Цæгат Ирыстоны ахуырады сгуыхт кусæг КОКОЙТЫ Теймураз фæуæрæхдæр кодта йæ дзырдуат, æмæ йын æрæджы мыхуыры рацыд йæ дыккаг рауагъд. Дзырдуат саразыныл куыд куыста, цавæр фарстатæ æвæрдта йæ размæ, стæй, ног дзырдуатæн йæ нысаниуæг цавæр у, – ацы æмæ æндæр фарстытæн дзуапп ссарыны тыххæй ахуыргондимæ фембæлд Мыхуыр æмæ дзыллон коммуникациты комитеты сæрдар ФИДАРАТЫ Юри, æмæ се ‘хсæн рауад ахæм ныхас:

– Теймураз, куыд дæм кæсы, нырыккон ирон æвзаг абон цы уавæры ис?

– Иууылдæр æй зонынц, æвзаг нацийы уæвынады сæйрагдæр мадзал кæй у, уый. Æвзагмæ рагæй кæсынц, куыд этникон иудзинады ахсджиагдæр мадзæлттæй иумæ. Уый нысан кæны, йæ дзурджытæ бæлвырд этносмæ кæй хауынц, уый. Йæ бон у этникон иугæнæджы æмæ бындурон этникон миниуæджы хуызы уæвын.

Цæгат æмæ Хуссар Ирыстоны ирон æвзагæн уырыссаг æвзагау ис паддзахадон нысан. Советон æмæ фæссоветон дуджы зындысты, этнолингвистикон уавæртæ куыд састысты, уый, уыимæ, ирæтты æрыгондæр хай райдыдта сафын се ‘взаг. Уый тыххæй, мæнмæ гæсгæ, цæстдард домынц ирон æхсæнады актуалон фарстатæ æппæт тыгъдæдты, культурæ æмæ æвзаджы нырыккон уавæрты дæр. Иууылдæр æй зонынц, Ирыстоны цытджын фырттæ Къоста, Васо, Нафи иттæг хорз кæй зыдтой, куыд ирон, афтæ уырыссаг æвзаг дæр, ныууагътой сæ кæстæртæн хуызæгон аивадон æмæ наукон бындур. Хъыгагæн, абон уынæм, мадæлон æвзаг æгад уавæры кæй ис, уый. Æвзаджы фарста алыг кæнынæн бирæ арæзт æрцыд, фæлæ ма бирæ хъæуы саразын, цæмæй нæ фæдонтæ фидарæй зоной: нæ фыдæлты хъæздыгдæр бындур – æвзаг – рох нæу æмæ фидæны хуыздæрмæ рæздзæн.

– Цы сразæнгард кодта дæу, биологийы профессоры, ахæм дзырдуатыл бакусынмæ?

– Ис ахæм зындгонд хъуыды: «Цы адæм фесафа йæ мадæлон æвзаг, уый историон сценæйы хъаздзæн рол æнæ дзырдтæй – цагъайраджы рол». Æцæгæй дæр, æвзаг у адæмы монон æмæ материалон культурæйы хъахъхъæнынад æмæ рæзынады æппæты тыхджын мадзал. Алы æвзагæн дæр ис йæхи хицæндзинæдтæ æмæ æвдисынц адæмы æгъдау, миддуне, аразынц этносы минæвæртты миниуджытæ. Иртасджыты хъуыдымæ гæсгæ, цæмæй æвзаг цæра, уый тыххæй йæ дзурджыты нымæц хъуамæ уа 100 мин адæймаджы. Ахуырад, наукæ æмæ культурæйы фарстаты фæдыл Иугонд Нациты Организацийы хъуыдымæ гæсгæ, дунейы 6 мин æвзагæн се ‘рдæг фидæны сæдæ азмæ фесафдзысты сæ фæстаг дзурджыты. Уыцы æвзæгты номхыгъдмæ хауы ирон æвзаг дæр. Уый, кæй зæгъын æй хъæуы, тыхсын кæны ирон интеллигенцийы минæвæртты, уыимæ – мæн дæр.

Мадæлон æвзагыл дзурджытæ сты, куыд зонæм, афтæмæй ацæргæ фæлтæр. Фæсивæд цы æмвæзадыл дзуры ирон æвзагыл, уый у ахсджиаг фарстатæй иу.

Мæнмæ гæсгæ, паддзахадон политикæйы сæйрагдæр хæстæй иу хъуамæ уа æвзаг хъахъхъæныны æмæ рæзынады фарста. Уый ис сæххæст кæнæн дыууæ равджы фæлгæты – æвзаг сабибонтæй куы ахуыр кæной кæстæртæ, æмæ æвзаджы функционалон фæзы ахадындзинад куы рахиза адæймаджы царды æппæт тыгъдæдтæм, уыимæ, паддзахадон разамынд, ахуырад, наукæ, куыстад æмæ иннæтæм дæр. Хъыгагæн, ацы тыгдæдты æрдæг æнусæй фылдæр ирон æвзагæй нæ пайда кодтой, уымæн фæлæмæгъдæр уыцы къæпхæнты, фесæфта йæ ахадындзинад. Фæстаг дæс азы дунеон наукон-техникон прогрессы арæнты ирон æвзаджы лексикон æмæ фразеологион хай баййæфта æнахъаз ивддзинæдтæ æмæ баззад æрдæгæнусон ивгъуыдады æмвæзады. Куыд адæймаг, кæцы кæны наукон-иртасæн куыст, æнхъæлын, ацы фарста райхалынæн æвзагзонынады къæпхæны дæсны кусджытæ хъуамæ бафтауой ирон æвзагмæ хъæугæ неологизмтæ æмæ æрдзон райрæзты бындурыл æвзæрст терминтæ; уыимæ, хъæуы къæпхæнгай сæххæст кæнын ирон лексикæйы сæфт хæйттæ, дзырдтæн радтын ног зæлынад æмæ нысан.

Ирон-уырыссаг æмæ уырыссагирон дзырдуæттæ куы райсæм, уæд уынæм, кæрæдзи куыд фæзмынынц, уый; кæд ног термин хаст æрцæуы, уæддæр æй раст нæ бамбарын кæнынц. Арæх хицæн рауагъдæдты æрбайсгæ дзырдтæ цæуынц фæлхатгонд, æмæ сæ фылдæрæн та ис ирон æмбарынæдтæ.

Ацы дзырдуатыл бакусынмæ мæ цы аххосæгтæ сразæнгард кодтой, уыдонæй иу у, ном кæмæн нæй, уыцы национ æмбарынæдтæ – «уæлуæраг», «хæдмæлхор», «алыкардзинад» æмæ бирæ æндæртæ. Гæнæн ис æндæр æвзæгтæй цæттæ дзырдтæ æрбайсын ивддзинæдтимæ, зæгъæм, «уксус», «обезьяна», «персик» æмæ иннæттæ.

Иннæ ахсджиаг аххосаг – зайæгойты, цæрæгойты æмæ микроорганизмты æппæтдунеон наукон системæйы хуызæгон арæзтады уагхæлд. Бæлвырд организмты нæмттæ хаст æрцыдысты æнæ таксономикон иуæгтæй.

Уымæй уæлдай, кæцыдæр терминтæ комкоммæ тæлмац цæуынц уырыссаг æвзагæй иронмæ, уый тыххæй рауайынц æнæхъола нæмттæ. Зæгъæм, «дидинæмбæрзæн» – «околоцветник» æмæ иннæтæ.

Мæнмæ гæсгæ, æркаст домы ахæм фарста, куыд мадæлон æвзаджы сыгъдæгдзинад. Æз райгуырдтæн æмæ схъомыл дæн Гуырдзыстоны, ис зæгъæн, æмæ гуырдзиаг æвзаг дзæбæх зонын. Гуырдзиаг æхсæнады рагæй кусынц национ æвзаг нæхъæугæ æрбайсгæ дзырдтæй хъахъхъæныныл. Уый, кæй зæгъын æй хъæуы, хуыздæр тæваг уадзы æвзаджы уавæр æмæ райрæзтыл. Ахæм цæстдард мадæлон æвзагмæ ис бирæ бæстæты, уыдонæн ацы фарста ахсы зынгæ бынат.

– Дæ дзырдуат цæмæй хицæн кæны иннæ ирон-уырыссаг æмæ уырыссаг-ирон дзырдуæттæй?

– Растравгон дзырдуаты ис æрмæст дзырдтæ æмæ сæ нысан, чиныгкæсæгæн дæттынц къаннæг информаци, æмæ йын арæх нæ вæййы фадат термины нысан æмæ, цы уавæрты пайдагонд цæуы, уый бамбарын. Энциклопедион рауагъд уæрæхдæр æмбарын кæны термины нысан æмæ цыбыргондæй æвдисы æрæввонг зонындзинæдтæ.

– Куыд арæзт æрцыдысты ирон терминтæ-неологизмтæ?

– Тыхджын æмæ сырæзгæ æвзæгтæ алы аз баххæст вæййынц бирæ ног неологизмтæй. «Уырыссагирон энциклопедион дзырдуат»-мæ хаст æрцыд 10000 мин дзырдæй фылдæр, уыдонæй 4500 авторы терминтæ-неологизмтæ: иумæйаг наукон æмæ сæрмагонд 3000 неологизмы нысан кæнынц зайæгойты, цæрæгойты æмæ микроорганизмты нæмттæ. Зæгъæм, «растительное масло» – зайсой, зайæгойы сой, дзырдуæтты ис æрбайсгæ дзырд «зети»; «овощной салат» – халсархæлц, дзырдуæтты æрбайсгæ дзырд «салат»; «медиатор (независимое лицо, посредник, примиритель)» – æхсæнархайæг, хибар æхсæнархайæг адæймаг, дзырдуæтты нæй æмæ бирæ æндæр дзырдтæ.

Неологизмтыл кусгæйæ, автор пайда кодта æрбайсгæ дзырдтæй нæ, фæлæ, дзырды ратæдзæн кæцæй у, уымæй. Куыст зынгæ фенцондæр кодта, ирон æвзаг индоирайнаг къордмæ кæй хауы, уый.

Мæнмæ гæсгæ, иуæй-иу чысылнысаниуæгджын хæйтты хъæуы æмбарын кæнын. Зæгъæм, Хетæгкаты Къостайы æмдзæвгæ «Сидзæргæс»-ы сылгоймаг фыцы дуртæ хъæдуры бæсты. Ирон дзырдуæтты та «горох» дæр æмæ «фасоль»-æн дæр ис иу ном, «хъæдур», бирæтæ сæ цæст нæ дарынц ацы хъуыддагмæ æмæ йæ æмбарынц, куыд «сылгоймаг фыхта хъæдур». Раст зæгъгæйæ та, «фасоль» уæды рæстæджы нырма нæ тыдтой сæ цæхæрадæтты, уымæн æмæ домдта æркаст, фæлæ «горох» та у хъæддаг зайæгой, уый æркаст ницæмæн хъæуы. Къостайы сидзæргæс æнæ къуыхцыйæ фыхта «тымбылхъæдур». «Хъæдур» та тæлмац кæны куыд «лобиа» æмæ у æрбайсгæ дзырд персайнаг æвзагæй.

– Неологизмтæ æрхъуыды кæнынæн цы аххосæгтæ ис?

– Цыфæнды æвзаджы дзырдуатон сконд дæр рæзы, ис ын бастдзинæдтæ æхсæнады райрæзтимæ æмæ наукон æнтыстытимæ, уый тыххæй ног дзырдтæ æвзаджы лексикон скондмæ хæссын у ахсджиаг хабар. Хъыгагæн, куыд лингвисттæ, афтæ иннæ адæм дæр ацы хъуыдыйыл хæст не сты. Сæ цæстæнгас нæ уадзы æвзагмæ ногдзинæдтæ хæссын, уыимæ, æрбайсгæ дзырдтæй пайда кæнын сси традицион æмæ нæ домы ивддзинæдтæ, ома, терминтæн нæ хъæуынц ирон дзырдтæ.

Уырыссаг-ирон энциклопедион дзырдуат

Нырыккон лингвистикæйы уагмæ гæсгæ æвзагæн ис вазыгджын динамикон сконд, уыимæ, йæ эволюци цы хуызы æмæ цæй фæрцы цæуы, уый сæтты диалектикæйы закъонтæн. Æвзаг тынг активонæй рæзы æмæ уæрæхдæр кæны лексикæйы.

– Теймураз, цы неологизмтæ æрхъуыды кодтай, уыдонæй пайда кæнын райдыдтой?

– О, кæй зæгъын æй хъæуы. Зæгъæм, райдыдтой пайда кæнын ахæмтæй, куыд «сæнытуаг» (уксус), «зайсой», «зæххы хъæдур» (арахис) æмæ æндæртæй. Уыимæ, пайда кæнынц персайнаг æвзагæй æрбайсгæ дзырдтæй, зæгъæм: «абузин» (маймули), «михак» (гвоздика), «реган» (базилик) æмæ æндæртæй. Фæнды мæ зæгъын, Википедийы цы уырыссаг-ирон дзырдуат ис, уырдæм хаст æрцыд мæ неологизмты бæлвырд хай.

– Уæдæ дæу æнæ дызæрдыгæй ис схонæн новатор наукон лексикографийы алы къабæзты дæр…

– Æнæ гæдымитæй мæ бон у зæгъын, ацы рауагъды ирон лексикографийы фыццаг хатт æвдыст æрцыдысты таблицæты хуызы адæймаджы стæгдар, хуылфы дзаумæтты нæмттæ æмæ æндæр æмбарынæдтæ. Рауагъд æххæст у дзырдуатон уацтæй æмæ ног терминтæй. Æрдзон наукæ æмæ медицинæйы неологизтæй уæлдай, куысты æвдыст сты, иумæйагæй цы дзырдтæй пайда кæнынц æмæ ирон варианттæ кæмæн нæй, фæстаг рæстæджы цы дзырдтæ фæзынд, уыцы ног дзырдтæ. Зæгъæм, фыццаг рауагъды дзырд «шакал»-ы тæлмац уыд «африканский волк», ныры рауагъды та ис дыгурон диалектæй æрбайсгæ дзырд «мæнкъæй бирæгъ». Бирæ дзырдтæ æмбарын кæнын дыккаг хатт, уымæн æмæ сæ пайда кæныны уавæртæ сæндæрхуызон сты. Уымæй уæлдай, дыккаг рауагъды ис политологи, аивад æмæ дины терминтæ æмæ иумæйаг адæмон хæзнатæ аразæг æрмæджытæ.

– Терминологион дзырдуат саразыны сæйраг хæс цæй мидæг ис?

– Ацы «Уырыссаг-ирон энциклопедион дзырдуат»-ы фæрцы бафæлвæрдтон энциклопедион хуызы бамбарын кæнын нæмттæ, терминтæ, нырыккон æнтыстдзинæдтæ æрдззонынады, медицинæйы æмæ æндæр наукæты æмбарынæдтæ. Дзырдуат у лексикографион фæтк æххæстгæнæг, уый райдыдта курдиатджын лингвист Абайты Васойы стыр куыст «Уырыссаг-ирон дзырдуат»-æй, уый бахаста стыр æвæрæн ирон адæмы этнокультурæмæ. Хъæуы зæгъын, Васо биолог кæй нæ уыд, æмæ уый тыххæй йæ къухы нæ бафтыд уыцы къæпхæны терминтыл бакусын. Адæймаджы бон нæу алцæуыл аххæссын, уый тыххæй дзырдуæтты ис фембæлæн ахæм æмбарынæдтыл, куыд «коралл» – денджызы цæрæгой… Ахæм лакунтыл хъуамæ кусой дæсны специалисттæ. Мæ куыстмæ цы хауы, уымæй зæгъдзынæн, кæй дзы ис аиппытæ, æмæ мын мæ куыст чи адарддæр кæндзæн, уыдонæн бузныг зæгъин. Мæнмæ гæсгæ, æххæст рауагъд скæнын у нæ фæдонты хæс.

Мæ дæсныйадмæ гæсгæ бирæ наукон иртасджытæ æмæ аивады кусджытимæ кодтон ныхас, æмæ арæх хъуыстон, ирон æвзаг тынг хъæздыг кæй у, уый. Ацы дзырдуатыл цал азы дæргъы куыстон, уый мын сфаг ис, цæмæй йæ бамбарон, æцæг кæй у, уый. Энциклопедион дзырдуатыл кусгæйæ, базыдтон, зæгъæм, гуырдзиаг, азербайджайнаг æмæ æндæр æвзæгты цы дзырдтæ сты æрбайсгæ, ирон æвзаджы та сын фæйнæ синонимы кæй ис, уый. Зæгъæм, «окно» – фæрсаг, рудзынг. Азербайджайнаг æмæ гуырдзиаг æвзæгты у персайнаг æвзагæй æрбайсгæ дзырд «панджара»; «сумка» – дзæкъул, хызын. Азербайджайнаг æмæ гуырдзиаг æвзаджы та араббаг æвзагæй æрбаисгæ дзырд «шанта» (гуырдзиаг æвзагыл «чанта»).

Æз афтæ зæгъдзынæн: мæ неологизтмæй æртын кæнæ цыппорæй куы райдайой пайда кæнын адæм, уæд мæнæй амондджындæр нæ уыдзæн.

Иумæйагæй дзырдуаты сæйрагдæр хæс у ирон æвзаг бахъахъхъæнын æмæ йын фидæны йæ уавæр фæтыхджындæр кæнын.

Газ. «Рæстдзинад»

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.