæн у, уымæн æмæ цы уынаффæтæ райсы, уыдонæн ис глобалон нысаниуæг», – банысан кодта фонды сæргълæууæг Плиты  Мадинæ.

Йæ ныхæстæм гæсгæ, фонд иумиагæй хæцы УФ-йы архайæг президенты политикæйы æвварс, уымæн æмæ здæхт у рæстдзинады фидар кæнынмæ.

«Куыд Стыр Фыдыбæстæйон хæсты рæстæджы, афтæ абон дæр Хуссар Ирыстоны хæстонтæ уæрæсейаг салдаттимæ фæрсæй фæрстæм тох кæнынц рæстдзинады сæрыл. Се ‘хсæн сты фонды минæвæрттæ дæр. Уыдон ацыдысты фронты раззаг хахмæ æмæ кадимæ æххæст кæнынц сæ хæстæ не стыр Райгуырæн бæстæ – Уæрæсейы раз», – загъта фонды сæргълæууæг.

Уый ма банысан кодта, зæгъгæ, æнусты дæргъы ирæттæ се ‘фсымæртыл нымайынц æппæт уырыссаг адæмы æмæ уымæ гæсгæ Хуссар Ирыстонæй тохгæнджытæ ацыдысты Донбассмæ уырыссаг дуне бахъахъхъæнынæн баххуыс кæныны тыххæй, бахъуыды рæстæджы уæрæсейаг салдат хуссарирыстойнаг зæххыл сабырдзинад куыд æрфидар кодта, афтæ.

 

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.