Уæрæсейы президентон æвзæрстытæ куыд æввахс кæнынц, афтæ ныгуылæны цæрæг адæмы ахъаззаг хай дисы бафтыдис, уæддæр цæмæн ахæм популярон у уæрæсейаг лидер йæхи бæстæйы æмæ ма…æнæхъæн дунейы дæр.  Раст зæгъгæйæ, дзуаппагур иртасджыты фылдæр хай уайтагъд æрымысынц «æнæрафæлгъаугæ уырыссаг удысконд» (загадочная русская душа) æмæ иннæ ахæм идеологион клишетæ. Мæгуыр сæ бон! Уый фæлтау бавдæлæнт æмæ цымыдисаг фарстайы гуырæнтæ æмæ аххосæгтæ лæмбынæгдæр раиртасæнт. Чи зоны, афтæмæй æппынфæстаг исты бамбарой.

Сæ хъуырдухæнтæ æмæ сæ хъарджытæй байдзаг ис информацион тыгъдад. Бузныг уæрæсейаг тæлмацгæнджытæн сæ бæстон куысты тыххæй. Уырыссаг æвзагмæ тæлмацы нæ ныгуылæйнаг «партнерты» уацтæ æнцон ссарæн сты интернеты.

«Украинæйы масштабон  къуыхцытæ, америкаг æххуысы хæццæ-мæццæ уавæр æмæ ныгуылæны иумæйаг æдыхдзинады фæрцы Путины æмæ Уæрæсейы ныфс æрфидар ис», – хъаст кæны эстойнаг аналитик Юло Маттеус. Германы хъахъхъæнынады министр Борис Писториусæн йæ дæлбар инæлартæ немыцаг ракетæтæй Хъырымы сакъадах ныццæвыны фæдыл  куыд ныхас кодтой, уыцы æмбырды аудиофыст уæрæх дунейыл апырх ис. Æмæ Германы министрæн фыртæсæй йæ хид акалд. Хуыздæр ницыуал æрцыд йæ сæрмæ, æрмæст ма ныллæгъстæ кодта йе ‘мбæстæгтæн «Ма бауарзут Путины», зæгъгæ.

Æппæт уыдæтты тыххæй кæсгæйæ, æнцон  бафиппайæн у ноджы иу цымыдисаг  факт: Европæйы бирæнымæц социалон хызæгтæй куы иуы, куы та иннæйы сарæх сты алыхуызон æрфарстытæ «Дунеон лидертæй кæй равзариккат уæхи бæстæйы президентæй?», зæгъгæ, ахæм фарстаимæ.  Диссаг у, æвæдза, фæлæ уыцы æрфарстыты уæлахиздзау ног æмæ ногæй  æнæмæнг свæййы Уæрæсейы  президент.

Хъыг сын куыннæ уыдзысты ахæм хатдзæгтæ. Уæлдайдæр та бонæй-бонмæ, азæй-азмæ Путины æрдæлдзиныг кæнынæй чи не ‘фсæдынц, уыцы политиктæн. Æмæ-иу раздæр кæд æрфарстыты инициатортæ хъыгаг хатдзæгтæ  рæвдз-рæвдз æмбæхстой, уæд ныр афтæ нал кæнынц. Æмæ, æцæгдæр, куыд  бамбæхсдзынæ уæрæсейаг лидеры популярондзинад, кæд æмæ йæ алы дзырд, йæ алы къахдзæф дæр уайтагъд фыццаг дунеон хабар фестынц. Уымæн бирæ дæнцæгтæ æрхæссæн ис. Федералон æмбырдмæ Владимир Путины баздæхты тыххæй æрмæджытæ байдзаг кодтой стырдæр дунеон газетты фыццаг фæрстæ.  Уымæй раздæр егъау цымыдис расайдта, уæрæсейаг лидер Такер Карлсонæн цы интервью радта, уый. Цыфæнды хуызы лæвæрд ма уæд Путины тыххæй информаци, ома, æппæлгæ дзы кæной æви æлгъитгæ, уæддæр ныгуылæны хуымæтæг адæмы æхсæн, ома, хуымæтæг газеткæсджыты æмæ телекæсджыты æхсæн йæ авторитет æмæ популярондзинады рейтинг кæддæриддæр  хæрдмæ стæхы.

А-фæстаг мæйты Ныгуылæны архайынц, цæмæй дунеон лидерты тыххæй  рейтингон стыр  иртасæн куыстытæ мыхуыры мауал рацæуой, ууыл. Æвæццæгæн, уынынц æй, алы ахæм иртасæны дæр ныгуылæн бæстæты цæрджытæ фыццаг бынаты кæй сæвæрынц Путины, уымæн æмæ йæ нымайынц йæхи бæстæйы, йæхи национ интересты сæраппонд архайæгыл, йæ адæмы традицитæ æмæ цардыуагæвæрдыл тохгæнæг политикыл.

Куырм не сты уымы адæм, смудæнтæ дæр сыл куыннæ ис æмæ йæ уынынц, сæхи  хицауадты сын сæ хъыгтæ æмæ катайтæ куыд ницæмæ дарынц. Уыдæттæн, æвæццæгæн, ныббыхсæн ис, фæлæ ныгуылæйнаг лидертæ АИШ-ы разамындæй сæ традицион чырыстон цивилизаци дæлимондзинады фæндагыл кæй аразынц, уый зынтæй ныххатыргæнæн ис .

Фыдæнæнау, фарон сæм ахæм ирта­сæнтæ  фагæй фылдæр фæзындис æмæ сæ алкæйы дæр уыдис растдæр ранымад «кæуинаг» хатдзæгтæ. Зæгъæм, америкаг Newsweek æргом басастис: “Фæстаг рæстæджы бæлвырдгæнæнтæм гæсгæ, президент Владимир Путины популярондзинад 2020 азæй ранымайгæйæ, ома, Украинæйы хæстон архайдтытæй дыууæ азы раздæр, америкаг æмбæстæгты æхсæн схызтис рекордон æмвæзадмæ. YouGov-ы æрфарстмæ гæсгæ, кæд æмæ 2021 азы, кремлаг лидеры фарс  америкæгтæй 15% рахæцыдысты, уæд 2023 азы фыццаг кварталы та уыдысты 21%».

Æхсæз мæйы фæстæ, 2023 азы августы, украинаг бабырстæй куы ницы рауад, уæд иртасæн къорд  Worldof Statistic сарæзта социологон æрфарст ахæм темæйыл: «Цавæр нырыккон дунеон лидермæ уын ис æппæты фылдæр цыты  ахаст æмæ цæмæн?». Ӕрфарстыты лидер – Владимир Путинæн сæ хъæлæстæ радтой 35,6%,  Байден та райста æрмæст… 8,9%!  Кæд, дам цæфæй нæ мæлыс, уæд дын рæхуыст!  2023 азы портал YouGov ногæй ныммыхуыр кодта АИШ-ы фæсарæйнаг политикты радон рейтинг. Æмæ та рабæрæг ис, æнæхъæн дунейы лидертæй АИШ-ы адæмы 94% (!) Уæрæсейы президенты зонынц, уыдонæй 46%  та йæ нымайынц тынг зæрдæмæдзæугæ лидерыл. Иу азы размæ журнал The American Thinker-ы  æрмæджы бафарстæуыд: «Джо Байдены популярондзинад цас къаддæр кæны, афтæ америкæгтæ арæхдæр дзурынц, зæгъгæ, тæхуды æмæ нын Путины президентæй равзарыны бар куы уаид. Цæмæн?»  Дарддæр уацы автор фыссы:  «Байденыл æмæ йæ администрацийыл америкаг адæм кæй нал æууæндынц, уый аххосæй фæзынд æхсæнадон æнкъарынады ахæм метаморфозæ. Уый фæстиуæгæн бирæтæ Путины хуызæн лидермæ бæллын райдыдтой».

Ахæм уавæр ис Ныгуылæн Европæйы дæр. Фыццаджыдæр Германи æмæ Францийы. Цæвиттон, ранымад бæстæты  уымæн афтæ сарæх сты гермайнаг æмæ французаг горæтты фермерты, дохтырты, æфсæнвæндаджы кусджыты æмæ ма универмагты уæйгæнджыты нæразыдзинады акцитæ.

Европæйæгтæ сæ разамонджыты политикæйæ кæй бафæлладысты, уымæн æвдисæн – оппозицион, ома, фыццаджыдæр æмбæстæгтыл аудынады фарс хæцæг политикты популярондзинады рæзт. Йæхи адæмы цы фæнды, ууыл фыццаградон æгъдауæй чи хъуыды кæны, ахæм политиктæ сæ æрхъуыдис. Уæрæсеимæ чи хæцы, уыдоныл  миллиардтæ чи хардз кæнынц, кæнæ АИШ-ы бардзырдтæ чи æххæст кæнынц, уыдоны рейтингтæ та зынгæ æрхаудтой.

Уæрæсейы интерестæ Путин кæй фæнды интерестæй дæр уæлдæр æвæры. Суанг ма «дунеон жандармæй», ома, АИШ æмæ НАТО-йæ дæр нæ фæтарстис  æмæ стыр фыдбылызæй Уæрæсейы бахъахъхъæныны сæраппонд райдыдта сæрмагонд æфсæддон операци. Уымæн æмæ йæ уыдта, Уæрæсе ныппырх-ныддихтæ кæныныл куыд разæнгардæй архайдта Цæгататлантикон альянс. Уымæн æмæ йæ зыдта, НАТО-имæ бадзырдтытæ цы гæххæттыл фыст сты, уымæй дæр асламдæр кæй сты. Уыимæ ма Путинæн бантыст ныгуылæйнаг санкциты ныхмæ фидар фæлæууын – Уæрæсейы экономикæ ахъаззаг сырæзтис.

Уæдæ уæд хæдбар политикон æмæ экономикон субъекттæ уæвынмæ цы паддзахадтæ тырнынц, уыдон сæ цæстæнгас Уæрæсейы ‘рдæм кæй раздæхтой, уым диссагæй ницы ис. Уымæн афтæ сырæзт, БРИКС-ы уæнг суæвын кæй фæнды, уыцы бæстæты нымæц. Ацы ног политикон-экономикон цæдис æгас дуне дæр нымайы АИШ æмæ йе ‘мцæдисонты ныхмæлæууæгыл.

Куыд рабæрæг, афтæмæй Америкæ æмæ йе ‘мхъузонты дæр фæндид уæрæсейаг лидеры «диктаты» бын ацæрын.

Ис ахæм уырыссаг æмбисонд: “Что имеем – не храним, потерявши – плачем”. Дæсгай азты дæргъы Уæрæсейы аслам энергетикон ресурсты фæрцы схъæздыг ис ныгуылæн дуне. Фырхъалæй  фыццаг уал адæмы ныддихтæ кодта  «фылдæр» æмæ «къаддæр» хæйттыл, стæй райдыдтой къухвæлыст  «къаддæр хайы» бартыл тох кæнын. Цыбыр дзырдæй, ныгуылæн  дуне нæ базыдта адæмæн сæ фылдæры интерестæй цæрын,    нæ базыдта иннæ паддзахадты интерестæ нымайын. Уавæр æрæмбарыны бæсты, сæхиуыл бакусыны бæсты Ныгуылæн элитæтæ хæлæг кæнынц  ныртæккæ Уæрæсемæ…

Дамбегти Иринæ

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.