Хуссар Ирыстон æмæ Хъырымы ногдæр историтæ æнгæс сты. Дыууæ автономийæн дæр, цы фæссоветон бæстæты сконды уыдысты, уырдыгæй рахизынæн стыр аххосæгтæ уыд. 

18 мартъийы 10 азы æххæст кæны, Хъырым æмæ Севастополь Уæрæсейы скондмæ куы бацыдысты, уыцы цауыл. 2014 азы Уæрæсемæ Хъырымы æрбаздæхтæн бирæ аххосæгтæ æмæ æууæлтæ уыд. Фæлæ  Украинæйы паддзахадон фæфæлдæхт куы æрцыд æмæ хицауиуæгад Уæрæсейæн йæ ныхмæ, Бандерæйы фæдонтæн та се ‘вварс куы рахæцыд, уæд æрцыд тугкалд украинæгтæ æмæ уырыссаг æвзагыл дзурæг украинаг æмбæстæгты ‘хсæн.

Æрдæгсакъадахы хицауиуæгад, Уæрæсейы Федерацийы фарсхæцынады руаджы, Украинæйы къухдариуæгады æрдыгæй ныхмæлæууынады цаутæм нæкæсгæйæ, æмæ Ныгуылæны бæстæты æлхъывдад ницæмæ даргæйæ, цыбыр æмгъуыдмæ бацæттæ кодтой æмæ 16 мартъийы ауагътой æппæтхъырымаг референдум æрдæгсакъадахы статусы тыххæй. 18 мартъийы фæбæрæг сты референдумы хатдзæгтæ. Хъырымæгтæн сæ 96,7 проценты æмæ Севастополы цæрджытæй та 95,6 проценты хъæлæс радтой Уæрæсейы Федерациимæ баиуы тыххæй.

Референдумы фæстиуджытæ бахынцгæйæ, Хъырымы Сæйраг Совет хæдбардзинады тыххæй цы деклараци райста, уый бындурыл расидт суверенон Республикæ Хъырым. Афтæмæй Хъырым рахицæн Украинæйæ. Республикæ бахатыд уæрæсейаг къухдариуæгадмæ, цæмæй йæ айса Уæрæсе йе скондмæ. Хъырымæгты куырдиат сæххæст кæнгæйæ, Республикæ Хъырым æмæ Севастополь систы Уæрæсейы Федерацийы ног субъекттæ.

2014 азы 18 мартъийы Уæрæсе Хъырымы йе скондмæ кæй райста, уымæй сæндидзын кодта историон рæстдзинад.

18 мартъи хъырымæгтæ æмæ севастополæгтæн стыр бæрæгбон у.

 

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.