Æрвылбон дæр нæ адæмы фылдæр хайæн сæ куыст æмæ архайд фæндагимæ баст у, уый фæрцы фæраст вæййынц сæ куыстмæ. Æмæ сын куыд æхсызгон вæййы, æвæлмæцгæйæ банысангонд рæстæгмæ куы сæмбæлынц сæ бынатыл. Шофыртæ æмæ бæлццæтты æнцойадæн сæ æдзухон фыдæбон у «Дорэкспострой»-ы коллективæн, уыцы нымæцы, афæдзы алы афоны дæр цæсгомджынæй чи кусынц, уыцы хицæн къордты кусджытæн дæр. Сæ иутæ сты, прораб Лолаты Захар кæмæн разамынд кæны, уыдон. Уыдонæн сæ бæрны ис фæндаг Дзауы районы Гуфтайы Автоинспекцийы бынатæй суанг Уæллаг Хъемултайы хъæуы цурмæ, кæцыйæн йæ дæргъ у 14 километры.

Лолайы фырт загъта, зæгъгæ, амæйразмæ мит дзæвгар æруарыд, уæлдайдæр та ацы хæххон бынаты. Автотранспорт цæмæй æнæкъуылымпыйæ цыдаид йæ фæндагыл, зындзинæдтæ ма æвзæрстаид, уый тыххæй æдзухдæр уыдысты сæ куысты уæлхъус æмæ мит сыгъдæг кодтой. Зæгъын хъæуы, хæххон бынæтты уæлвонг ранæй фæндагмæ кæй æрцæуы сыджыты лæсæн, стæй дуртæ дæр. Цæмæй уыдон дæр ныхдур ма уой бæлццæттæн, уый тыххæй дæр цæрдæг фæлæууынц фæндагыл кусджытæ. Сæ куыстмæ иузæрдион ахаст чи дары, ахæм цæсгомджын кусджытæ сты прораб Лолайы-фырты бригадæйы уæнгтæ Чугуты Æхсар, Гæбæраты Джемал, Тедеты Альберт, Букуылты Георги æмæ Тыджыты Альберт.

                                                             ХУЫБИАТЫ Никъала

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.