Телеграм-канал «Сапа-Цхинвал»-ы бакастыстæм, зæгъгæ, афæдзы размæ Хуссар Ирыстоны цы базальтуадзæн завод æрбайгом, уый йæхимæ хоны кусджытæ, 50 азы онг кæуыл цæуы, ахæм адæмы. 

Ныры дуджы бирæ адæм агурынц куыстытæ, уымæй дæр астæуккаг нымадæй  иу мæйы мызд 30 мин сомы цъус æхца не сты. Мах бацымыдис кодтам æмæ цæмæй газеткæсджытæн хъуыддаг лæмбынæгдæр бамбарын кæнæм, уый тыххæй фæуазæг стæм «Ир-базальт»-ы куыстуатмæ. Ам ныл æхсызгонæй сæмбæлд заводы сæйраг экономист Хъуылымбегты Знауыр. Куыд нын радзырдта, афтæмæй канд оператортæ нæ, фæлæ ма лаборанттæ дæр агурынц. «Сæрды æмбисы скусдзæн заводы дыккаг пец. Æмæ нæ фæнды фылдæр кусджытæ бацæттæ кæнын. Цæугæ нæм бирæтæ скæнынц куыстагур, фæлæ куысты домæнтæ куы базонынц, уæд алчи йæ ныфс нал бахæссы. Уымæн æмæ пецимæ архайгæйæ кусæг адæймаг, æдзухдæр хъуамæ уа йæ бынаты, цæстдарын хъæуы прибортæм æмæ сын сæ бæрæггæнæнтæ та фыссын хъæуы сæрмагонд чиныджы. Хъæуы дзы компьютеримæ архайын дæр. Æмæ ууыл та бынтон æнцонæй фæхæст вæййы алчидæр».

Куыд зонæм, афтæмæй «Ир-базальт»-ы завод у нæ республикæйы социалон-экономикон райрæзты инвестициты фæрцы арæзт объект. 2018 азы йын УФ рахицæн кодта æхцайы фæрæзтæ. Уыцы аз æрæвнæлдтой йæ арæзтадмæ дæр, фæлæ æхсæнады ‘хсæн апарахат быцæу ныхас, ома, зианхæссæг у куыстуат. Уæлдайдæр та горæтмæ хæстæг арæзт кæй цыд, уый тыххæй. Заводы разамынад фидарæй уырнын кодта, адæмæн сæ куыстуат зиан кæй нæ хæссы. Фæлæ адæм ацы фарстæн дзуапп агуырдтой экологтæй, цымыдис кодтой, æдасдзинады домæнтæ куыд æххæст цæудзысты, æмæ заводы сырæзтæн цы ахадындзинад уыдзæнис, уый не ‘мбæрстой. Ацы фарст мах дæр радтам заводы сæйраг экономистмæ. Æмæ райстам ахæм дзуапп: «Ацы кондад ницы зианхæссæг у адæмæн, экономикæйæн та у пайда. Йæ уадзыны процессы арæзт у хъæрмадон энергийы фæрцы. Цы базальтон таг уадзæм ныртæккæ, уымæй спайдагæнæн ис арæзтады. Заводы тыххæй ис экологты бæлвырдгæнæнтæ. Уыцы документтæ нæм куынæ уыдаид, уæд нæ республикæйы территорийыл базальты завод ничи сарæзтаид», – загъта Хъуылымбегты Знауыр.

                          УАЗÆГТЫ Марфæ

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.