Æнӕниздзинад хъахъхъӕнынад ӕмӕ социалон рӕзты министрад къорд хӕттыты бахаста фӕндон цардæн æнæмæнгхъӕуӕг ӕмӕ ахсджиаг хосгӕнӕн препаратты ӕргътӕм хъус дарыны фӕдыл къа-мис саразыны тыххӕй. Уый фӕдыл уынаффӕ кодтой ӕрӕджы профилон парламентон комитеты минӕвӕрттӕ ӕнӕниздзинад хъахъ-хъӕнынады минӕвӕрттимӕ.

Ацы ахсджиаг хъуыддагыл дарддæр лӕмбынӕг æрдзырдтой ӕхсӕнадӕмон пресс-центр «Спутник»-ы фӕзуатыл. Йӕ хайадисджытӕ уыдысты Парламенты Сӕрдары хӕдивӕг, Социалон политикӕ ӕмӕ ӕнӕниздзинад хъахъхъӕныны фӕдыл комитеты сӕргълӕууӕг Плиты Алыксандр, Æнӕниздзинад хъахъхъӕныны министры хӕдивӕг Сиукъаты Родион ӕмӕ горæты афтиæгтæй сæ иуы хицау – Битарты Екатеринӕ.

Саразын хъæуы цардæн æнæмæнгхъæуæг препаратты æргътæм хъусдард здахыны тыххæй паддзахадон механизм.

Уыцы фæндон бахаста парламентон комитеты сæрдар Плиты Алыксандр. Уымæн æмæ æнæмæнгхъæуæг хосы аргъ, зæгъæм, иу афтиаджы у 500 сомы æмæ æндæры та 1500 сомы. Уый, кæй зæгъын æй хъæуы, раст нæу æмæ уымæ гæсгæ нæ хæс у, цæмæй ацы хъæуæг препараттæм хъусдард здæхт уа паддзахады ‘рдыгæй. Æмæ, зæгъгæ, бындурæн райсын хъæуы Цæгат Ирыстоны афтиæгты препаратты æргътæ, уымæн æмæ уым æргътæ лæмбынæг фиксаци цæуынц æмæ сæм хъусдард дары прокуратурæ. Уый фæдыл фæндон бахаста, цæмæй ацы фарстыл иумæ бакусой Экономикон рæзты æмæ Æнæниздзинад хъахъхъæныны министрадтæ, Парламент æмæ амалиуæггæнджытæ.

Парламентон комитеты сæргълæууæджы ныхæстæм гæсгæ цардæн æнæмæнгхъæуæг препаратты æргътæ бæстон кæныны схемæ у хуымæтæг, фæлæ эффективон.

Æнæниздзинад хъахъхъæныны министрады минæвар Сиукъаты Родион банысан кодта, министрад кæй план кæны къорд препаратты республикæйы цæттæ кæныны фарстыл æруынаффæ кæнын, уымæн æмæ сæ цæттæ кæнынæй се ‘рласыныл фылдæр фæрæзтæ хардз цæуы.

Цардæн ахсджиаг препараттыл дзырд куы цæуа, уæд Уæрæсейы территорийыл регистраци ис 800 бæрц. Сæ  уадзæг заводтæ уыдоныл æвæрынц сæхи æргътæ, уый фæстæ Федерацийы субъекттæ дæр уыдоныл сæхæдæг сæвæрынц максималон оптон аргъ. Æмæ бæрæг препарат реализаци кæныны хайад цы амалиуæггæнджытæ исынц, уыдон ма хъуамæ хизой уыцы сæвæргæ оптон æргъты фæлгæттæй.

«Хуссар Ирыстоны ног хицауад фæлвары хосгæнæн препаратты æргътæм хъусдард аздахын. Ацы фарст æрбæстон кæнын нæ къухты бафтдзæн иумæйаг тыхтæй», – дзырдта Сиукъайы фырт.

Уый ма куыд банысан кодта, уымæ гæсгæ нæ республикæйы уæвынад кæны, хос-гæнæн фæрæзтимæ куыд архайын хъæуы, уый фæдыл закъон. Уыцы закъонмæ гæсгæ максималон æргътæ сæвæрыны хæстæ æвæрд сты Экономикæйы рæзты министрадыл.

Цардæн æнæмæнгхъæуæг препаратты тыххæй закъон хъæуæг у

Пресс-конференцийы хайадисæг амалиуæггæнæг Битарты Екатеринæ банысан кодта, цардæн ахсджиаг хосты æргътæ чи халы, уыдонæн Уæрæсейы территорийыл иварты санкцитæ бæрзонд кæй сты. Сæйраг æфхæрд у сæ лицензиты архайд сын 90 бонмæ æруромын.

Плиты Алыксандры ныхæстæм гæсгæ, Хуссар Ирыстоны дæр афтиагон бизнесы фадыджы бархалæн цауты фæдыл ист æрцæудзæн хицæн закъон. Бирæ æдзæсгом амалиуæггæнджытыл бандавын у сæ лицензи сын аивын. Æмæ уæд бархалæн цаутæ уаиккой къаддæр.

Битарты чызджы ныхæстæм гæсгæ, уæрæсейаг закъон нæ республикæйы нæ архайы.

«Мах хъуамæ хынцæм бæрæг препаратты аргъ æмæ йыл уымæ гæсгæ аргъ æвæрд цæуа. Уымæ гæсгæ цардæн ахсджиаг препаратты тыххæй закъон райсын у хъæуæг», – дзырдта уый.

Уыимæ ма хъусдард аздæхта уымæ дæр, æмæ рæстæгæй-рæстæгмæ кæй зынаргъ кæны, хостæ цæмæй цæттæ кæнынц, уыцы хомæг дæр, æмæ уый фæстиуæгæн зынаргъ кæнынц иуæй-иу препараттæ.

 

Æввахс рæстæджы Хуссар Ирыстоны фæзындзæн, æппынæдзух чи кусдзæн, ахæм афтиæгтæ

Ахæм информаци сарæзта пресс-конференцийы рæстæджы Сиукъаты Родион. Уый тыххæй Æнæниздзинад хъахъхъæныны министрад ныхас кодта цалдæр афтиаджы хицæуттимæ.

«Нæ фæнд у, цæмæй нæм иууыл къаддæр æппынæдзух куса дыууæ афтиаджы. Иу амалиуæггæнæг сразы ахæм фæндоныл. Æргътыл дзырд куы цæуа, уæд нæ хицæн кæндзысты иннæ афтиæгты æргътæй», – банысан кодта уый.

КЪÆБУЛТЫ Маринæ

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.