Ацы бонты дунейы мысынц Югославийы 25 азы размæйы цаутæ. Уæд хæлд æрцыд дунеон барады нормæты æппæт системæ. 1999 азы 24 марты НАТО Цæдисон Республикæ Югославийы ныхмæ æнæ ИНО-йы Æдасдзинады Советы санкцитæй райдыдта æртæмæйон уæлдæфон-размæбырсæн операци «Союзническая сила», зæгъгæ.

Фыццаг срæмыгъдтытæ айхъуыстысты 1999 азы 24-æм марты 20:00 сахатыл белградаг рæстæгмæ гæсгæ. Куынæггæнæн-бомбæзгъалæн хæдтæхджытæ F/А-18 æмæ флоты наутæ Югославийыл рауагътой дæсгай базырджын ракетæтæ. Райдыдта «Союзная сила»-йы операцийы фыццаг этап.

Хæстон операцийы сæйраг тых ссис америкæйаг авиаци, нымæцмæ гæсгæ дыккаг та уыд бритайнаг уæлдæфон флот. Хæдтæхджытæ тахтысты НАТО-йы 12 бæстæтæ-уæнгты 59 базæйæ. Æдæппæтæй Югославийыл бомбæтæ æркалын æмæ æндæр алыгъуызон операциты тыххæй НАТО арвыста 1000 хæстон хæдтæхæгæй фылдæр. Уæлдæфон тыгъдад ын радтыныл не сразы Евроцæдисы иунæг бæстæ – нейтралон Австри.

Адриатикон  денджызы  наутæ æмæ донбындзугæнæг уагътой «Томагавк»-ы базырджын ракетæтæ.

 

СПАЙДА КОДТАИККОЙ ВЕТОЙЫ БАРÆЙ

«Союзная сила»-йы хæстон операци НАТО райдыдта, ИНО-йы Æдасдзинады Советæн нæ фехъусын кодта, афтæмæй. Ныгуылæйнаг политиктæ куыд нымадтой, афтæмæй хъуыддаг уый мидæг ис, æмæ Уæрæсе æмæ Китай спайда кодтаиккой ветойы барæй. НАТО-йы уæды генералон секретарь Хавьер Солана операци схуыдта «гуманитарон интервенци», ИНО-йы Уставмæ нæ кæсгæйæ. Ацы документ бар нæ дæтты æнæ ИНО-йы Æдасдзинады Советы уынаффæйæ хæстон тыхæй спайда кæнынæн. Организацийы генералон секретарь Ко-фи Аннан рахæцыд НАТО-йы уынаффæйы фарс, бархалынæдтæм нæ кæсгæйæ.

Сербæгтæм уыд советон хуызæгты 400 танкы. Уæлдай хъæугæдæр уæл-дæфон хъахъхъæнынад æмæ авиаци дæр уыд æвзæр уавæры. Хæдтæхджытæ – зæронд МиГ-21 æмæ МиГ-29-æн практикон æгъдауæй сæ бон нæ уыд интервенцийыл бандавын, уымæн æмæ санкцитæ æмæ эмбаргойы аххосæй нæ фаг кодтой æртаг æмæ фæсауæрцон хæйттæ. Уæлдæфон флоты нымæц та уыд бынтон цъус – цалдæр дæс хæдтæхæджы.

НАТО-мæ америкæйаг куынæггæнæг æмæ бомбæзгъалæн хæдтæхджытæй  дарддæр уыд французаг «Мирад-2000», немыцаг Panavia Tornado æмæ норвегиаг ногдæр F-16, кæцытæн сæ нымæц уыд 600 хæдтæхæджы. Бомбæзгъалæн хæдтæхджытæ В-2 дæр хайад истой операцийы, уыдон хастой бомбæтæ цахæмфæнды боныгъæды дæр æмæ суткæйы дæргъы дæр. Югославийыл бомбæтæ æрæзгъалын аскъуыддзаг кодтой хурныгуылды фæстæ, ома, боныгон, гæнæн ис, Слободан Милошевич йæ хъуыды аива æмæ сразы уа бадзырдтыл.

Европæйаг æмæ америкæйаг официалон адæймæгтæ фехъусын кодтой, зæгъгæ, дыццæджы изæры НАТО-йы фыццаг цæф фæкæндзæн 60 объекты. АИШ официалонæй æмбарын кодтой, зæгъгæ, хæдтæхджытæ бомбæтæ калдзысты æрмæст Косовомæ бакæнгæ  югославиаг хæйттыл нæ, фæлæ ма Сербийы территорийыл дæр.

Косовойы æмæ Белградæн æддейæ срæмыгъдтытæ хъуыстысты æртыццæджы изæры. Фыццаг æхсæв югославиаг фондз куынæггæнæн МиГ-29 ратахтысты знæгты хæдтæхджытæ æрцахсынмæ, фæлæ сын ницы уадиссаг æнтыст уыд. Дыууæйы дзы æрæппæрстой америкæйаг F-15. 26 марты Белграды кæрон ссыгъд  нефтебазæ. 27-æм марты ЗРК С-125 сербæгтæн сæ къухты бафтыд, гæнæн цæмæн нæ уыд, уый – æрæппæрстой хæдтæхæг-стелс F-117. Ацы чысыл æнтыст ссис сербаг патриотизмы ахсджиагдæр символтæй иу. Фæлæ хæсты цыдыл уый нæ бандæвта.

 

СЕРБÆГТЫ ДАРДДÆР КУЫНÆГ КОДТОЙ

28-æм марты АИШ-ы президент Билл Клинтон НАТО-йы æндæр бæстæты уæнгтимæ йæ коллегæтимæ ауынаффæ кæныны фæстæ аскъуыддзаг кодта Югославийыл бомбæты згъæлст фæтыхджындæр кæнын. Сербæгты дарддæр куынæг кодтой. Бомбæтæ сыл калдтой апрель, май æмæ июны райдианы. НАТО-йы фæндыд, цæмæй Слободан Милошевич йæ куыст ныууагътаид.

Операци æххæст æрцыд æртæ этапæй. 24-26 марты æххæст æрцыдысты Югославийы Уæлдæфон хъахъхъæнынады тыхты басæттыны фæдыл хæстæ. 27 марты атакæтæ райдыдтой Косовойы территорийыл Социалистон Республикæ Югославийы тыхты ныхмæ, афтæ ма бомбæтæ æрæзгъæлстой Сербийы уæлдай нысаниуæгджындæр объекттыл. 24 апрелæй масштабон цæфтæ кодтой Сербийы æппæт территорийы. НАТО-йы сайтыл ныммыхуыргонд бæрæггæнæнтæм гæсгæ, операцийы рæстæджы – 78 боны дæргъы, альянсы бæстæты авиаци сарæзта 38 мин хæстон атахты, уыдонæй 10 мин атахтæй фылдæр бомбæты цæф ныккæныны тыххæй, ауагъдæуыд 3 мин базырджын ракетæйы æмæ æрæппæрстæуыд 80 мин тоннæйæ фылдæр бомбæтæ, уыцы нымæцы кассетон æмæ уранимæ хæццæ бомбæтæ. Операцийы архайдтой иу мин хæдтæхæгæй фылдæр (уыдонæн сæ фылдæр хай радтой АИШ). Уыдонæй НАТО-йы официалон бæрæггæнæнтæм гæсгæ æрæппæрстæуыд дыууæ хæстон хæдтæхæджы. Операцийы рæстæджы «рæдыдæй» бомбæтæ æркалдтой цалдæр хатты. Зæгъæм, 14 апрелы фæмард сты 64 албайнаджы, кæцытæ цыдысты Албанийы ‘рдæм, æмæ 8 майы æхсæвы та хъыгдард баййæфта Белграды Китайы минæварад. Абоны онг дæр китайæгтæ нæ ферох кодтой ацы цауы тыххæй. Иууыл трагикондæр инциндентты нымæцы ис 14 майы косовойаг Коришайы хъæуыл бомбæтæ æрызгъалын, цыран НАТО-йы бæрæггæнæнтæм гæсгæ уыдысты сербаг æфсæддонтæ. Фæлæ цæфы бын бахаудтой албайнаг лигъдæттæ – фæмард сты 50 адæймаджы.

 

ОПЕРАЦИЙЫ РÆСТÆДЖЫ  РАКÆНГÆ ЗИÆНТТÆ

Сербаг бæрæггæнæнтæм гæсгæ бомбæтæ калыны рæстæджы фæмард сты 2,5 æй 3 мин адæймаджы онг, уыцы нымæцы 82 сывæллоны, фæцæфтæ сты 10 мин адæймаджы бæрц. Уыдонæн сæ дыууæ æртыккæгæм хай уыдысты æмбæстагон адæймæгтæ. Материалон зианы аргъ у 100 миллиард доллары. Куынæг æрцыд Югославийы æфсæддон-сæудæджерадон инфраструктурæ, ныппырх сты 1,5 мин цæрæн пункты, 60 хиды, æппæт скъолаты 30 проценты, 100 бæрц цыртдзæвæнтæ. Ныппырхчындæуыд æмæ разиан кодтой 40 мин цæрæн хæдзарæн. Нефткуыстгæнæн æмæ нефтехимион заводтыл бомбæтæ кæй æркалдтой, уый фæстиуæгæн токсикон буарадтæй фæхъæстæ бæстæйы доны системæ.

 

ХÆСТЫ ФÆСТИУДЖЫТÆ

Операци фæцис 1999 азы 10 июны Кумановойы, (Македонийы, Сербийы арæнмæ æввахс) Социалистон Республикæ Югослави æмæ НАТО-йы ‘хсæн æфсæддон-техникон сразыдзинадыл къухтæ æрфыссыны фæстæ, кæцымæ гæсгæ Косовойы территорийæ райдыдта югославийаг æфсæдты раконд. Уыцы бон ИНО-йы Æдасдзинады Совет райста резолюци, кæцыйы бындурыл Косовойы ИНО-йы эгидæйы бын равæрд æрцыдысты Æдасдзинады дунеон тыхтæ НАТО-йы бындурон хайадистæй. Æфсæддон службæгæнджыты иумиаг нымæц уыд 40 мин адæймаджы. 2008 азы февралы Косовойы парламент иуварсон æгъдауæй расидт хæдбардзинад Сербийæ. Ныртæккæ Косовойы хæдбардзинад банымадтой дунейы 104 бæстæйы. Косовойы банымайыны ныхмæ, Сербийæ дарддæр, ралæууыдысты 60 бæстæйы, уыцы нымæцы Уæрæсе, Китай, Инди, Израиль.

 

ФÆЛВАРЫ ЙÆ ХЪÆДГÆМТТÆН  СХОС КÆНЫНЫЛ

Абон, хæстæй 25 азы фæстæ, Белград нырма дæр фæлвары йæ хæстон хъæдгæмттæ сдзæбæх кæныныл. Ноджы ма рæстæг рацæудзæн, æмæ адæймаджы зæрдыл ницыуал лæууын кæндзæн 1999 азы уыцы тæссаг 78 бонты тыххæй. Фæлæ уый – æддейæ бакæсгæйæ. Югославийы ныхмæ НАТО-йы фыдракæндтæ баззадысты æнæфхæрдæй æмæ рæстæджы цыдимæ банымæг сты, уымæн æмæ Югославийы фæстæ уыдысты Ирак, Афганистан, Ливи æмæ Сири, фæлæ алцыдæр райдыдта Югославийы, Белградыл фыццаг бомбæ куы æрæппæрстой, уæд.  2006 АЗЫ 11-æм марты Слободан Милошевич амард ахæстоны камерæйы. Цыдис  ыл 64 азы.

 

СЕРБИ НÆ УЫДЗÆН НАТО-йы УÆНГ

Ныгуылæн абоны онг иу чысыл дæр йæхи нæ хаты зылынджыныл, фæлæ де-факто Сербийы нымайы, кæуыл фæуæлахиз, ахæм бæстæйыл.

«Мах нæ уыдзыстæм НАТО-йы уæнг. Ма тыхсут Сербийы тыххæй. Серби æрмæст Уæрæсейы хæлар нæу. Сербийы нæй гæнæн æмæ йæ басæттой кæнæ фехалой. Мах бахъахъхъæндзыстæм нæ хæдбардзинад æмæ сæрибардзинад», – банысан кодта Александр  Вучич.

ДЖИОТЫ Екатеринæ

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.