Горæт ссæрибар

1921 азы 5-æм марты горæт Цхинвал сæрибар æрцыд меньшевикон æфсæдтæй æмæ историон рæстдзинад æндидзыд æрцыд.

1920 азы геноциды фæстиуæгæн Хуссар Ирыстоны баззад тынг цъус адæм. Ирон адæмы иу хай куынæг æрцыд, иннæ хайы та бахъуыд хæхты сæрты Цæгат Ирыстонмæ алидзын. Фæлæ, адæмы уырныдта, фæстæмæ кæй æрыздæхдзысты сæ райгуырæн къуыммæ, уый.

Банысан кæнын хъæуы уый дæр, æмæ Хуссар Ирыстоны ирон цæрджыты этникон æгъдауæй кæй сыгъдæг кодтой. Ирон хъæутæй æрвыстой адæмы, æмæ-иу сын сæ бынæтты æрцæрын кодтой гуырдзиæгты.

1921 азы февралы мæйы Ирыстоны хуссар хаймæ цæуын райдыдтой ирон партизанты хотыхджын къордтæ. Уыцы æрбабырст æххæст цыд  Сырх Æфсады  11-æм армийы архайдтыты фæлгæтты, кæцы Гуырдзыстоны сæрибар кæнын райдыдта  меньшевиктæй. Ирон къордтæ ахызтысты Къуыдаргом æмæ Рукъгоммæ. 2-æм марты ирон хæйттæ бацыдысты Рукъ æмæ Къозы хъæутæм. Дыууæ боны фæстæ та хотыхджын дæлхæйттæ æртæ колоннæйæ бацыдысты Цхинвалмæ. Ныхмæлæууæг сæ ныхмæ æрлæууыд æрмæстдæр Чъехы æмæ Серы хъæуты. 1921 азы 5-æм марты райсом раджы Цхинвал сæрибар æрцыд. Æвзæрст æрцыд Хуссар Ирыстоны рæстæгмæйон революцион комитет. Йе скондмæ бацыдысты Коцты Бидзина, Плиты Ольга, Гаглойты Тото æмæ Хаханты Соломон.

Зонгæ уæ кæнæм гуырдзиаг æфсæдтæй Хуссар Ирыстон ссæрибар кæныны операцийы хайадисæг Гаглойты Сергейы мысинæгтимæ:  «1921 азы 2-æм марты резервон батальон 150 адæймаджы скондæй рацыд Бæхфæндаджы æфцæгыл Рукъгоммæ. Батальон тагъдыл ацыд Дзаумæ. Баиу æм сты ацы районы архайæг партизантæ. 3-æм марты æппæт тыхтæ дих æрцыдысты æртæ хайыл: уыдонæй иу, растадонтæй конд хай, ахызт Църуйы хъæуыл æмæ ацыд Ортъеугоммæ, иннæ та – Стыр Леуахийы галиу донбылгæрæтты, æртыккаг, кæцы конд уыд, сæйраджыдæр, сырхæфсæддонтæй, ацыд Леуахийы рахис донбылгæрæтты Чъехы нарæгмæ. Æппæт хæйттæ дæр райдианы не ‘мбæлдысты ныхмæлæудыл. Ортъеугомыл ацæугæйæ, растадонтæ Уанаты дæлвæзы бахаудтой гуырдзиæгты тыхджын æхстыты бын, æмæ Леуахийы галиувæрсты  цæуджытæ та æхстыты бын бахаудтой Серы хъæумæ хæстæг.   Цыбыр тохы ныхмæлæууæджы басæтгæйæ, 4-æм мартмæ æппæт хæйттæ дæр æртæфарсырдыгæй бацыдысты Цхинвалмæ. 5-æм марты райсом раджы Цхинвал сæрибар æрцыд».

Дыккаг бон, 6-æм мартъиты Цхинвалмæ Гуры ‘рдыгæй æрбацыдысты Сырх Æфсады 11-æм армийы кавалерион дæлхæйттæ А.Боковы командæйы бын.

Гуырдзыстонæн йæхи та меньшевиктæй сæрибар кодтой Сырх Æфсады  11-æм арми. Гуырдзиаг æфсæддон дæлхæйттæ чысыл ныхмæлæуды фæстæ тагъдыл сæ позицитæй цыдысты æмæ фæстæмæ алæууыдысты. Тифлис практикон æгъдауæй йæхи радта æнæ тохæй. Æрмæстдæр афицерон ахуыргæнæндон-юнкеры ахуырдзаутæ чысыл ныхмæ фæлæууыдысты Тбилисмæ бахизæны. Регулярон гуырдзиаг æфсæддон дæлхæйттæ, кæцытæ зындгонд систы æрмæстдæр Хуссар Ирыстоны æнæхъæн хъæуты скуынæг кæнынæй, лыгъдысты тæппуд тæрхъустау.

 

ФЫЦЦАГ БАНЫМАД

1993 азы 6-æм марты æрцыд ахсджиаг цау – Республикæ Хуссар Ирыстоны хæдбардзинад банымайыны фыццаг къахдзæф. Уыцы бон Республикæ Цæгат Ирыстон-Аланийы Парламент банымадта Республикæ Хуссар Ирыстоны хæдбардзинад. Уый, кæй зæгъын æй хъæуы, уыд æнæординарон уынаффæ, уымæн æмæ Уæрæсейы Федерацийы субъект банымадта сыхаг республикæйы хæдбардзинад. Ахæм уынаффæ райсын хуымæтæджы хъуыддаг нæ уыд. Цæгатирыстойнаг парламентаритæ ацы уынаффæ кæй    райс­той, уый уыд Ирыстоны хуссар хайы адæмы хæдбардзинадмæ тырнындзинадæн æххуысы демонстраци равдисыны факт. Цæгатирыстойнаг депутаттæ сарæзтой уæндон æмæ дардмæуынаг къахдзæф. Ацы уынаффæйæн уыд егъау символикон нысаниуæг, дыууæ Ирыстоны адæмты иудзинад равдисыны хъуыддаджы.

Мах ныр цæрæм хæдбар Хуссар Ирыстоны. Дæргъвæтин азты дæргъы рацыдыстæм уæззау фæндæгтыл. Нæхиуыл бавзæрстам дыккаг геноцид иу æнусы дæргъы. Ирыстоны хæдбардзинады сæраппонд бирæ хъайтар лæппутæ фæмард сты, бирæ уды зиæнттæ ис сабыр цæрджыты ‘хсæн дæр. Æгæрыстæмæй, бавзæрстам æрдзон æнамонддзинæдтæ дæр. Уыцы дæргъвæтин азты Аланийы хуссар хайы ногдæр хъайтарон историйы фæзынд куыд хъынцъымы, афтæ цæссыгимæ бæрæгбонтæ дæр. Уыдонæн сæ сæйрагдæртæй иу у 1992 азы 29-æм май – Паддзахадон хæдбардзинад расидыны бон. Ахæм ахсджиаг нысаниуæгджын бон у 2008 азы 26-æм август – Уæрæсейы Федерацийы ‘рдыгæй Хуссар Ирыстоны хæдбардзинад банымайыны бон.

Кæй зæгъын æй хъæуы, йæхи бынат ис 1990 азы 20-æм сентябрæн дæр, уæд областы статус ивд æрцыд республикæйы статусмæ. Фæлæ ацы рæнхъы алыхатт дæр йæхи сæрмагонд бынат уыдзæн 1993 азы 6-æм мартæн.

Уый фæстæ нын нæ хæдбардзинад кæд цалдæр бæстæйы банымадтой, уæддæр ацы процессæн бын æрæвæрдта Цæгат Ирыстон. Кæй зæгъын æй хъæуы, уый уыд логикон уынаффæ. Абарыны тыххæй цæвиттонæн æрхæссæм Хæххон Къарабахы. Уал азы дæргъы йын Сомихстон нæ банымадта йæ хæдбардзинад æмæ ацы æнæраст къахдзæф цæмæ æркодта, уымæн цалдæр мæйы размæ систæм æвдисæнтæ. 2024 азæй нал уæвынад кæны Хæххон Къарабах.

1993 азы 6-æм марты Хуссар Ирыстоны банымад цыд уыцы рæстæджы иумиаг уавæрæй. Ивгъуыд æнусы кæрон махæн уыд иумиаг проблемæ – этнос бахъахъхъæнын. Æрхæссæм ахæм цæвиттон, 1992 азы сæрды Мæскуы Гуырдзыстонæй карзæй куынæ домдта хуссайраг ирæтты геноцид æруромыны фарст аскъуыддзаг кæнын, уæд Дзæуджыхъæуы уæлдæр Советы Президиум æмæ Республикæйы министрты советы иумиаг æмбырды премьер Хетæгкаты Сергей сарæзта фæндвидар хъусинаг, зæгъгæ, уæрæсейаг разамынад дыууæ бонмæ мадзæлттæ куынæ райса Хуссар Ирыстоны æхстытæ æруромыны тыххæй, уæд Цæгат Ирыстон фехалдзæн федеративон бадзырд æмæ рахиздзæн Уæрæсейы скондæй, республикæйы территорийыл уæвæг уæрæсейаг æфсады исад снационализаци кæнгæйæ, баиу уыдзæн Ирыстоны хуссаримæ æмæ, зæгъ, уый фæстæ Хетæджы фырты ныхæстæм гæсгæ, «цыфæнды дæр уæд». Ацы хъусинаджы фарс рахæцыд Галазты Æхсарбег дæр.

Дыккаг бон уæрæсейаг депутаттæ уынаффæ кодтой Хуссар Ирыстоны æндыгъд уавæрыл. Уый æркодта Дагомысы фембæлдмæ, æмæ фидауынгæнæг тыхты Хуссар Ирыстонмæ æрбакæныны фæдыл сразыдзинадыл къухтæ æрфыссынмæ.

Абон Ирыстоны ногдæр историйы ацы нысаниуæгджын бон аззад историон хроникæйы аууон. Хуссар Ирыстоны хæдбардзинад чи банымадта, РЦИ-Аланийы Парламенты уыцы депутатты нæмттæ кæд хицæн номхыгъдты нысан дæр не сты, уæддæр 1993 азы 6-æм март никуы ферох уыдзæн хуссарирыстойнаг цæрджытæй. Уырны нæ, нæ хæдбардзинад нын кæй банымайдзысты ноджы æндæр бæстæтæ дæр. Фæлæ нын нæ хæдбардзинад Цæгат Ирыстон кæй банымадта, уый уыд нæ бæстæйы историйы фыццаг банымад.

Банысан кæнын хъæуы уый дæр, æмæ 1990 азты дыууæ Ирыстоны куыд тынг æрбангом сты, абон цыма афтæ нал у. Цæгаты фæстаг азты цæмæдæр гæсгæ фембæлынц Гуырдзыстоны интеллигенцийы минæвæрттимæ, гуырдзиаг сфæлдыстадон коллективтæ ралæууынц Дзæуджыхъæуы алыгъуызон сценæтыл, горæты уынгты фенæн ис гуырдзиаг рекламæтæн. Æппæт уыдæттыл, 20 азы размæ, æгæрыстæмæй, ахъуыдыгæнæн дæр нæ уыд. Фæлæ, уымæ æнæкæсгæйæ уæддæр къахдзæфтæ ис иудзинадмæ, кæрæдзиæмбарынадмæ. Æмæ уый та у бындур цыфæнды процессæн дæр. Уымæ гæсгæ нæ ныфс ис, сомбоны дыууæ Ирыстоны кæй баиу уыдзысты, уымæй… Уымæн æмæ æфсымæр æфсымæрæй у тыхджын. Хуыцау зæгъæд!

ДЖИОТЫ Екатеринæ

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.