Джаджиты Кристинæ – Хуссар Ирыстоны паддзахадон университеты ирон-уырыссаг филологийы факультеты 1-аг къурсы студент:

– Стыр политикон фарстытæ скъуыддзаг кæныны хъуыддаджы æз æвзонг адæймаг дæн, фæлæ цы  хъусын æмæ уынын уымæй ахæм рæстæджы аразын хатдзæгтæ æмæ цæттæ дæн æвзæрстыты хайад райсынмæ. Ме ‘мкъурсонтæ дæр тынг хорз æмбарынц ацы æвзæрстыты стыр нысаниуæг Хуссар Ирыстоны.

 Санахъоты Ланæ – Хуссар Ирыстоны националон банчы хистæры хæдивæг:

– Нæ хъуыды кæнын æмæ искуы Уæрæсейы президентон æвзæрстыты рæстæджы уыд ахæм цаутæ æмæ æвзæрстытыл бандæвтой мæгуырауæрдæм. Уыцы ныфсимæ куыд æз, афтæ банчы кусджытæ дæр зонынц, уыцы хорз традици ныр дæр хæлд кæй не ‘рцæудзæнис æмæ æвзæрстытæ кæй ацæудзысты лæгъз æмæ сабыр.

Джиголаты Олег – Хуссар Ирыстоны Мидхъуыддæгты министрады милиционер:

– Æвзæрстыты хайад исынхъом куы фæдæн, уæдæй нырмæ нæ хъуыды кæнын æмæ сæ искæцыты  нæ райстон хайад. Ныр дæр уыцы бонты мæ бинонтимæ бацæудзынæн æмæ хайад райсдзынæн, Уæрæсе æмæ Ирыстоны адæмтæн ахсджиаг чи у, уыцы æвзæрстыты. Уырны мæ, ахæм хъуыды кæй ис Хуссар Ирыстоны алы æвзонг æвзарæгмæ, хъæлæс кæнын кæмæ æмбæлы, уыдонæй алкæмæ дæр.

Уыцы бонты нæ министрады структурæйы кусджытæ сæ куыст æххæст кæндзысты фæтыхджындæргонд режимы. Хъахъхъæд цæудзысты æвзарæн фадгуытæ.  Цы не ‘мбæлы, ахæм цаутæ кæд уа, уæд уыдон урæд цæудзысты афоныл.

Кæуыл хъæлæс кæндзынæн, уый дæр, куыд бирæ æндæр æмбæстæгтæ, афтæ мæнæн дæр нæу æмбæхсинаг. Кæй зæгъын æй хъæуы, Владимир Путиныл.

Гæззаты Иван

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.