Информацион агентад «Рес»-ы цытджын кусджытæ æмæ ветерантæ!

Айсут иууыл зæрдиагдæр арфæтæ ног хабæртты ресурсыл 25 азы сæххæсты цытæн.

Нæ паддзахаддзинады райдианы информацион агентад «Рес»   Республикæ Хуссар Ирыстонимæ рацыд йæ æндидзыны æппæт этаптæ, ссис сæйраг фыдыбæстæйон дзыллон-информацион фæрæзтæй сæ иу,  тыхджын профессионалон хъомысад æмæ бæрзонд журналистон культурæимæ.

Республикæ Хуссар Ирыстоны Хицауады Сæрдары хæстæ æххæстгæнæг БЕКЪОЙТЫ Геннади

***

Газет «Хурзæрин»-ы редакцийы коллектив дæр зæрдиаг арфæ кæны информацион агентад «Рес»-æн. Нæ зынаргъ коллегæтæн нæ фæнды ноджы бæрзонддæр æнтыстытæ. Фылдæр æмæ арæхдæр æхсызгон хабæрттæ цы хъусын кæнат, ахæм амонд уæд не ‘ппæты дæр!

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.