Стыр хъыгагæн, фæстаг мæйты интернет хызæджы фехъусæм Украинæйы спецоперацийы ирон лæппутыл æрцæугæ æнамонддзинæдтæ. Уыдонæй алкæуыл дæр фæриссынц нæ  зæрдæтæ, алкæимæ дæр сæ аскъуыйы адæймаджы цард æмæ мæлæты ‘хсæн цы тæгтæ дих кæны, уыдонæй иу. Уыдон се ‘ппæт дæр сты цардхъуаг лæппутæ, Ирыстоны фидар цæджындзтæ æмæ уыдоны амæлæтимæ Ирыстон дæр къахыр кæны йæ кæстæртæй.

Абон 17-æм сентябры Цæгат Ирыстоны Тарскъæйы хъæуы цæрджытæ йе ‘нусон бынатмæ фæндараст кæнынц сæ хъæуы Хуыгайы мыггагæй дыккаг хæстоны. Афтæ рауад æмæ сæ дыууæйæн дæр сæ нæмттæ сты Артуртæ, сæ дыууæ дæр кæд цæгаты райгуырдысты, уæддæр сæ уидæгтæ сты Хуссар Иры къуыдаргомы. Сæ трагикон хъысмæт æмхуызон риссаг у хуссары æмæ цæгаты дæр.

Фæзæгъынц, зæгъгæ фыды фарн мæрдтæм нæ цæуы, Артур хæрзчысылæй равзæрста йæ цардвæндагæн йæ фыд Аланы фæдтыл ацæуын. Райдиан скъола каст фæуыны фæстæ уал йе ‘фсæддон хæс сæххæст кодта Уæрæсейы Арæнхъахъхъæнæг æфсады рæнхъыты. Уым æфсæддон хъуыддаджы райдиан зонындзинæдтæ райсыны фæстæ фидарæй аскъуыддзаг кодта æфсæддон дæсныйад райсын. Æнтыстджынæй каст фæцис Смоленскы горæты А.В. Василевскийы номыл Æфсæддон академи. Лейтенанты цинимæ службæ кæнынмæ æрвыст æрцыд Дард Скæсæны Уæрæсе æмæ Китайы арæнмæ. Æфсæддон къухдариуæгад уайтагъд рахатыдысты æры-гон лæппуйы арæхстдзинад æмæ йын кодтой стыр аргъ.

Украинæйы сæрмагонд операци куы райдыдта, уæд Артуры фыд Хуыгаты Алан службæ кодта Дзæуджыхъæуы  æфсæддон хæйттæй сæ иуы. Æртæ сывæллоны фыд, æрвыст æрцыд сæрмагонд операцимæ. Артур дæр Амуры областæй рацыд Украинæмæ. Фыд æмæ фырт фембæлдысты хæсты быдыры.

Зенитон дивизионы батареяйы командир, хистæр лейтенант Хуыгайы фырты къухдариуæгады бын уæвæг æфсæддон дæлхай ЗУ-23-2  уыд раззаг хаххыл.  Сæйраг къомандæкæнынадæй райста хæслæвæрд Херсоны областы Малая Сейдеминухайы цæрæн пункты дыууæ ахсджиаг позицийыл знаджы фыццаг цæфтæ йæхимæ райсын. Хуыгайы фырты арæхстджын командæкæнынады руаджы уæрæсейаг хæстонтæ ныхкъуырд радтой ных-мæлæууæгæн, байстой йын йæ позицитæ æмæ дарддæр кодтой размæбырст. Зенитон установкæты руаджы сблокировкæ кодтой хæстон архайдтыты территорийыл уæларвон тыгъдад. Карз тохы архайдтыты рæстæджы бабын ирон хæстон йе ‘мхæстонтæй цалдæримæ.

Алан, йæхæдæг дæр хæстон архайдтыты хайад исгæйæ, фехъуыста рацийæ йæ фырты æнамонддзинад. Цалдæр боны дæргъы сæ къухты не ‘фтыд  хæстонты мард буæрттæ знаджы æхсты бынæй рахæссын. Фæлæ сæрмагонд бадзырдтыты руаджы Артуры мард буар сæмбæлд йæ райгуырæн зæххыл. Йæ 27 азы сæххæсты боны Артур цытимæ ныгæд æрцыд Дзæуджыхъæуы æфсæддон мемориалы.

Йæ бирæ хæстон хорзæхты æмрæнхъ Хуыгайы фырт йæ амæлæты фæстæ хорзæхджын æрцыд Хъæбатырдзинады орденæй.

Рухсаг у, Артур…

ХУЫГАТЫ Миленæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.