Советон рæстæджы канд Ирыстоны нæ, фæлæ уæды æфсымæрон республикæты дæр нæрыд Дзæуджыхъæуы завод «Кристалл»-ы кой. Зыдтой йæ æмæ йын йæ продукци зæрдиагæй æлхæдтой суанг фæсарæнты дæр. Завод арæзт æрцыд 1967 азы æмæ уыд иунæг куыстуат Уæрæсейы, кæцы уагъта сыгъдæг, хæрзхъæд æрхуы. Пайда дзы кодтой промышленносты, электроникæйы, вакумон техникæйы æмæ æндæр къабазты. Йæ рæстæджы ам куыста  дыууæ минæй фылдæр адæймаджы.

Республикæйы Сæргълæууæг Сергей Меняйло тынг бацархайдта, цæмæй, республикæйæн стыр пайдатæ чи хаста, уыцы завод ногæй скуса. Уый тыххæй æрхуыдта инвестортæ Санкт-Петербургæй. Уыдон куыстуаты уавæр куы сбæрæг кодтой, уæд аскъуыддзаг кодтой, хисæрмагонд продукци уадзын бирæ хуыздæр æмæ пайдадæр кæй уыдзæн фæсарæнты æлхæнынæй.

Ног инвестортæ заводы хæстæ бафыстой æмæ йæ банкротæй рахизын кодтой, юридикон бындур ын скодтой. Хорз ма у уый æмæ куыстуаты кæй баззад æмæ æлхæнын кæй нал хъæуы бирæ ахсджиаг техникæ. Уæдæ раджы заводы цы хорз специалисттæ куыста, уыдон дæр æхсызгонæй сразы сты фæстæмæ бацæуыныл. Куыст-уаты разамынды ныфс ис, Хæххон метталлургион институт æмæ техникум, стæй электроколледж цы специалисттæ цæттæ кæнынц, уыцы фæсивæдæй дæр сæм бирæ кæй æрбацæудзæн. Ныртæккæ уал заводы кусы 29 адæймаджы. Куыстуат куыд уæрæх кæна,афтæ фылдæр кæндзæн кусджыты нымæц.

Республикæйы Хицауад цæттæ сты сноггонд куыстуаты разамындæн алцæмæй дæр баххуыс кæныныл. Æхсызгон хъуыддаг у нæ раздæры куыстуæттæ иугай кæй æндидзынц. Уыдон ратдзысты бирæ куысты бынæттæ æмæ хорзæрдæм фæзындзысты республикæйы экономикон уавæрыл.

 

ДОНЫ  УАВÆР – АХСДЖИАГ

Ацы бонты республикæйы районты цæуы донæфсисады инфраструктурæйы объектты уавæр сбæрæг кæныны куыст. Уый тыххæй фехъусын кодта РЦИ-Аланийы Цæрæнуæтты-коммуналон хæдзарады, æртаг æмæ энергетикæйы министрады пресс-службæ.

Ведомствойы минæвары ныхасмæ гæсгæ, фыццаджы-фыццагдæр, бæрæггонд æрцæудзæн доны æвæрæнты бæрц æмæ донцъирæнты уавæр. Сæрмагонд æргом здæхт цæуы, доны объекттæй абоны онг бæлвырд хицау кæмæн нæй, уыдоны номхыгъд саразынмæ дæр. Уый фæстæ алы объект дæр лæвæрд æрцæудзæн бæлвырд организациты балансмæ.

Донæфсисады системæты æцæг уавæр сбæрæг кæныны фæстæ уынаффæ хаст цæудзæн, фыццаградон æгъдауæй рацаразын æмæ сцалцæг кæнын кæцы объекттæ хъæуы, уый фæдыл. Ахсджиаг хъуыддаг у республикæйы чи ифтонг кæны, уыцы донгуырæнтæ сыгъдæг кæнын æмæ сæ цæсты гагуыйау хъахъхъæнын. Ахæм ранмæ чысыл чъизи дæр куы фæхæццæ уа, уæд расайдзæн стыр бæллæхтæ.

Амынд министрадæй куыд фехъусын кодтой, афтæмæй республикæйы Сæргълæууæгæн районты цæрджытимæ цы бирæ фембæлдтытæ вæййы, уыдон рæстæг дæр арæх ныхас рауайы донæфсисады фарстатыл. Адæмы фæндæттæ æмæ фиппаинæгтæ хынцгæйæ, донæфсисады системæты куыст нывылдæр кæныны фæдыл уæлæмхасæн мадзæлттæ арæзт цæудзæн. Сæрдмæ дæр бирæ нал ис æмæ рагацау хъуыды кæнын хъæуы быдыртæ донхорыг кæныны куыстытæм дæр.

Нæ уацх.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.