Æнцойад нын нæ дæттынц хæстытæ. Стай азы дæр нæма рацыд, нæ фыдтæ æмæ нæ дадатæ фашизмы кæм ныддæрæн кодтой æмæ сын уæлахизæй чи фæцис, уыцы Стыр Фыдыбæстæйон хæстæй. Уыдонæн рахъомыл сты сæ хъæбултæ, уыдоны хъæбултæ æмæ йæ хъысмæтимæ иунæгæй аззайæг Хуссар Ирыстоны ногæй хъахъхъæнын бахъуыд гуырдзиаг фашизмæй. Ам дæр  бирæ азты дæргъы уæззау хъизæмæрттæ бавзарыны фæстæ Уæрæсейы æххуысæй уæлахиз, сабыр цард ногæй нæ къухты бафтыд. Æмæ та ныр ногæй – хæст. Цæуы ныр æртыккаг аз. Уый нæдæр Ирыстоны, нæдæр Уæрæсейы территорийыл цæуы, фæлæ æмбæрстгонд у, ныгуылæн та Уæрæсейы ныхмæ йæ хотых кæй разылдта. Мах, ирон адæм, та нæ фидæн æрмæстдæр Уæрæсеимæ кæй уынæм, уымæ гæсгæ слæууыдыстæм Уæрæсейы фарсмæ æмæ нæ лæппутæ тох кæнынц, Украинæйы йæ сæр чи сдардта, æмæ тасдзинад чи хæссы, уыцы фашизмы ныхмæ.

Хæст хæст у. Хъыгагæн, нæм уырдыгæй æрыхъуысы фыдохы хабæрттæ æмæ сæ фæстаг фæндагыл афæндараст кæнæм, знаджы нæмыг йæ цард кæмæн фескъуыдта, уыцы хæстонты. Уыдонæй аст уыдысты 5-æм скъолайы раздæры  рауагъдонтæ æмæ сын ам сæ рухс нæмттæ нæ рох кæнынц. Ацы бонты скъолайы  уыдоны цытæн байгом мысæн стенд, цыран конд сты сæ къамтæ. Уыдон æндæр æмæ æндæр азты ахуыр кодтой ацы скъолайы æмæ сæ равдисгæ хъæбатырдзинадæй цæвиттон уыдзысты рæзгæ фæлтæрæн. Ахуыргæнинæгтæ дзырдтой, се скъолайæ, знаджы ныхмæ тох кæнгæйæ, хъæбатырæй чи фæмард сты, уыцы хъайтар лæппутæ – Бахъаты Андрей, Багаты Алан,  Бестауты Азæмæт, Гæбæраты Сослан, Гасситы Баграт, Джиоты Марат, Хъазиты Руслан æмæ Тедеты Аланы цыбыр, фæлæ мидисджын царды тыххæй.

Стенд байгом кæныны церемонимæ æрбацыдысты республикæйы ахуырады æмæ зонады министр Лолаты Аслан, Хуссар Ирыстоны Уæрæсейы минæварады дыккаг секретарь Ян Шварц, фæмардуæвджыты   хиуæттæ æмæ хæстæджытæ, сæрмагонд æфсæддон операцийы хайадисджытæ, Парламенты депутаттæ, скъолайы хистæркъласонтæ, ахуыргæнджытæ.

Æрæмбырдуæвджыты раз ныхас кæнгæйæ, скъолайы директор Туаты Мадинæ банысан кодта, зæгъгæ, хуссарирыстойнаг хæстонтæ се `фсæддон хæс æххæст кæнынц кад æмæ намысимæ, æвдисынц æхсардзинад æмæ удвидардзинад. “Абон, мах гом кæнæм, не скъолайæ чи фæмард сты, уыдоны мысæн стенд æмæ хъынцъым кæнæм, сæ цард знагимæ тохы афтæ æрыгонæй кæй фескъуыд зæххыл сабырады сæраппонд, уый тыххæй. Уыдон  нæ рæзгæ фæлтæрæн баззайдзысты æхсардзинады,  патриотизмы æмæ Фыдыбæстæйæн лæггад кæныны ирд цæвиттонæй”, – банысан кодта директор. Уый стыр бузныг загъта фæмардуæвджыты ныййарджытæн, ахуыргæнджытæ сын чи уыдысты, уыдонæн, ахæм хъайтартæ кæй схъомыл кодтой, уый тыххæй æмæ æрсидт скъолайы ахуыргæнинæгтæм, цæмæй  сæ кæддæриддæр цæвиттон исой.

Сæ хъæбатырдзинадæй уыдзысты цæвиттойнаг

Ахуырады министр куыд банысан кодта, афтæмæй нæ алкæйы хæс дæр у, цæмæй нæ зæрдыл дарæм фæмардуæвæг хæстонты рухс нæмттæ. Бузныг загъта скъолайы æппæт педколлективæн, кæй рахæцыдысты Уæрæсейы уагъдцæуæг акци “Хъайтары партæ”, зæгъгæ, уый æвварс. Банысан кодта, махæн нæ хæс кæй у хъайтарты нæмттæ кæддæриддæр бæрзонд хæссын æмæ сæ ма рох кæнын.

Парламенты депутат, ацы скъолайы раздæры ахуыргæнæг Уалыты Розæ та æрдзырдта æппæт рæстæджыты дæр алайнаг адæмы удысконды æнæфæхицæнгæнгæ хай кæй уыдысты патриотизм æмæ райгуырæн бæстæйыл æнувыд уæвын. Хуссар Ирыстон, зæгъгæ, балæууыд æфсымæрон Уæрæсейы фарсмæ, цæмæй уырыссаг салдат, уырыссаг мад цы рыст æнкъарынц, уый сын адих кæной. Фæмардуæвджыты ныййарджытæм дзургæйæ, банысан кодта, зæгъгæ, уæ хъæбултæ сты хъайтартæ æмæ сæ мах кæддæриддæр нæ зæрдыл дардзыстæм.

Хъомыладон куысты фæдыл ахуыры хайы сæргълæууæг Тедеты Ноннæ та æрæмбырдуæвджытæн фехьусын кодта, ныртæккæ дæр сæрмагонд æфсæддон операцийы 5-æм скъолайы раздæры рауагъдонтæй хайад кæй исынц æмæ фашизмы ныхмæ кæй тох кæнынц 30 адæймаджы æмæ сын йæ цæст бауарзта, цæмæй иууылдæр сæ ныййарджытæ æмæ хиуæттæм æрыздæхой сæрæгас æмæ æнæнизæй. “Ацы дунейы хъæбул фесафынæй стырдæр маст нæй. Уый алы ныййарæгæн дæр у, баххæстгæнæн кæмæн нæй, ахæм уæззау рыст. Мах, не скъолайы ахуыргæнджытæ æмæ ахуыргæнинæгтæ дæр сæфтам нæ зынаргъ адæймæгты. Æмæ цард не скъолайы куыд фæнды ма ива, уæддæр ацы мысæн стенд цæрæнбонтæм баззайдзæн æмæ алы ахуыргæнæг, алы  ахуыргæнинаг дæр зондзæн, ам кæй ахуыр кодтой хъайтартæ”, – банысан кодта Тедеысæн стенд байгом кæныны бар лæвæрд æрцыд Советон Цæдисы Хъайтар Сабанты Григолы хъæбулы хъæбул Сабанты Инал æмæ сæрмагонд æфсæддон операцийы хайадисæг Джиоты Рудольфьæн.

Банысан кæнын хьæуы уый, æмæ ивгъуыд æнусы 90-æм азты гуырдзыйы агрессийы рæстæджы Цхинвалы 5-æм скъолайы ном кæй айхъуыст æгас дунейыл, йæ кæрты фæмардуæвæг хæстонты кæй æвæрдтой æмæ дзы уæлмæрд кæй сырæзтис, уый тыххæй. Афтæ ма ацы скъола хæссы легендарон æфсæддон раздзог Мамсыраты Хаджи-Умары ном дæр. Æмæ абон сæ фæдонтæ уыдоны хæстон традицитæ кадджынæй дарддæр кæй кæнынц уый æмбæрстгонд у.

Мадзалы  организатортæ, скъолайы ахуыргæнджытæ  Дзæгъиаты Жаннæ, Мулдарты Аллæ, Гогинова Кристинæ, Къæбулты Майя, Кобылты Лондæ, Гæззаты Лианæ æмæ Джиоты Земæйæн бузныджы ныхæстæ дзырдтой хæстонты æввахс хиуæттæ, раныхасгæнджытæ.

Бестауты Валя

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.