15 мартъийæ 17 мартъимæ Уæрæсейы Федерацийы президентон æвзæрстыты тыххæй нæ районтæ æмæ горæтты байгом 12 æвзарæн фадыджы.  Хуссар Ирыстоны цæрæг уæрæсейаг æмбæстæгтæн æртæ боны дæргъы фадат ис сæ æмбæстагон хæс сæххæст кæнынæн æмæ æмбæлон æвзæрст саразынæн.

Уæрæсейы Федерацийы минæварады бæстыхайы 8354-æм æвзарæн фадыг байгом райсомы аст сахатыл. Уым райдианæй дæр цæстуынгæ хынцыд уыд æвзарджыты бæрзонд активондзинад – адæм лæууыдысты рады сæ æмбæстагон хæс сæххæст кæныны сæраппонд.

Ацы æвзарæн фадыджы æвзæрстыты хайад райста Хуссар Ирыстоны бæстæйы сæргълæууæг Гаглойты Алан дæр. Йæ æмбæстагон хæс бафидыны фæстæ уый банысан кодта, зæгъгæ, Хуссар Ирыстоны территорийыл цæрæг Уæрæсейы Федерацийы алы æмбæстаг дæр хъуамæ спайда кæна йæ конституцион бартæй æмæ æвзæрстыты хайад райса нæ рухс фидæны тыххæй. Уымæн æмæ уый у историон æвзæрст æрмæст Уæрæсейы Федерацийы æмбæстæгтæн нæ, фæлæ æгас уырыссаг дунейæн, уыцы нымæцы Хуссар Ирыстонæн дæр.

Уæрæсейаг минæварады æвзарæн фадыджы ма фыццæгтæй чи бафыста йæ æмбæстагон хæс, уыдоны æхсæн уыдысты Хуссар Ирыстоны Уæрæсейы Федерацийы Æххæстбарджын минæвар Марат Кулахметов, Республикæ Хуссар Ирыстоны Хицауады Сæрдар Джуссойты Константин, Паддзахадон Æдасдзинады комитеты сæрдар Олег Ширан æмæ æндæр бæрнон кусджытæ.

* * *

Райсомы аст сахатыл ма йæ дуæрттæ парахатæй байгом сты нæ горæты Профцæдисты хæдзары бæстыхайы   8360-æм æвзарæн фадыг.

Æвзарæн фадыджы сæрдар Юрий Булатов нын куыд радзырдта, уымæ афтæмæй æвзарæн фадыг куы байгом, уæдæй нырмæ ницыхуызæн бархалæн цаутæ хынцыд не ‘рцыд. Æмбæстæгтæ æвдисынц бæрзонд активондзинад, уый традицион у Хуссар Ирыстоны æмбæстæгтæн. Æмбæстæгтæ сты алы кары – æвзæнгтæ, астæуккаг кары адæм æмæ ацæргæтæ.

«Махмæ организаци æрцыд Цхинвалы районмæ  ахæсгæ хъæлæскæныны  процсс, уым дæр æвзарджытæ райзæрдæйæ цæуынц æвзæрстытæм.

Районы хъæлæс кæныны процесс дæр цæуы æнæ бархалæн цаутæй», – банысан кодта уый.

Булатов ма нын радзырдта, зæгъгæ хъæлæс кæныны хъуыддаг цæуы æмбæлон уавæрты, æмархайд кæнынц æппæт службæтæ дæр, æппæтдæр у нывыл æмæ хорз æмвæзадыл.

Уæ зæрдыл уын æрлæууын кæнæм уый, æмæ нæ республикæйы районты цæрæг уæ­рæсейаг æмбæстæгтæн ахæсгæ урнæты руаджы хъæлæс кæныны фадат кæй уыдзæн бæрæг æмгъуыдты. Арæзт æрцыд сæрмагонд графиктæ, алы районты хъæуты цæрджытæ дæр зонгæ сты уыцы графиктимæ æмæ сын цы рæстæг хицæн æрцыд, уыцы рæстæгмæ бацæудзысты администрациты бæстыхæйттæм æмæ сæх­хæст кæндзысты се ‘мбæстагон хæс.

КЪÆБУЛТЫ Маринæ

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.