Мыхуыры рацыд æмæ йæ кæсджытæм фæхæццæ сабиты уарзон журнал «Ногдзау»-ы 2024 азы фыццаг номыр.

65 азы сæххæст поэт Колыты Виталийы райгуырдыл æмæ йын журналкæсджытæ базонгæ уыдзысты йæ цард æмæ сфæлдыстадимæ цыбыртæй. Мыхуыр ма дзы æрцыдысты йæ дыууæ æмдзæвгæ «Аслæнбегæн» æмæ «Баба» дæр.

Редакцийы коллектив хорз хъусдард здахы райдайгæ æвзонг автортæм. Ацы номыры дæр мыхуыр æрцыд Беслæны 7-æм скъолайы 9-æм къласы  ахуырдзау Дадтеты Амыраны куыст «Царциаты сæфт». Поэзийы жанрæй та дзы кæсджытæ базонгæ уыдзысты гимназ «Диалог»-ы 3-æм къласы ахуырдзау Хуыгаты Батрадзы æмдзæвгæ «Мæ нана» æмæ Дзæуджыхъæуы 43-æм скъолайы 7-æм къласы     ахуырдзау Наниты Давиды æмдзæвгæ «Дидинæг мæ рудзынджы бын». Дарддæр æвзонг кæсджытæ æхсызгондзинады æнкъарæнтимæ бакæсдзысты Дудиаты Элинæйы радзырд «Къæбылатæ».

«Богатырь Байкал» – ахæм сæргонды бын уырыссаг æвзагыл «Ногдзау» ныммыхуыр кодта бурятаг адæмон аргъау. Журналы редакци хорз кæны, йе ‘взонг кæсджыты кæй зонгæ кæны «Нарты кадджыты» персонажтимæ, уымæй. Ацы номыры дæр та кæсджыты размæ рахаста Хæмыцы фæлгонц æмæ йæ бакæсдзысты ирон æмæ уырыссаг æвзæгтыл. «Цæр мын, ирон æвзаг!» – ахæм уацы бын йæ мадæлон æвзаджы нысаниуæг æмæ ахадындзинады тыххæй  зæрдиагæй ныхас кæны «Республикон физикон-математикон лицей-интернат»-ы 9 «В» къласы ахуырдзау Гуытъиаты Шанин. Зындгонд куыд у, афтæмæй 2023 азы «Ногдзау» æмæ «Башкортостан»-ы сывæллæтты журнал «Акбузат» бадзырдтой иумæйаг архайды тыххæй. Ацы номыры цалдæр æмдзæвгæйы ныммыхуыр кодта ирон журнал, куыд башкираг, афтæ тæлмацæй уырыссаг æвзагыл дæр. Дарддæр дзы сабитæ базонгæ уыдзысты Джимиты Кларæйы «Гида скъоламæ куыд ацыд» æмæ рубрикæ «Нæ хурты хуртæн»-ы та мыхуыр ис аргъау «Рувинкæйæн планшет куыд балхæдтой».

Журналы ма нæ чысыл хуртæ базонгæ уыдзысты æрмæджытимæ ахæм рубрикæйы бын, куыд «Хъазт. Стырдæрæй къаддæрмæ», «Базон-базонтæ», «Ахуыр кæнæм мадæлон æвзаг», «Ирыстоны зайæгойтæ æмæ цæрæгойтæ», «Ногдзау»-ы конкурсы уæлахиздзаутæ», «Базон-базон», афтæ ма сканворд, филворд, дзырдбыд æмæ æндæртимæ. Журнал аивадон æгъдауæй сфæлгонц кæныныл бакуыстой нывгæнджытæ Абайты Аркъади, Айларты Владимир æмæ Цомайты Аллæ.

ХУЫБИАТЫ Никъала

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.