Республикæ Хуссар Ирыстоны Паддзахадон æдасдзинады комитеты цытджын кусджытæ, зынаргъ ветерантæ!

Хицауады номæй айсут иууыл зæрдиагдæр арфæтæ уæ профессионалон бæрæгбоны цытæн!

Паддзахадон æдасдзинады органтæн ис ахсджиаг нысаниуæг не ‘мбæстæгты æдасдзинад ифтонг кæныны хъуыддаджы.

Абон комитет уæлдæр профессионалон æмвæзадыл скъуыддзаг кæны йæ разылæууæг хæстæ, у Хуссар Ирыстоны мидæггагон æмæ æддагон тасдзинæдты ныхмæ фидар уат, нæ республикæйы суверенитет ифтонг кæнынмæ хæссы уæзгæ хайбавæрд.

Уæ службæ хицæн кæны традицитæн кад кæнын, профессионализм æмæ æвзонг кадртæ хъомыл кæнынмæ хъусдардæй.

Хæсыл æнувыддзинад æмæ рæстæджы домæнтæн дзуапп кæнын паддзахадон æдасдзинады комитетæн фадат дæтты бæрзонд авторитет æмæ æхсæнады æууæнкдзинады бахъахъхъæнынæн.

Ныфс мæ ис, паддзахадон æдасдзинады органты сæрмагонд сконд дарддæр фидарæй кæй лæудзæн Фыдыбæстæйы национ интерестæ хъахъхъæныны сæраппонд.

Мæ цæст уын уарзы æнæниздзинад, амонд, æнтыстытæ уæ сулжбæйон архайды æмæ царды хорздзинæдтæ!

 

Республикæ Хуссар Ирыстоны Хицауады Сæрдар БЕКЪОЙТЫ Геннади

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.