Президент Бибылты Анатоли Орден «Уацамонгæ»-йæ (йæ амæлæты фæстæ) схорзæхджын кодта Гæбæраты Сосланы, Республикæ Хуссар Ирыстоны хæдбардзинад æмæ территориалон æнæхъæндзинад хъахъхъæныны рæстæджы равдсигæ æхсардзинад æмæ хъайтардзинады тыххæй.

«Уый равдыста æхсардзинад ам, Хуссар Ирыстоны, Цæгат Ирыстоны конфликты рæстæджы, æмæ Абхазы дæр. Уый уыд æцæг хъæбатыр хæстон, уыд хъайтар, хъайтар махæн не ‘ппæтæн дæр», – загъта Президент.

«Æз уый нымайын раст уынаффæйыл. Мах хъуамæ нæ хъайтарты зонæм, махæн нæй бар уыдон рох кæнынæн. Хорзæх йæ хъайтары ссардта, хъыгагæн, йæ амæлæты фæстæ. Рæстдзинад алыхатт дæр хъуамæ уæлахиз уа. Уый мидæг ис нæ тых», – банысан кодта уый æмæ бузныджы ныхæстæ загъта Гæбæраты Сосланы цардæмбалæн, кæцы службæ кæны Республикæ Хуссар Ирыстоны Гарзджын тыхты рæнхъыты.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.