30-æм январы Республикæ Хуссар Ирыстоны Культурæйы министрад ацæугæ азæн бакæнгæ куыстæн уæрæх коллегион æмбырды сарæзта хыгъд. Сæрдариуæг дзы кодта министр Зæгъойты Радæ. Хыгъдон мадзалы министрады æппæт дæлведомствойон организацитæ дзырдтой сæ куыст æмæ архайды тыххæй. Дзырдтой, культурæ кæй у нацийы удварны рæзтæн сæйраг ахъазгæнæг, æмæ сæ куысты сæйрагдæр фæдыздæхт та кæй у культурон царды æмвæзад фæбæрзонддæр кæнын. Нæ республикæйы министрад уый фæдыл йæ разы æвæры дзæвгар хæстæ, цæмæй бæстæйы культурон цардуаг уа цымыдисон æмæ бæрзонд æмвæзадыл.

Ацæугæ аз сæ архайд уыд фæстиуæгджын. Фæлæ дарддæр дæр кæй хъæуы  кусын, уый банысангонд æрцыдис ацы æмбырды.

Культурæйы министр Зæгъойты Радæ йæ раныхасы рæстæджы фехъусын кодта, зæгъгæ, ацы аз РХИ-йы Культурæйы министрады, дæлбар ведомствоты кæй уыдзæн аттестаци. Ацы хъуыддаг пайда кæй у алкæцы дæсныйады дæр, ууыл дызæрдыг мачи хъуамæ кæна. Культурон уагдæтты куыст æнæмæнг хъуамæ дзуапп дæтта нырыккон домæнтæн æмæ нæ республикæ дæр дуджы цардуагимæ æмдзу кæна. «Фыццаджыдæр хъæуы компетентон специалистты хайадистæй къамис саразын, цæмæй ауадзой аттестаци. Ам æппындæр нæ хъæуы тæрсын критикæйæ. Нæ куысты цы зындзинæдтыл æмбæлæм, уыдонмæ нæкæсгæйæ мæ ныфс ис, райрæзты процесс нæм уыдзæн», – загъта Зæгъойты чызг. Уый ма хыгъдон æмбырды æрдзырдта министрад цы проблемæтыл æмбæлы, уыдоныл. «Нæ министрад махæн у егъау. Хуссар Ирыстоны культурæйы райрæзты паддзахадон программæмæ хаст цæуы иу афæдзæн æрмæстдæр 3 милуан æмæ 378 мин сомы бæрц. Ацы финансон фæрæзтæ мах иууылдæр нæ райсæм, уымæн æмæ дзы иу милуан æмæ дыууæсæдæ мин сомы хардз кæнæм нæ республикæйы фысджыты, нывгæнджыты æмæ журналистты цæдистыл. Мах зо-нæм Нывгæнджыты цæдис цы архайынц, уый, фæлæ мын æмбæрстгонд  нæу иннæ дыууæ цæдисы та цы кусынц».

Министры ахсджиагыл банымадта республикæйы районты штатон ранывæст (расписание) саразыны фарст, уымæн æмæ домындзинæдтæн дзуапп нæ дæтты. Уый районты культурæйы хайæдты разамонджытæн бахæс кодта, цæмæй сæ штатон ранывæстытæ æмбæлон уагмæ æркæной æмæ сæ уый фæстæ бавдисой, иумæйагæй сыл æруынаффæ кæныны тыххæй. Культурæйы министрады разамынад куыстмæ райсыны хъуыддаджы уæлдай хъусдард здахы бынæттон специалисттæм. Зæгъойты Радæ бахæс кодта йæ дæлбаруæвæг ведомствотæ æмæ куыстуæтты разамонджытæн, цæмæй лæмбынæг хъусдард аздахой кадртæ цæттæ кæныны фарстамæ. Хыгъдон æмбырды министр рæстæмбис аргъ скодта ведомствоты куысты фæстиуджытæн. Уыимæ иумæ сын сæ зæрдыл бадардта ацы аз йæ домындзинæдтæ сæ куысты хъуыддагмæ фылдæр кæй уыдзысты, уый. «Фаг финансон фæрæзтæ кæй нæ вæййы, ууыл алыхатт æнцой кæнын нæ хъæуы, фæлæ нæ иумæйаг хъуыддаг – райгуырæн бæстæйы культурæйы райрæзты тыххæй кæддæриддæр бафыдæбон кæнын хъæуы», – бафиппайдта министр.

Ацæугæ азæн хыгъдон æмбырды рæстæджы куыд рабæрæг, афтæмæй 2023-æм азы Хуссар Ирыстон культурæйы фадыджы уыдзæн æртæ ахсджиаг юбилейон датæйы. «Ацы аз нæ республикæйы Национ музейыл æххæст кæны 100 азы, Галаты Барисы номыл зард æмæ кафты паддзахадон ансамбль «Симд»-ыл та – 85 азы, 55 азы та æххæст кæны Æлборты Феликсы номыл Цхинвалы музыкалон ахуыргæнæндоныл. Ацы культурон артдзæстыты бирæ азты дæргъы иузæрдион лæггад чи фæкодта, уыдон сæ хайбавæрд бахастой национ культурæйы райрæзтмæ æмæ курæг дæн бынæттон информацион фæрæзты минæвæрттæй, цæмæй æмбæлонæй бакусой æмæ бацæттæ кæной сæрмагонд алæвæрдтæ, публикацитæ уæлдæрбанысангонд ахсджиаг культурон объектты цытæн. Махæн цы гæнæн уа, уымæй нысан кæндзыстæм юбилейты».

Национ музейы директор Зассеты Мераб фехъусын кодта, сæ бæрæгбонмæ кæй цæттæ кæнынц юбилейон чиныг.

ЦХУЫРБАТЫ Ларисæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.