5-æм июны Хуссар Ирыстоны дзыллæ фæстаг хæрзбон загътой ноджы иу фæмардуæвæг хъайтар Касаты Генрих Гюлеры фыртæн. Украинæйы сæрмагонд æфсæддон операцийы хайадисæг Касайы фырт нымад цыд æбæрæгæй сæфтыл январы мæйæ фæстæмæ, ома, фондз мæйы дæргъы. Генрих цы взводы службæ кодта, уый бахауд æрхъулайы. Æпппæт уыцы мæйты бинонтæ цардысты æрмæстдæр ахæм ныфсимæ, зæгъгæ, æрцæудзæн диссаг æмæ разындзæн сæрæгасæй, фæлæ… Хъайтары  мæрдон буар Цхинвалмæ æрластой сабаты, 3-æм июны. Базыдтой йæ ДНК-йы анализмæ гæсгæ.

Хъайтарæн фæстаг хæрзбон зæгъынмæ æрбацыдысты республикæйы къухдариуæгад Президент Гаглойты Аланы сæргълæудæй. «Ацы хъæбатыр лæппуйы зыдтон, скъолайы ма куы ахуыр кодтон, уæдæй фæстæмæ. Уæздандæр æмæ æгъдауджындæр лæппуйæн гæнæн нæ уыд. Йæ райгуырæн бæстæ бирæ кæй уарзта, уый алчидæр зоны. Йе ‘мбæлттæн бæззыд æмгарæн, хистæртæн та – кæстæрæн. Бæргæ нæм сæрæгасæй куы æрыздæхтаид, фæлæ…  Стыр бузныг, йæ мæрдон буар ын Райгуырæн бæстæмæ æрласынæн чи баххуыс кодта, уыдонæн. Нæ лæппутæй нырма бирæ ис сæрмагонд æфсæддон операцийы æмæ сын мæ зæрдæ зæгъы, цæмæй сæ бинонтæм, сæ Ирыстонмæ æрыздæхой сæрæгасæй. Касаты Генрих уыд æцæг патриотизмы эталон», – загъта Гаглойты Алан.

Касаты Генрих хъæбатырæй хæцыд нацистты ныхмæ æмæ фæмард цæрæн пункт Авдеевкайы сæрыл карз тохты рæстæджы. Касайы фырт службæ кодта Хуссар Ирыстоны Уæлвæткон уавæрты министрады, Хъахъхъæнынады министрады. Куыста Паддзахадон æдасдзинады комитеты. Кæмфæнды ма куыстаид, алыран дæр ныууагъта хорз ном. Патриотизм пропагандæ кæныны æмæ гуырдзиаг агрессийы рæстæджы Хуссар Ирыстоны Мидхъуыддæгты министрады милицийы сæрмагонд нысаниуæджы къорды кусджытæй чи фæмард, уыдоны мысынад сæнусон кæныны, Халацайы хохмæ схизыны æмæ дзы Мидхъуыддæгты министрады Сæрмагонд нысаниуæджы къорды тырыса æрсадзыны тыххæй хорзæхджын æрцыд «За боевое содружество»-йы майданæй.

Сæрмагонд æфсæддон операцийы кæимæ тох кодта, уыцы æмбæлттæй иу  – Владимир фыдохы митингы загъта, зæгъгæ, Генрих уыдонæн уыд фыды бæсты, хъахъхъæдта сæ тохы быдыры. «Уый махæн уыд хистæр æфсымæр, ахуыр нæ кодта хæцын, тохты рæстæджы йæ разæй никæйы уагъта. Баззад ма йын цалдæр боны йæ контракт фæуынмæ æмæ хъуамæ æрыздæхтаид хæдзармæ. Фæлæ уæддæр немæ ацыд фронты раззаг хахмæ, хъыгагæн, уый уыд йæ фæстаг тох. Сæрæгасæй нал раздæхт  уыцы тохæй. Генрих фæмард хъæбатырæй. Иумиаг тыхтæй нæ бон ссис йæ мæрдон буар ын йæ Райгуырæн бæстæмæ æрласын, – загъта Владимир.

Абхазы хъайтар Вианор Ашба Касайы фырты схуыдта йæ Райгуырæн бæстæйы хъæбатыр æмæ аккаг фырт. «Абхазы ветеранты организаци «Горец»-ы номæй мæсæллæйы ныхæстæ зæгъын Генрихы бинонтæн. Цалдæр мæйы дæргъы йæ хæстон æмбæлттæ уагътой бадзырдтæ йæ мæрдон буар ын радтыны тыххæй, цæмæй йæ баныгæдтаиккой йæ Райгуырæн бæстæйы. Генрихы æввахсмæ нæ зыдтон, фæлæ йæ хæстон æмбæлтты ныхæстæм гæсгæ, уыд тынг хъæбатыр хæстон», – загъта Ашба.

Генрих ахуыр кодта Цхинвалы 12-æм астæуккаг скъолайы. Йе ‘мкъласонтæ æмæ йæ чи зыдта, уыдон æй иууылдæр бахъуыды кодтой хæларзæрдæ адæймагæй. Уый ма Донбассмæ ацыд 2014 азы дæр, йæ цæрджыты йын бахъахъхъæныны тыххæй, уымæн æмæ тынг хорз зыдта хæстон уавæрты царды зындзинæдтæ. Донбассæй æрыздæхт бирæнымæц хорзæхтимæ йæ хъæбатырдзинæдты тыххæй. Активон хайад иста гуырдзиаг-ирон хæсты рæстæджы дæр. Аккаг ныхкъуырд лæвæрдта гуырдзиаг тыхæйисджытæн.

Хæстоныл цыд 47 азы. Æнæ фыдæй баззадысты æртæ сывæллоны.

Бинонты адресыл æрæрвыстой бирæ мæсæллæйы телтæ, кæцыты бакастысты фыдохы митингы. Президенты Барамындмæ гæсгæ, Касаты Генрих хорзæхджын æрцыд «Фыдыбæстæ хъахъхъæнæджы» майданæй йæ амæлæты фæстæ.

Нæ уацх.

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.