29-æм мартъийы уыдис Хицауады радон рабадт

Министрты кабинеты уæнгтæ дзырдтой бирæ фарстатыл, уыцы нымæцы амалиуæгадон архайдыл. Экономикон рæзты министр Хъотайты Сæрмæт лæмбынæг радзырдта Экономикон райрæзты министрад 2023 азы хатырон уавæрты кредиттæ цал адæймагæн радта. «Хуыздæр бизнес-плантæ чи бавдыста, уыдон нæ паддзахадæй æххуыс райстой 49,542 милуан сомы. Конкурсон къамисы сконды уыд дыууæ минæвары президентæй, фæйнæ адæймаджы та Хицауад æмæ Парламентæй. Æхсæнадон æмæ амалиуæггæнджыты организацитæй дæр дзы вæййы минæвæрттæ. Фонды æфтиæгтæн сæ ахадгæ хай уыдис паддзахадон бюджетæй. Иннæтæ кредитон депозитты та проценттæ, кæцытæ цæуынц амалиуæггæнджытæн сæхицæй», – дзырдта Хъотайты Сæрмæт.

Уый ма куыд загъта, афтæмæй ивгъуыд азы хатырон кредиттæ лæвæрд æрцыд 72 амалиуæггæнæгæн. Уыдонæн сæ фылдæр уыд хъæууон хæдзарады сферæйæ. Цардуагон лæггæдтæ, туризм æмæ базарадон фадгуыты дæр лæвæрд æрцыд æххуысы кредиттæ.

Хицауады къабинеты уæнгтæ ма байхъуыстой Фæллой æмæ социалон рæзты министр Гаглойты Олегмæ. Уый фехъусын кодта, нырæй фæстæмæ социалон ифтонгады функцитæ кæй æххæст кæндзæн йæ министрад. «Социалон фарстатæ – уыцы нымæцы сывæллæттæн æхцайы бафыстытæ рахицæн кæныны хæс уыдзæн мæ дæлбар министрадыл. Не ‘мбæстæгты социалон фарстатæ скъуыддзаг кæндзысты нæ министрады цы профилон хайадтæ æрбайгом, уыдон. Уыцы куыстытæм æрæвнæлдтам æмæ ныридæгæн цæттæ стæм сæ аскъуыддзыг кæнынмæ. Министрад йæ хъус дардзæн бинонты фарстатæ, демографийы уавæр, æмæ бинонты ‘хсæн ахастытæм дæр», – загъта министр.

Уый ма куыд загъта, афтæмæй ног министрад бакуыста цыппар уагæвæрдыл, æмæ уыдонмæ бахæссын хъæуы корректировкæтæ. Сæ иу у сывæллоны райгуырды тыххæй цы суммæ лæвæрд цæуы ныййарæгæн æмæ уый фæстæ æрвылмæй цы фиддонтæ фыст цæудзæн, афæдз æмæ æрдæг сæххæст уæвыны онг , уымæ. Иннæ уагæвæрдмæ хауынц 16 азмæ сывæллонæн цы æрвылмæйон фиддонтæ фыст цæудзысты, уыимæ баст фарстатæ.

Хицауады уæнгтæ æркастысты æндæр фарстатæм дæр. Уыцы нымæцы не ‘мбæстаг Тасойты Азæйæн бюджетæй, йæ цæрæн хæдзар кæй басыгъд, уымæ гæсгæ æхцайы фæрæзтæ рахицæн кæныны тыххæй дæр.

УАЗÆГТЫ Марфа

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.