Хуссар Ирыстоны Уæлвæткон уавæрты министрады кусджытæ æрæвнæлдтой рагон фидары территори ссыгъдæг кæнынмæ. Историон агъуыст у Цхинвалы цæгатæй авд километры æддæдæр.

Культурон исбоны объект уый размæ лæвæрд æрцыд Хуссар Ирыстоны Уæлвæткон уавæрты министрады дæлбармæ. «Хъæуы бирæ куыстытæ сæххæст кæнын. Уæлвæткон уавæрты министрады кусджытæ ныр цалдæр боны территори сыгъдæг кæнынц пыхсытæ æмæ хæмпæлгæрдæгæй. Объекты æппæт куыстытæ дæр æххæст цæуынц Культурæйы министрады æмразыйæ», – радзырдтой пресс-службæйы.

Уый размæ паддзахады сæргълæууæг Гаглойты Алан Культурæйы министрадæн бахæс кодта, цæмæй æххæстгæнæг хицауиуæгады органтимæ иумæ бакусой мадзæлтты комплекс: культурæ, рагон аргъуанты æмæ æндæр культурон объектты хæрзарæзтадыл, афтæ ма бацамынд мадзæлтты реализаци сифтонг кæныныл дæр.

 

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.