Цхинвалы Паддзахадон драмон театры цытджын æгъдауæй æрбайгом сты Цæцæйнаг культурæйы бонтæ Хуссар Ирыстоны.

Ардæм æрбацыдысты Хицауады сæргълæууæг Джуссойты Константин, Хуссар Ирыстоны Уæрæсейы Федерацийы æххæстбарджын минæвар Марат Кулахметов, Культурæйы министр Зæгъойты Радæ. Цæцæны республикæйы делагацийы сконды уыдысты Культурæйы министры фыццаг хæдивæг Марет Басарова, Цæцæны республикæйы зындгонд ансамбль «Вайнах»-ы æмæ Цæцæны республикæйы М. Лермонтовы номыл Паддзахадон уырыссаг драмон театры артисттæ.

Райдайæны мадзаламонджытæ радзырдтой Хуссар Ирыстон æмæ Цæцæны республикæйы культурæты æмахастытыл. Уазджытæн раарфæ кодтой Марат Кулахметов æмæ Зæгъойты Радæ. Марат Кулахметов куыд банысан кодта, афтæмæй ирон æмæ цæцæйнаг адæмтæ кæддæриддæр лæууыдысты кæрæдзийы фарсмæ æмæ сын уыд хæларадон ахастытæ.

«Ныфс мæ ис,  дарддæр дæр дыууæ бæстæйы æмгуыстад кæй кæндзысты культурæйы фадыджы. Абон Ирыстоны сценæмæкæсджытæ та цæцæйнаг артисттæн скæндзысты аккаг аргъ», – загъта Марат Кулахметов.

Зæгъойты Радæ куыд банысан кодта, афтæмæй Ирыстоны зын æмæ уæззау дугты Цæцæны бæстæ йæ хæларадон ахаст Ирыстонмæ æвдыста æппæтварсонæй.

«Нæ республикæты хæларадон æмахастытæн ис сæрмагонд нысаниуæг æмæ сты рæстæджы фæлвæрд. 2008 азы августы мæйы Цхинвал пиллон арты куы сыгъдис, уæд фыццаг рады æххуысмæ фæзынджыты ‘хсæн уыд цæцæйнаг батальон «Восток» дæр. Мах стыр аргъ кæнæм Цæцæны республикæ кæддæриддæр цæттæ кæй у Хуссар Ирыстонимæ культурон æмахастытæм æмæ бузныг зæгъын Цæцæны республикæйы сæргълæууæг Рамзан Кадыровæн, республикæйы Культурæйы министр Айшат Кадыровайæн æмæ Хуссар Ирыстоны паддзахадæн, абоны фембæлды сорганизаци кæныны тыххæй», – загъта Радæ.

Цæцæны республикæйы Культурæйы министры номæй арфæйы ныхæстæ бакастис министры фыццаг хæдивæг Марет Байсарова.

Фембæлды официалон хайы фæстæ цæцæйнаг артисттæ ирон театрдзаутæн равдыстой Лермонтовы роман «Герой нашего времени»-йы мотивтыл æвæрд спектакль «Бэла».

«Бэла»

Фыццаг хатт спектакль «Бэла» Цæцæны драмон театры сценæйыл сæвæрыны идея фæзынд Республикæйы культурæйы министр Айшат Кадыровамæ. «Мæскуыйы театры сценæтæй сæ иуыл фыцццаг хатт ацы спектакль фенгæйæ уый фидарæй аскъуыддзаг кодта, йæ райгуырæн бæстæйы сценæйыл æвæрд кæй хъуамæ æрцæуа. Базонгæ ис йæ режиссер Юрий Ереминимæ æмæ йын уый сразы ис, спектакль Цæцæнмæ æрласыныл нæ, фæлæ ма цæцæйнаг артисттимæ бакусыныл дæр. Фондз мæйы æмгъуыдмæ Еремин нæ театры артисттимæ бацæттæ кодтой æмæ равдыстой ацы спектакль нæ республикæйы театрдзаутæн. Уæдæй нырмæ йæ равдыстам цалдæр бæстæйы сценæтыл»,- радзырдта Цæцæны республикæйы сгуыхт артист, спектаклы режиссер Султан Темишев.

Сценæмæкæсæджыты зæрдæмæ тынг фæцыдысты декорацитæ, архайджыты уæлæдарæс æмæ иумæйагæй йæ композици. Къулыл хохы хуызы композицийыл æвдыст цыдысты Кавказы æрдзы нывтæ. Хæххон къахвæндаг равдисынæн спайда кодтой фæйнæджыты равæрд æмæ хуызджын рухсытæй. Музыкалон фæсдзыд сценæмæ-кæсджыты «хуыдта»  æцæг æрдзы хъæбысмæ.

Спектакль райдыдта Лермонтовы романы сæргонд «Фаталист»-æй. Цыппар афицеры быцæуы мидис у сбæлвырд кæнын –  адæймаджы хъысмæт развæлгъауæй лæвæрд у, æви нæ. Ацы хай спектакльмæ бахастой, цæмæй равдисой пысылмон дин дæр хъысмæты развæлгъау бæлвырдимæ разы кæй у, уый.

Дарддæр сценæмæ рахызтысты дыууæ нæлгоймаджы афицеры дарæсы,  сæ балцы цæугæйæ сын бацайдагъ диалог, цыран Максим Максимы фырт дзуры йæ царды æрцæугæ фембæлдтытыл Печоринимæ. Æвæццæгæн сценарийы æппæты фылдæр æмæ зындæр роль лæвæрд уыд Цæцæны сгуыхт артист Ахмет Хамзатовæн. Уымæн æмæ уыцы иурæстæджы æххæст кæны Максим Максимы фырты роль æмæ кæсы уац дæр. Æдæппæт сценарийы текст у  27 фарсæй, уыдонæй 23 кæсы Ахмет. Спектаклы сæйраг хъайтартæ – Бэлæ æмæ Печорины ролтæ аив сæххæст кодтой æрыгон артисткæ Амина Саралиева æмæ Аслан Осмаев, Бэлæйы æфсымæр Азæмæты ролы ахъазыд  Муслим Мамаев.

Сценарийы сюжеты æппæты æппæрццагдæр хайыл нымад уыд Азæмæт йæ хойы Печоринæн бæхыл кæй баивта, уый. Ахæм миниуæг растыл нымад никуы уыд куыд кавказаг адæмты ‘хсæн, афтæ æндæр адæмтæм дæр, фæлæ йын, хъыгагæн, уыдис бынат æмæ йæ автор дæр равдыста йæ уацы. Нæ йæ аппæрста спектаклы æвæрæг режисер дæр. Фæлæ ма режиссер банысан кодта, кавказаг сылгоймаг лæвæрттыл йæхи кæй никуы уæй кодта, равдыста йæ Максим Максимы фырт Печоринимæ Белæйы тыххæй ныхасы рæстæджы.

Печорин кæд райдайæны йæхи Бэлæйæн цæхæркалгæ уарзтæй судзæгæй равдыста уæддæр Бэлæ уыд æрмæстдæр йæ мæнг уарзондзинады  радон  амæттаг. Бэлæмæ ма йæ уарзондзинады тыххæй дзырдта Казбич дæр, æгæрыстæмæй адавта Бэлæйы дæр Печорины кæртæй, фæлæ уыцы давды фæстиуæгæн Белæ фæмард.

Сценарийы кæрон Печорин æмæ Максим Максимы фембæлды Печорин дзуапп нæ радта Максим Максимичы хъарм ахастæн. Йæхи равдыста сæрыстыр къниазæй.

Ирон сценæмæкæсджыты аншлаг спектаклы кæрон æххæстæй равдыста,  сæ зæрдæмæ тынг кæй фæцыдысты цæцæйнаг артисттæ, уый. Рахуыдтой сæ сценæмæ æмæ сын ирон æгъдаумæ гæсгæ сæ размæ рахастой традицион æртæ уæливыхы, физонджытæ æмæ ирон бæгæныйы нуазæн.

Уазджытæ ракодтой арфæйы ныхæстæ æмæ фысымтæн бакодтой зæрдылдарæн лæвар.

Цæцæйнаг культурæйы бонтæ Цхинвалы адарддæр кæндзысты ансамбль «Вайнах», уыдон дыууæ боны дæргъы нæ республикæйы аивадуарзджытæн равдисдзысты концерттæ.

Хуыгаты Миленæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.