Ирыстон алыхатт дæр номдзыд уыд йæ хъæбатыр хъахъхъæнджытæй. Бирæнымæц ирон лæппутæ æнахуыр сгуыхтдзинæдтæ равдыстой сæрмагонд æфсæддон операцийы. Фæлæ, хъыгагæн, хатт уыцы сгуыхтдзинæдты аргъ свæййы адæймаджы цард. Иу азы размæ, 21-æм апрелы йе ‘фсæддон хæс æххæст кæныны рæстæджы хъæбатырæй фæмард æфсæддон тæхæг, хистæр лейтенант Фæрниаты Олег Оледжы фырт. Ацы аз 31-æм марты ууыл сæххæст уыдиад 37 азы.

2022 азы 31-æм марты Фæрниаты хæдзары фынгыл уыдысты традицион æртæ уæливыхы Олегы райгуырæн боны цытæн. Сæххæст ыл 36 азы. Уый йæ царды æмбис снывонд кодта Райгуырæн бæстæйæн лæггад кæнынæн. Хъыгагæн, уыцы бон йæхæдæг хæдзары нæ уыд, йе ‘фсæддон хæc æххæст кодта сæрмагонд æфсæддон операцийы. Уымæй 20 боны фæстæ Олег хъæбатырæй фæмард… Æртæ мæйы æмæ æрдæг нымад цыд æбæрæгæй сæфтыл.

Штурманы фæндаг

Райгуырд Æрыдоны районы Дæллаг Фиагдоны хъæуы, бинонтæн уыд иунæг сывæллон, фронтоны хъæбулы хъæбул. Хъомыл кодта йæ фыдимæ. Æппæт хъуыддæгты дæр уыд иууыл хуыздæр. Чысылæй фæстæмæ цæттæ уыд уæззау минутты йе ‘мбæлттæм æххуысмæ фæзынынмæ. Æрмæст йæ фыд нæ, фæлæ æнæхъæн хъæу дæр сæрыстыр уыдысты Олегæй йæ хæрзæгъдаудзинадæй. «Олежекæн уыд диссаджы зæрдылдарынад. Никуы хъуыды кæнын æмæ йын урокты искуы уайдзæф загътаин. Хæлар уыд йе ‘мкъласонтимæ иууылдæр. Цыппæрæм къласы Маяковскийы поэмæ «Кем быть?» куы ахуыр кодтам, уæд Олег уайтагъд сдзуапп кодта, зæгъгæ, уыдзæн тæхæг. Мæн фæнды тæхын», – зæгъы йæ ахуыргæнæг Дзабраты Фаризæ.

Афтæмæй чысылæй фæстæмæ хуымæтæджы лæппу йæ разы æрæвæрдта хæс  тæхæг суæвыны тыххæй. Уый сæххæст кодта йæ бæллиц – ссис хæстон штурман, фæлæ йæ, хъыгагæн, уæлæрвтæ æгæр раджы акодтой сæхимæ. Æцæг лæг, хæстон, Райгуырæн бæстæйы патриот æнусондзинадмæ йæ фæстаг атахт сарæзта 2022 азы 21-æм апрелы.

Скъолайы фæстæ службæ кодта æфсады. Уым дæр уыд цæвиттойнаг. Æфсæддон хайы командир-иу арфæйы фыстæджытæ æрæрвыста æрмæст йæ фыдмæ нæ, фæлæ ма Æрыдоны районы æфсæддон къамиссармæ дæр. 2006 азы бацыд штурманты Уæрæсейы иунæг Челябинскы уæлдæр  авиацион Сырхтырысаджын ахуыргæнæндонмæ æмæ йæ каст фæцис æнтыстджынæй. 4-æм курсы ахуыр кæнгæйæ, Олег нысан æрцыд курсантты къорды командирæй Уæлахизы боны юбилейы цытæн Эльбрусы хохмæ схизыны фæдыл. Къорд аккагæй сæххæст кодта йæ хæс. Ахуыры рæстæджы хорзæхджын æрцыд дипломтæ, грамотæтæй спорты æмæ тæхыны хъуыддаджы йе ‘нтыстыты тыххæй. 2011 азы каст фæцис Жуковскийы номыл Æфсæддон-Уæлдæфон академийы æфсæддон ахуырадон зонадон центр æмæ æрвыст æрцыд горæт Буденновскмæ 487 хицæн вертолетон полкы вертолет МИ-28Н «Ночной охотник»-ы штурман-операторæй. Æвзонг лейтенант фыццаг бонтæй фæстæмæ йæхи равдыста тынг хорз, хорз æнтыстытæ йын уыд тæхæн цæттæдзинады. Арвы тыххæй сывæллоны бæллиц куыдфæстагмæ рахызт царды карз æцæгдзинадмæ, уæззау, æцæг нæлгоймаджы куыстмæ. Æппынæдзух архайдта йæ профессионалон æмвæзад фæбæрзонддæр кæныныл. Экстренон уавæрты архайдта профессионалонæй. Алыхатт дæр æй æрвыстой иууыл вазыгджындæр æмæ бæрнондæр хæстæ æххæст кæнынмæ. 2017 азы Олег Уæрæсейы æвдыста Китайы  «АВИАДАРТС»-ы экипажы уæлдæфон ахуыры фæдыл дунеон конкурсы æмæ дзы бацахста дыккаг бынат. Хайад иста Цæгат Кавказы контртеррористон операциты. Дыууæ хатты командировкæты уыд Сирийаг Арабаг Республикæйы, цыран сæххæст кодта 70 атахты. Хорзæхджын æрцыд «За отвагу»-йы майданæй. Ирыстоны зынгæ фырт Гергиты Валери Пальмирайы концерт куы лæвæрдта, уæд æй Ирыстоны иннæ хъæбатыр фырт Фæрниаты Олег та йæ Ми-28Н уæлдæфæй хъахъхъæдта. «Валери Абысалы фырт æй зонгæ дæр нæ кодта, цас æртхъирæнтæ æмæ тæссагдзинад уыд ацы концерты тыххæй!», – уый фæстæ  загъта Фæрниайы фырт.

Хайад иста Хъырымы Уæрæсемæ æрбаиу кæныны операцийы. Йе ‘мслужбæгæнджыты ныхæстæм гæсгæ, Олегмæ атахты размæ алыхатт дæр уыд цалдæр гранаты. «Æз амынæты мæхи удæгасæй нæ ратдзынæн», – дзырдта-иу уый.

Сæрмагонд æфсæддон операцийы фыццаг бонтæй фæстæмæ Олег æфсæддон хæстæ æххæст кодта Украинæ, Донецк æмæ Луганскы Адæмон Республикæты территориты. Æрмæст 24-28 февралы экипажы командир, майор Александр Савельевимæ сарæзта 15 хæстон атахты. Йæ хæстæ уыдысты иууыл вазыгджындæртæй сæ иутæ, уымæн æмæ йæ профессионалондзинады æмвæзад уыд тынг бæрзонд. Дыууæ мæймæ хистæр лейтенант, Ми-28Н экипажы сконды хæстон архайдтыты зонæмæ атахт æмæ фæстæмæ базæмæ æрбаздæхт 50 хаттæй фылдæр. Æппæт уыцы атахтытæ «æххæст æрцыдысты тынг хорз фæстиуджытимæ», – банысан кодта Фæрниайы фырты командæкæнынад.

 

Фæстаг атахт

2022 азы 21-æм апрелы хистæр лейтенант аэродромы радон радгæсад куы хаста, уæд райста бардзырд æвæстиатæй хæстон атахты тыххæй. Æртæ вертолетæй къорды, Олегы «охотник» уыд сæйраг, хъуамæ скуынæг кодтаид ныхмæлæууæджы зæххы нысæнттæ, цæмæй æрурæдтаид нацистты размæатынд.  Рæстæг уыд тынг цъус, фæлæ бæрзонд дæсныйады фæрцы хæслæвæрд æххæст æрцыд æххæстæй – куынæг æрцыдысты 4 танкæйы æмæ 20 нацисты. Фæлæ фæстæмæ здæхгæйæ, æртæ вертолетæй къорды, кæцыйы Олег уыд сæйраг, сатакæ кодтой ныхмæлæууæджы ПЗРК-тæ. Иу ракетæ дзы бахаудта йæ вертолеты æртаджы бакмæ… Куы æрхаудта, уæддæр ма йыл знæгтæ рауагътой ноджы цалдæр ракетæйы. Вертолетæй ма баззадис бадонгонд згъæры гæбазтæ. Вертолет знаджы территорийыл кæй æрхауд, уымæ гæсгæ тæхджыты мард буартæ раздахын уайтагъд къухты нæ бафтыд.

Фæстаг атахт хонынц сгуыхтдзинад, фæлæ ахæм сгуыхтдзинæдтæ экипажæн уыд бирæ. Вертолет æрхаудта 18 метры бæрзæндæй. Олег райста бирæнымæц уæззау травмæтæ,  фæлæ нырма уыд удæгас. Хи радтыны тыххæй ныхмæлæууæджы домæнтæн, сдзуапп кодта æхсæн хæцæнгарзæй. Хъæбатыр афицеры мардбуар йæ Райгуырæн бæстыл сæмбæлд æрмæстдæр 3 мæйы фæстæ. Йæ фыд ацыд йæ агурæг Донбассмæ ирон бархион къорд «Алани»-имæ. Цалдæр хатты йын фехъусын кодтой, зæгъгæ, ссардæуыд  мард буартæ, фæлæ та-иу ДНК-йы экспертизæмæ гæсгæ Олег нæ разынд.

«Бадзырдтой 37 марды 37 баивыны тыххæй. Æмæ уыдон ‘хсæн уыд мæ фырт Олег дæр. Укрофашисттæ йын ахастой йæ сæр вертолет кæм æрхаудта, уыцы бынатæй. Йæ сæр æнæхъæнæй баззад каскæ йыл кæй уыд, уымæ гæсгæ. Мæ лæппу йæ дзырды хицау разынд, амынæты йæхи нæ радта, ахастой йын æрмæстдæр йæ мард-буар», – радзырдта фæмардуæвæджы фыд.

Олег тынг уарзта йæ райгуырæн хъæуы. Фæрниайы фырт цы æфсæддон хайы службæ кодта, уый уыд Цæгат Ирыстонмæ æввахс. Æмæ-иу ын куыддæр гæнæн фæцис, афтæ тырныдта йæ хæстон вертолетыл Дæллаг Фиагдоны сæрты атæхынмæ. Афтæ уый салам дзырдта йе ‘мхъæуккæгтæн. Æмæ   уыдон та зыдтой – арвыл вертолет куы фæцæйтæха, уæд штурвалыл сæхи Олежка кæй ис, уый. Хæс, Кад, Рæстдзинад уымæн æрмæст хуымæтæджы ныхæстæ нæ уыдысты, фæлæ цардуагон принциптæ. Нæ рæстæджы ахæм ирд гоймæгтæ бирæ нæй. Уыдон махæй алкæмæндæр сты цæвиттойнаг. Бæргæ цард ахæмтæй фидауы, фæлæ… Хорзæхджын æрцыд Хъæбатырдзинады орденæй йæ амæлæты фæстæ. Афтæ ма йын саккаг кодтой  «За ратную доблесть», «За отличие в военной службе II æмæ III степени», «За отвагу», «Участнику контртеррористической операции»-йы майдантæ.

Сæрмагонд æфсæддон операцийы фæмардуæвæг штурман-оператор Фæрниаты Олегы бинонтæ, Фиагдоны хъæуы цæрджытæ бахатыдысты РЦИ-Аланийы Сæргълæууæгмæ, цæмæй æфсæддон службæгæнæджы бавдисой уæлдæр хорзæх – Уæрæсейы Хъайтары стъалымæ йæ амæлæты фæстæ.

«Адæймаг хъайтардзинад куы равдисы, уæд æй схорзæхджын кæнынц Уæрæсейы Хъайтары стъалыйæ», – дзырдæуы фыстæджы, кæцыйыл сæ къухтæ æрфыстой хъæуы цæрджытæ æмæ йæ арвыстой Сергей Меняйломæ.

Уый размæ ахæм куырдиатимæ УФ-йы Хъахъхъæнынады министрадмæ бахатыд РЦИ-Аланийы Парламенты депутат Уататы Зелимхан.

Фæрниаты Олег бæллыд стыр бинонты тыххæй, фæлæ æгъатыр хъысмæты фæндонмæ гæсгæ йæ бæллиц нæ сæххæст. Баззад ын чысыл чызг Миланæ. Хистæр лейтенант Фæрниаты Олег мæрдæнцойад ссардта горæт Дзæуджыхъæуы Скæсæн уæлмæрды Хъайтарты Аллейæйы.

Ахæм уыд уый – Хъайтар, йæ мыггаджы, Ирыстоны, Уæрæсейы сæрыстырдзинад!

ЖИОТЫ Екатеринæ

 

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.