Президент Бибылты Анатолийы сæрдариуæгадæй ауагъдæуыд Хицауады радон рабадт. Боны фæткы уыд ахæм фарстатæ, кæцытæ хауынц бюджетон фадыджы кусджыты æмæ паддзахадон службæгæнджыты куыстмыздтæ фæфылдæр кæнынмæ.

Президент куыд загъта, афтæмæй фыццаг рады сæ куыстмыздтæ фæфылдæр уыдзысты бюджетон фадыджы  кусджытæн: ахуырады, æнæниздзинад хъахъхъæнын æмæ социалон рæзты, культурæ æмæ хъæууон хæдзарады кусджытæн. Афтæ ма уæлæмхас разæнгард-гæнæн уæлбафыстытæ фидар æрцæудзысты физикон культурæ æмæ спорты кусджытæн, Информаци æмæ мыхуыры паддзахадон ко-митеты кусджытæн, Тыбылты Алыксандры но-мыл Хуссар Ирыстоны паддзахадон университеты хицæн категориты кусджытæн æмæ афтæ дарддæр.

«Бюджетон фадыджы аст мин кусæджы бæрц райсдзысты фæфылдæргонд мыздтæ  июлы мæйы, 2021-æм азы 1 январæй ма сын райсинаг цы баззад, уый дæр æм бафтаугæйæ. Мыздтæ фæфылдæр уыдзысты, иууыл къад-дæр хъахъхъæд чи цæуы, уыцы цæрджыты категорийæн», – загъта Президент.

Ивгъуыд къуыри Хуссар Ирыстоны Хицауады Сæрдар Бекъойты Геннади æмæ Уæрæсейы Федерацийы Куысты æмæ социалон хъахъ-хъæнынады министр Антон Котяков, сæ къух-тæ цы Сразыдзинадыл æрфыстой, уый бахын-цгæйæ, куыстмыздтæ фæфылдæр уыдзысты паддзахадон службæйы кусджытæн дæр.

«Ныр та хъуыддаг министрадтæ æмæ ведомствоты къухдариуæггæнджытæй аразгæ у, сымах оперативон куыстæй, Финансты ми-нистрадмæ цас тагъддæр бадæтдзыстут æмбæлон документтæ, ууыл баст у, 2021-æм азы 1 январæй ма сын райсинаг цы баззад, уый дæр æм бафтаугæйæ, фæфылдæргонд мыздтæ кæд райсдзысты паддзахадон службæйы кусджытæ», – загъта Бибылты Анатоли.

Уый сын бахæс кодта, цæмæй цыбыр рæстæгмæ саразой техникон характеры æппæт документтæ дæр æмæ сæ бадæттой Финансты министрадмæ, Хицауады сæргълæууæгæн та бахæс кодта æрвылбонон форматы уыцы процессыл контроль кæнын.

Финансты министр Хæбæлаты Азæ куыд банысан кодта, афтæмæй цалынмæ Сразы-дзинадыл къухтæ не ‘рфыстæуыд, уæдмæ бюджетон фадыджы кусджытæ кæд мызд истой Цæгат Кавказы федералон зылды 2016 азы куыстмыздты бæрц, уæд ныр та куыстмыздтæ фæфылдæр уыдзысты Цæгат Кавказы федералон зылды 2021 азы куыстмыздты æмвæзады онг. Бюджетон фадыджы кусджыты куыстмыздтæ кæй фæфылдæр уыдзысты, уый бахынцгæйæ бюджет фæфыдæр уыдзæн 474 милуан сомы.

Рабадты хайадисджытæ æмхъæлæсæй райстой проектты пакет  Хицауады 11 уынаффæимæ, кæцы фидар кæны алы фадыджы дæр куыстмыздты конкретон гуырахст.

Уымæй дарддæр, Президент банысан кодта, зæгъгæ, раздæр фæнд цыд куыстмыздты этапгай фæфылдæр кæнын.

«Раздæр фæнд цыд куыстмыздты 2022 азмæ этапгай фылдæр кæнын. Уымæй дæр куыстмызды æмвæзад хъуамæ схызтаид  Цæгат Кавказы Федералон зылды 2020 азы æмвæзадмæ. Фæлæ Уæрæсейы Федерацийы Президент Владимир Владимиры фыртимæ фæстаг фембæлды фæстæ, цыран мах уынаффæ кодтам ацы фарстыл, скъуыддзаг æрцыд куыстмыздты Цæгат Кавказы Федералон зыл-ды 2021 азы æмвæзадмæ схизын кæнын. Æз æгæрон бузныг дæн Уæрæсейы Федерацийы  къухдариуæгадæй, ахæм серьезон уынаффæ кæй райста, уый тыххæй», – загъта Бибылты Анатоли.

Президент хъусдард аздæхта, æмбæстагон службæйы кусджытæн дыгай бынæтты кусæн кæй нæй, уымæ.

«Кæд раздæр сæ уавæры цыдыстæм, нæ цæстытæ æхгæдтам, чысыл мыздтæ чи иста, уыдон дыгай бынæтты кæй куыстой, уый тых-хæй, уæд ныр та  афтæ гæнæн нал уыдзæн. Æз сидын, дыгай бынæтты чи кусы, уыдонмæ, цæ-мæй тагъддæр аскъуыддзаг кæной æмæ сæ-хицæн равзарой иу сæйраг куыст», – загъта уый.

Министрты кабинет дæр æркаст æмæ хъæлæс радта паддзахадон уагдæтты, номхуын-дæй та Хуссар Ирыстоны паддзахадон заповедникы, хъæды хæдзарады æмæ Централон паддзахадон архивы иуæй-иу кусджыты окладтæм разæнгардгæнæн уæлбафыстытæ сфидар кæныны фарстаты пайдайæн.

Рабадты ма хорзыл нымад æрцыд фарст Республикæ Хуссар Ирыстоны Паддзахадон бюджеты хыгъдæй Хуссар Ирыстоны паддзахадон университеты боны хайады студентты паддзахадон академион стипенди 30 проценты фæфылдæр кæныны тыххæй.

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.