Хуссар Ирыстон фæстаг хæрзбон загъта бархион Джуссойты Альбертæн, кæцы фæмард Украинæйы специалон æфсæддон операцийы рæстæджы.

Хъайтары йæ фæстаг фæндагыл афæндараст кæнынмæ æрбацыдысты республикæйы къухдариуæгад Президент Гаглойты Аланы сæргълæудæй, РХИ-йы УФ-йы Уæлвæткон æмæ Æххæстбарджын минæвар Марат Кулахметов, фæмардуæвæджы æмкусджытæ æмæ хæлæрттæ, Хуссар Ирыстоны æхсæнады минæвæрттæ.

«Æнусты дæргъы Ирыстон бирæ зындзинæдтæ бавзæрста. Æмæ та ныл ногæй трагикон цаутæ цæуы. Æфсæддон операцийы райдианæй мах сафæм не ’хсæнады хуыздæр минæвæртты.

Джуссойты бинонтыл стыр зиан æрцыд. Ирыстоны адæм хъынцъым кæнынц. Альберт уыд æхсарджын, хъæбатыр хæстон, кæцы йæ нацийы нæ фегад кодта. Уый йæ хæстон хæс æххæст кодта, нæ лæппутимæ тох кодта нацизмы ныхмæ. Фæлæ хæстæн йæхи закъæттæ ис. Хъайтар хæстон, æцæг афицерæн йæ цард ахицæн знаджы нæмыгæй», — загъта республикæйы æхсæнады минæвар Къадзты Филипп фыдохы митинг гом кæнгæйæ.

Фæмардуæвæджы бинонтæ æмæ æввахс хиуæттæн мæсæллæй загъта Президент дæр.

«Æз рагæй зонгæ дæн Джуссойты бинонтимæ. Фæлæ хъæугæ ныхæстæ ссарын зын у, уымæн æмæ æввахс адæймаджы фесафыны рыст цыфæнды ныхæстæ дæр нæ фæнымæг кæндзысты.

Ирæттæ фыццаг рæнхъыты слæууыдысты уæрæсейаг æфсымæртимæ. Æхсардзинад æвдисгæйæ, лæппутæ тох кæнынц нæ иумæйаг Райгуырæн зæххы сæрыл. Фæлæ, хъыгагæн, фашизм никæмæн тæригъæд кæны, уый та нæ хъайтартæй иуæн ахицæн кодта йæ цард», — загъта уый.

Мæсæллæйы ныхæстæ Джуссойты Альберты бинонтæ æмæ æввахс хиуæттæн загъта РХИ-йы УФ-йы Уæлвæткон æмæ Æххæстбарджын минæвар Марат Кулахметов.

«Абон мах фæстаг хæрзбон дзурæм æцæг хæстонæн. Уый ницæмæй тарст, мæлæты цæстытæм каст æмæ фæмард куыд хъайтар. Цалынмæ Альберты хуызæттæ ис, уæдмæ цæрдзæн Хуссар Ирыстон дæр. Хатыр, кæй дæ нæ бахъахъхъæдтам», — загъта уый.

Республикæ Хуссар Ирыстоны Президенты Барамындæй Джуссойты Альберт хорзæхджын æрцыд «Фыдыбæстæ хъахъхъæнæджы» майданæй (йæ амæлæты фæстæ).

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.