Профессионалон боксæй дунейы дыууæ хатты чемпион Гасситы Мурат дыууæ азы фæстæ ногæй рингмæ кæй рацыд æмæ йæ фыццаг тохы йæ ныхмæлæууæг Нури Сеферийыл фыццаг раунды кæй фæуæлахиз, уымæй хорз лæвар ракодта йæ иузæрдион фарсхæцджытæн.

Спортуарзджыты Мурат ныфс бауагъта, ногæй та боксы стыр бæрзæндтæм цæуын кæй райдайдзæн, уымæй. Спортуарзджыты фæнды зонын, Мурат дарддæр цавæр къахдзæфтæ кæндзæн, куыд æмæ кæм цæттæ кæндзæн йæхи, кæд æмæ кæимæ уыдзысты йæ хæстæгдæр тохтæ…

«2018 азы Мæскуыйы Александр Усикимæ куы фембæлдтæн, уæд залы уыд 30 мин адæймаджы. Æвæццæгæн, уыйбæрц адæм боксмæ кæсджытæ иу ран никуыма уыд. Уый уымæн, æмæ уыцы рæстæг мæнмæ æмæ Усикмæ уыди фæйнæ дыууæ дунеон чемпионы роны. Хъыгагæн, уый фæстæ мæн бахъуыд ме уæхскыл операци скæнынмæ Германимæ ацæуын. Афæдзы ‘рдæг ме уæхск уыди сæрмагонд фидаргæнæнæй баст.

Уый фæстæ ма иу цыппар хатты уыдтæн Германийы алыхуызон хостæ кæнынмæ. Фæстæдæр сабыргай райдыдтон мæхиуыл кусын нæхимæ, Дзæуджыхъæуы, цыппар мæйы фæстæ та ацыдтæн Америкæмæ. Мæхи хорз хатын райдыдтон æмæ, æвæццæгæн, æгæр раджы ме уæхскыл феууæндыдтæн. Ногæй мын тынг срысти, мæ къух уæлæмæ сисын дæр нал фæрæзтон æмæ та мæ Германимæ, мæ дохтырмæ цæуын бахъуыд. Уый мын ногæй скодта операци æмæ та уый фæстæ мæхи цæттæ кæнын райдыдтон.Ахæм фыдæбæттæ бавзарыны фæстæ æвиппайды дунейы æппæты тыхджындæр боксертимæ тох кæнæн нæй. Уымæн хъæуы рæстæг æмæ къорд къæпхæныл схизын. Мæ промоутертæ мын агуырдтой ныхмæлæуджытæ мæ абоны цæттæдзинадмæ гæсгæ. Алы аххостæй ивд æрцыдысты æртæйæ, æмæ æз бузныг зæгъын Нури Сеферийæн, уый мæнимæ рингмæ кæй рацыд, уый тыххæй.

Тох æгæр цыбыр кæй рауад, уый спортуарзджытæн, чи зоны, сæ зæрдæмæ нæ фæцыд, фæлæ боксы фæстауæрц гæнæнтæ нæй. Ныр мæ командæ агурдзæн куыдфæстæмæ тыхджынæй-тыхджындæр ныхмæлæуджыты, æмæ уымæ цæттæ уæвын хъæуы. Дæ размæ стыр нысан куы æвæрай, уæд уымæ раст фæндаг арын хъæуы, уый та ахæм тохты ис ссарæн. Нæ нысан у дунейы тыхджындæр дæс уæззаууæзон боксерты рæнхъмæ рацæуын».

Йæ тренертæ Сланты Витали æмæ Чехойты Аланимæ фæнд кæны   иннæ тох ног азы февралы, кæнæ мартъийы саразын. Нырма бæрæг нæу, кæимæ фембæлдзæн, уый, фæлæ, чифæнды уа, уæддæр æй хи цæттæ кæнын хъæудзæн.

«Спорты, уæлдайдæр та, профессионалон спорты, æнæ исты фæрисгæйæ никуы вæййы. Мæнæн дæр ме уæхск риссæгау кодта ноджы раздæр, Дортикосимæ куы фембæлдтæн, уый размæ, фæлæ йæ ницæмæ æрдардтон. Æнхъæл уыдтæн, æмæ та йæхигъæдæй банцайдзæн, фæлæ мæ мæ зæрдæ фæсайдта. Уæхскы хъыгдард æгæр карз рауад.

Кæй зæгъын æй хъæуы, кæдфæнды дæр агурын хъæуы исты ног фæзилæнтæ. Уæззау уæзы хæцгæйæ дæр ис йæхи сусæгдзинæдтæ, æмæ уыдонæй хъуамæ пайда кæнын зонай. «Абон мæ уæз, раздæримæ абаргæйæ, у 12 килограммы фылдæр, æмæ уый цæмæй мæ рæвдз фезмæлдыл æв-зæрæрдæм ма фæзына, уый тыххæй хуыздæр куыст хъæуы».

Кæй зæгъын æй хъæуы, Мураты фæнды Александр Усикимæ ногæй фембæлын, фæлæ уый нырма афтæ тагъд нæ  уыдзæн. Дыууæ азы дæргъы ринджы нæ уыд, Усик та йæ куыст кодта, æмæ ныр, цæмæй фембæлой, уый тыххæй цалдæр къæпхæныл ахизын хъæуы. «Тырндзыстæм уымæ, æмæ мæ уырны, уыцы бон та кæй скæндзæн. Æз ме ‘ппæт гæнæнтæй дæр архайдзынæн, нæ уарзон Ирыстоны спортуарзджытæн сæ зæрдæтæ барухс кæнынæн мæнæй цы аразгæ у, уый скæныныл».

Æрмæгыл бакуыста

ДРИАТЫ Лейла

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.