Паддзахадон телекомпани   «Ир»-ыл сæххæст 30 азы

Нырыккон цардыл зын ахъуыдыгæнæн у æнæ телеуынынадæй. Нæхи канал нæм фæзынд 30 азы размæ. Афтæ зæгъæн ис æмæ телеканал «Ир» æссис Хуссар Ирыстоны ахсджиагдæр фæрæз.

Уый уыд дуджы домæн. Советон Цæдисы ныппырхы фæстæ Хуссар Ирыстоны сæвзæрыд уæззау æхсæнадон-политикон уавæр. Гæвзыкк экономикон уавæримæ ма райдыдта гуырдзыйы агресси нæ адæмы ныхмæ. Хъысмæт бæлвырд кæныны рæстæг ралæууыд æмæ Хуссар Ирыстон йæхи расидт хæдбар республикæйæ. Уæд арæзт æрцыдысты хицауады структурæтæ. Уыцы дугивæн азты фæзындис нæ телеуынынад дæр æмæ цæрджыты зонгæ кодта республикæйы цы æхсæнадон-политикон процесстæ цыдысты, уыдонимæ.

Алы ногдзинады дæр зын вæййы райдайын, йæ къæхтыл æй слæууын кæнын. Зын уыдис телеуынынады куыст дæр æрбæстон кæнын. Цы бæрцыл кусджытæ дзы куыста, уыдонмæ нæ уыдис æмбæлон фæлтæрддзинад, ифтонг нæ уыдысты техникон æгъдауæй дæр. Фæлæ сæм уыдис стыр энтузиазм æмæ сæ уый разæнгард кодта йе срæвдз кæнынмæ.

Афтæ, 1991 азы декабры мæйы Информаци æмæ мыхуыры фæдыл комитет Коцты Станиславы сæргълæудæй аскъуыддзаг кодтой телевизион алæвæрд сорганизаци кæнын æмæ январы фыццаг бонты эфиры рацыд фыццаг сюжет. Радиойы диктортæ Куымæридтаты Донарæ æмæ Джиоты Сослан рахызтысты телеэкранмæ. Уæд камерæ уыдис æрмæстдæр комитетмæ æмæ алæвæрдтæ истой Харебаты Батрадз æмæ Гаглойты Уасил.

Уыцы рæстæджы эфиры цыдис æрмæстдæр дыууæ алæвæрды, æмæ уыдон дæр фескъуыдысты афæдзы æмгъуыдмæ, республикæйы уавæр кæй скарз, уый аххосæй. Фæлæ телевизион алæвæрдтæ сорганизаци кæныныл дарддæр куыст цыдис. Телеуынынады куыст чи срæвдз кодта, уыдон уыдысты Цхуырбаты Тимур, Гаглойты Уасил, Æлборты Валодя, Хъуылымбегты Роберт, Гаглойты Иринæ æмæ æндæртæ.

Цардивæны азфыссæг

Ног телеуынынады фыццаг эфир уыдис 1992 азы 8 декабры. Ног  информацион ресурс хуындис хæдбар телекомпани “ИР”. Райдианы куыста къуыри дыууæ хатты, фæстæдæр та æртæ хатты. Арæзтой информацион, хиирхæфсæн æмæ музыкалон программæтæ. Рæстæг куыд цыдис, афтæмæй фæзындысты æндæр æмæ æндæр программæтæ дæр.

Хæдбар телеуынынадæй паддзахадон рацаразыны хъуыддаг цыдис зын уавæрты. Афтæмæй та йæ рацаразын æнæмæнг хъуыдис – цæмæй хæццæ кодтаид паддзахады политикæ адæммæ. Фæстагмæ фарст аскъуыддзаг  РХИ-йы паддзахадон ныхасы сæрдар Цыбырты Людвигы архайды руаджы. Паддзахадон телеуынынадмæ хæдбар телеуынынадæй рахызтысты сæйрагдæр кусджытæ, фæлæ зын уыд техникон фарстатæ аскъуыддзаг кæнын. Ацы хъуыддаджы сын стыр æххуыс бакодтой Мæскуыйы цæрæг ирæттæ. Фыццаджыдæр æмæ ахъаззагдæр уыдис зындгонд амалиуæггæнæг Къæбысты Зурабы æххуыс.

Хуссайраг коллегæтæм æххуысы 1994 азы марты райдианы æрцыдысты Цæгат Ирыстонæй коллегæтæ æмæ æрбæстон кодтой ифтонггæрзты куыст, бацæттæ кодтой техникон персонал. Афтæмæй скъуыддзаг æрцыд, эфиры паддзахадон телеуынынады фыццаг рауагъд. Ног хабæртты  фыццаг диктор ссис журналист Хъуылаты Мулдар. Йæ фыццаг уацхæсджытæ та уыдысты Уанеты Ямзе æмæ Уазæгты Марфæ. Алæвæрдтæ уагъд цыдысты къуыри æртæ хатты, 1995 азы сентябрæй та æрвылбон дæр.

Азтæ куыд цыдысты, афтæ фылдæр кодта паддзахадон телеуынынады кусджыты нымæц, рæзтис сæ профессионалон дæсныйад æмæ уыимæ цы алæвæрдтæ цæттæ кодтой, уыдоны мидис æмæ гъæд дæр.

ПТРК «Ир»-æн æндæр æмæ æндæр рæстæджыты къухдариуæг кодтой Хъазиты Мелитон, Пухаты Фатимæ, Хуриты Гиви, Остъаты Мадинæ, Хъуылымбегты Роберт, Бирæгъты Димитр, Зæгъойты Радмилæ æмæ Чилæхсаты Георги. Ныртæккæ та йæ сæргъ лæууы Хъазиты Хатунæ. Коллективы сæйраджыдæр кусынц æвзонг фæсивæд æмæ диссаг нæу, бирæтæ дзы сæ цард ам кусгæйæ кæй баиу кодтой, уый.

Куыд нæ адæмæн, афтæ телеуынынады кусджытæн дæр уæззау фæлварæн ссис 2008 аз. Бирæты бахъуыдис уæд йæ къухмæ хæцæнгарз райсын. Тынг бахъыгдард бæстыхай йæхæдæг дæр.

Рæстæг дугъон бæхæй уæлдай нæу. Ныр 30 азы рацыд æмæ нæ телеуынынады рацæугæ фæндагыл нæ цæст куы ахæссæм, уæд зæгъæн ис, уыдон кæй уыдысты сфæлдыстадон рæзты азтæ, ног коллективы райгуырд, лæгдзинад æмæ хъæбатырдзинады азтæ.

30 азы чысыл æмгъуыд не сты. Æрцыдис дзы бирæ зынгæ цаутæ æмæ се `ппæты дæр хайад иста нæ телеуынынад. Уыдис дугивæны азфыссæг. Бахъахъхъæдта историон – документалон цæстуынгæ æрмæджытæ сомбоны фæлтæртæн. Уыцы уæззау бонты журналисттæ æмæ оператортæ уыдысты сæ куысты уæлхъус æмæ знаджы нæмгуыты бын æххæст кодтой сæ хæстæ.

Абон паддзахадон телеуынынады кусджытæн сæ уавæртæ бæрæг фæхуыздæр сты. Кусынц сæрмагондæй арæзт бæстыхайы, уæрæх кусæн хатæнты, ифтонг сты хъæуæг телевизион аппаратурæйæ, æндæр техникон фæрæзтæй, автотранспортæй. Ам сæрмагонд хъусдард здæхт цæуы æвзонг кадртæ исынмæ æмæ хъомыл кæнынмæ. Æрмæст фæстаг рæстæджы ардæм кусынмæ æрбацыд цыппар æвзонг специалисты æмæ иууылдæр арæхсынц мадæлон æвзагыл æрмæджытæ цæттæ кæнынмæ. Алкæмæй дæр сæ ис ныфс бавæрæн.

Абон телеуынынады коллектив у цæрдхъом, намысджынæй æххæст кæны йæ разы лæууæг хæстæ. Нæ республикæйы цæрджыты размæ хæссы æмæ зонгæ кæны нæ царды хорзæрдæм цы ивы, уыдоны. Ахъаз кæны рæзгæ фæлтæры патриотикон æмæ хæрзæгъдауон хъомыладæн, нæ адæмы истори, традицитæ, æгъдæуттæ æмæ культурон бынтæ пропагандæ кæнынæн. Зонгæ сæ кæны нæ номдзыд адæймæгты цард æмæ архайдимæ.

Йæ юбилейон боны Хуссар Ирыстоны паддзахадон телеуынынады коллективæн нæ цæст уарзы ног сфæлдыстадон æнтыстытæ. Кæддæриддæр фарны хабæрттæ хæссæг ут, нæ зынаргъ коллегæтæ!

     БЕСТАУТЫ Валя

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.