Майрæмбоны изæрæй Хуссар Ирыстонмæ Мæскуыйæ уæззау хабар æрыхъуыст. Адæймаджы удыскондæй цухтæ Мæскуыйы «Крокус Сити Холл»-ы концертон залы сарæзтой æнахъæддаджы террористон акт.

22 мартъийы изæры колмплекс «Крокус Сити Холл»-ы залы Ленинграды областы симфонион оркестр «Таврический»-йы хайадистæй роккъорд «Пикник»-æн хъуамæ уыдаид концерт. Уый нæма райдыдта, афтæмæй цыппар террористы  бацыдысты бæстыхаймæ, сæ разы кæй æййæфтой, уыдоны мардтой, æхстой залы адæмы дæр.

Фæстаг бæрæггæнæнтæм гæсгæ теракты фæстиуæгæн фæмард 137 адæймаджы, 182 та цæфты нымæц у.

Ацы æвирхъауы трагикон цау фæриссын кодта Хуссар Ирыстоны цæрджыты зæрдæтæ.

Теракты хæдфæстæ, фарсхæцынады æмæ мæсæллæйы телтæ фыццаг чи арвыста, уыдонæй сæ иу уыд Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент Гаглойты Алан. Уый йæхи æмæ республикæйы адæмы номæй Владимир Путинæн дæр æмæ уæрæсейаг адæмæн дæр загъта мæсæллæйы ныхæстæ. Банысан кодта, зæгъгæ, «Терроризмон акт йæ æгъатырдзинад æмæ æнæпринципондзинадæй дæр у, а-фæстаг рæстæджыты æмбал кæмæн нæй, ахæм фыдракæнд.

«Тæфæрфæс кæнын фæмардуæвджыты бинонтæн æмæ хæстæджытæн, цæфтæн та мæ зæрдæ зæгъы  тагъд рæстæджы сæ-нæнизы фæндиæгтæ. Уырны мæ, теракты организатортæ карз æфхæрд кæй баййафдзысты, уый», – банысан кодта Гаглойты Алан.

Президенты хæслæвæрдæй Хуссар Ирыстоны территорийыл 27 мартмæ æхгæд æрцæудзысты æппæт хиирхæфсæн мадзæлттæ.

***

«Крокус Сити Холл»-ы теракты фæмардуæвджыты цытæн  Пре-зидент Гаглойты Алан 24 мартъи расидт республикæйы траурон бонæй.

***

Куыд Хуссар Ирыстоны, афтæ Уæрæсейы Федерацийы Республикæ Хуссар Ирыстоны минæварады дæр æрхæцыдысты РХИ-йы паддзахадон тырысатыл.

Уыимæ ма хуссарирыстойнаг минæварад мæсæллæйы тел арвыста УФ фæсарæйнаг хъуыддæгты министрадмæ, цыран дзырдæуы, зæгъгæ, теракты хабар Хуссар Ирыстоны адæм стыр хъынцъым æмæ зæрдæрыстимæ райстой. Æнæаххос адæймæгты марын сырдон ми у. Уымæн срастгæнæн нæй. Сабыр цæрджыты ныхмæ уыцы фыдракæндыл Хуссар Ирыстоны адæм хъоды кæнынц.

***

Культурæйы министрад дæр уынаффæ рахаста культурон мадзæлттæ фæстæдæр рæстæгмæ ахæссыны тыххæй.

Уыцы мадзæлттæм хауынц Паддзахадон драмтеатры спектаклтæ, киноконцертон зал «Чермен»-ы кинотæ æвдисын, Культурæйы боны цытæн концерт.

Культурæйы фадыджы кусджытæ дæр Уæрæсейы адæмимæ иумæ хъынцъым кæнынц æмæ  мæсæллæй зæгъынц, теракты фæмардуæвджыты бинонтæн æмæ карз тæрхон хæссынц, æнæаххос адæймæгты чи амардта, уыцы  террористон организацитæн æмæ хайадисджытæн.

Хуссар Ирыстоны адæм хъынцъым кæнынц теракты амæттæгты тыххæй

ДИДИНДЖЫТÆ ХÆССЫНЦ УÆРÆСЕЙАГ МИНÆВАРАДМÆ

23 мартъийы райсом Хуссар Ирыстоны разамынад, Президент Гаглойты Аланы сæргълæудæй дидинджытæ сæвæрдтой  Хуссар Ирыстоны УФ минæварады бæстыхайы къулмæ «Крокус Сити Холл»-ы теракты фæмардуæвджыты мысынады цытæн. Райсомæй республикæйы минæй фылдæр цæрджытæ Уæрæсейы минæварадмæ трагедийы амæттæгты мысынады цытæн дидинджытæ хæссын райдыдтой. Уæрæсейы минæварадмæ æрбацыдис тынг бирæ адæм.

Президент Гаглойты Алан, Парламенты спикер Æлборты Алан, Хицауады Сæрдары хæдивæг Джиоты Алан æмæ Президенты Администрацийы къухдариуæггæнæг Мæргъиты Алан мæсæллæйты чиныджы ныффыстой мæсæллæйы ныхæстæ.

25 марты дæр адæм цыдысты дидинджытæ æмæ цырæгътæй конд  къухвæлыст мемориалмæ.

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.